20 июны Хуссар Ирыстоны æхсæнад банысан кодта, Гуырдзыстон ирон адæмæн кæй сарæзта, уыцы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты бон. Геноциды амæттаг цы 13 хъæбатыр коммунары баисты, уыдоны иумæйаг цырты размæ Згъудеры къуылдымыл æрæмбырд сты не ‘мбæстæгтæ – Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ, хицауады бæрнон кусджытæ, депутаттæ, тыхон структурæты минæвæрттæ. Низ апарахат кæнынæн фадæттæ ма радтыны тыххæй æхсæнадон нысаниуæгджын мадзæлттæ фæкъуындæггонд уавæрты уагъд кæй цæуынц, уый хынцгæйæ, ацы бынаты уагъд не ‘рцыд митинг. Фæлæ мадзалмæ уæддæр бирæ адæм æрбацыд зæрдæйы сидтмæ гæсгæ, нæ геноциды фарст æнцой кæмæн нæ дæтты, куыдфæндыйы цæстæй йæм чи нæ кæсы æмæ сæдæ азы фæстæ Гуырдзыстоны архайдтытыл чи тæрхон кæны, нæ уыцы æмбæстæгтæ. Уыдон геноциды амæттæгты номыл дидинджытæ сæвæрдтой 13 коммунары цырты раз.

Ирыстоны истори нæ «хорз» сыхæгты æнæуынон ахаст æмæ фыдзонды руаджы йемыдзаг у ахæм цаутæй. Ирон адæмы ныхмæ геноциды факт банымайыны тыххæй нын сæ хъуыдытæ загътой:

Пухаты Эрик – Хицауады Сæрдар:

– Фыццаджыдæр уый, æмæ бæстæйы сæргълæууæджы уы-наффæ уыд раст – ацы аз ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы кæй сæххæст, уый тыххæй афæдзы дæргъы уагъд кæй цыдысты æмæ цæудзысты геноцидыл дзурæг мадзæлттæ. Цы мадзæлттæ бацæттæ кодтам, уыдон ныры уавæртæм гæсгæ се ‘ппæт уагъд не ‘рцыдысты, фæлæ уæддæр июны 20 бон у геноциды амæттæгты мысæн бон æмæ дунейæн хъуамæ фенын кæнæм уыцы трагедийы æбуалгъ фæстиуджытæ.

Ацы азы дæргъы цы мадзæлттæ ауадзын план кодтам, уыдон, уавæр куыд бæстон кæна, афтæ уагъд цæудзысты. Нæ хæс у, цæмæй æппæт дунейæн фехъусын кæнæм, ацы хъуыддагæн ферохгæнæн кæй нæй, æмæ йæ хъуамæ зоной, Ирыстонæн йæ истори 2008 азмæ трагикон цаутæй йемыдзаг кæй у 1920 аз, не ‘взаг нын куы фæивтой, уый фæстæ репресситæ, нæ интеллигенцийы хуыздæр минæвæртты нын куыд куынæг кодтой æмæ афтæ дарддæр.

Стыр Уæрæсейы руаджы уыцы тухæнтæй фервæзтыстæм æмæ ныр лæууæм рæзт æмæ æндидзынады фæндагыл, фæлæ уæддæр цы ‘рцыд, уымæн рохгæнæн нæй.

 Ацы мадзалы хайад чи райста, уыдонæй æз сæрыстыр дæн, уы-мæн æмæ нæ адæм кад кæнынц, рагæй фæстæмæ дæр Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыдоны æнусон нæмттæн.

Джиоты Мурат – Фæсконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын:

– Геноцид банымайыны фарст вазыгджын фарст у, хъæуы йыл бирæ кусын. Сомихаг адæмы геноцид банымайынимæ йæ куы абарæм, уæд уый раздæр уыд, стæй уыдон дунейы алы къуымты сты парахат æмæ активон куыст бакодтой. Бирæ тыхтæ æмæ бирæ хъаруты руаджы дунеон æмæхсæнад, хицæн бæстæтæ банымадтой сомихæгты геноцид. Ныр ахæм куыст мах дæр хъуамæ бакæнæм.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æппæт рацæугæ азты Хуссар Ирыстоны адæм кæй хъуыды кæнынц, гуырдзиаг варвартæ цы сарæзтой нæ адæмæн 1920 азы. Абон мах арæм, уыцы геноциды рæстæджы чи фæмард, фыдудæй цы зæрæдты, сылгоймæгты амардтой, цард дæр чи нæма банкъардта, уыцы сывæллæтты рухс нæмттæ. Уымæ гæсгæ нæ хъæуы кусын æмæ архайын.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты ми-нистрад стыр куыст бакодта, баха-тыд дунейы алы бæстæты хи-цауадтæм, геноцид банымайыны фарсты тыххæй. Бæстæйы Парла-мент сарæзта сидтытæ дунейы алы бæстæты парламенттæм, цæ-мæй нын банымайой нæ адæмы геноцид. Уый уаид рæстдзинады акт, уымæн æмæ адæймагады ныхмæ цыфæнды фыдракæнд-дзинад саразынæн дæр йæ рæс-тæг нæ аивгъуыдта æмæ æнæ æфхæрдæй мачи хъуамæ баззайа ныры æмæ фидæны сæрвæлтау, æмæ уыцы геноциды рæстæджы æфхæрд чи баййæфта, уыдоны рухс номы цытæн.

Ацы азы дæргъы уагъд цæудзысты мысæн мадзæлттæ дард-дæр, уыцы куыст у ахсджиаг æмæ бæрнон æмæ æрмæст 1920 азы цауты мысынæн нæ, фæлæ нæ абоны æмæ фидæны фæлтæрты сæрвæлтау. Гуырдзиаг варвартæ 1991-1992, 2004 æмæ 2008 азты цы сарæзтой, уыдон цæмæй фæлхатт мауал æрцæуой, уый тыххæй.

Æхсæнадон организацитæ, æнæхицауадон организациты потенциалæй спайда кæныны хъуыддаг реалон у, æрмæст сæ хъæуы раст спайда кæнын. Спай-да кæнын хъæуы дунейы алы бæстæты ирон диаспорæтæй æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, адæймагады зонд æмæ хъуыдымæ хъæуы хæццæ кæнын информаци официалон каналты руаджы. Уымæн æмæ æрæджыйы онг ацы хъуыддагыл фаг куыст нæ цыд нæ республикæйæ дарддæр.

Дриаты Заза – Парламентон комитеты сæрдар:

– Ирон адæмы ныхмæ геноциды фарсты фæдыл Хуссар Ирыстоны Парламент сæрмагонд фыстæджытæ-сидтытæ арвыста УФ-йы Федерацийы Совет æмæ Паддзахадон Думæмæ. Геноциды мысæн бон, раст ацы бон та сидтытæ æрвыст æрцæудзæн дунейы æппæт парламентаритæм. Архайæм ууыл, цæмæй дунеон æмæхсæнад зоной æмæ æмбæлон аргъ скæной ирон адæмы ныхмæ геноциды фактæн.

Æз фæндон хæссын, цæмæй æхсæнадон бынæтты, культурон æмæ æндæр бынæтты цæстуынгæ æрмæгæй æвдисæм нæ адæмы ныхмæ геноциды факттæ. Уымæн æмæ уый нæ æнусон риссаг фарст у – бирæ адæм бабын сты уæды рæстæджы уазал æмæ стонгæй, бирæтæ та хæхты сæрты гуырдзиаг лæгсырдтæй лидзгæйæ зæйласт фесты.

Плиты Мæдинæ – Хæстон архайдтыты фæстиуæ-гæн сахъатджынты фонды сæрдар:

– Гуырдзыстон Уæрæсеимæ куы иу кодта, ирон адæмы геноцид уæдæй нырмæ райдыдта. Æз хорз хъуыды кæнын мæ æнайы ныхæстæ – хæхты сæрты куы лыгъдысты, уæд æнахъом сывæллæтты баауон кодтой къæдзæхы рæбын. Зымæгон рæстæг уыд, æмæ митуард æрæхгæдта къахвæндаг æмæ нал ардтой, лигъдæттæ кæцырдæм цыдысты, уый…

Уыцы ныхæстæ хъусгæйæ-иу æз дисы бахаудтæн – иумæ куы цæрæм, уæд афтæ цæмæн фыдаудæн кодтой ирон адæмыл. Уый фæстæ та нын не ‘взаг баивынмæ æрхъавыдысты, дарддæр та нæм сабырадон митинг уадзынмæ æрбацыдысты… Уыцы хъуыддаг нын ноджы нæ зæрдыл æрлæууын кодта нæ фыдæлты хъизæ-мæрттæ. Сæ туджы та ногæй сцырын æнæуынон æмæ агрессивон архайд ирон адæмы ныхмæ.

Геноциды факттыл ныр гуырысхогæнæн нал ис – уæ-ды гуырдзиаг меньшевиктæ цыдысты æмæ цагътой ирон хъæуты цæрджыты нæ ауæрстой нæдæр зæрондыл, нæдæр сабийыл.

Фæлæ рæстдзинад ис дунейы, чысыл адæм стæм, фæлæ нæ аирвæзын кодта скуынæг кæнынæй. Кæсдæр фæлтæры мах хъуамæ зонгæ кæнæм уыцы хъуыддæгтимæ, цыртытæм цæуæм, кад кæнæм алы рæстæджы фæмардуæвæг хъайтартæн дæр, дзурæм сын нæ уды рыст. Абон дæр уыцы хъуыддаджы тыххæй æрæмбырд стæм, цæмæй фенын кæнæм æмзонд, æмхъуыдыйæ кæй æвдисæм нæ уды рыст, сæдæ азы размæ уæззау рæстæджытæ цы ирон адæмыл ныккодта, уый.

Геноциды факт ныббаринаг нæу, цалынмæ Гуырдзыстон геноциды фактыл басæтта, уæдмæ. Сæдæ азы тынг бирæ рæстæг у, цæмæй ахъуыды кæной æмæ йæ мауал сфæлхатт кæной, æмæ сæ рæдыдыл басæттой. Ирон адæм никæмæ бырсынц, никæй дæлдзиныг кæнынц, фæлæ нæм чи бырса, уымæй та нæхи æмæ нæ бæстæ хъуамæ хъахъхъæнæм.

2008 азы хæстон агрессийы рæстæджы сын сæ мæрдтæ чырынты нывæрдтам. Уый фæсарæйнаг журналисттæ куы федтой, уæд дис кодтой, зæгъгæ, цæй гуманон адæм стут, ахæм ма дзы никуы федтам.

Æмæ æцæгæй раст уыдысты – йæ рæстæджы гуырдзиаг фыдгæнджытæ 13 коммунарæн ингæн скъа-хын кодтой æмæ сæ уым баныгæдтой, Ереды хъæуы 12 бæлццоны удæгасæй баныгæдтой, Зары фæндагыл са-бырцæрæг лигъдæтты сухты цагъд ныккодтой… æмæ чи фæнымайдзæн сæ сырдон фыдмиты ирон адæмы ныхмæ.

Алыгъуызон мадзæлттæ

Геноциды амæттæгты мысæн бон республикæйы территорийыл Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ æруагътой паддзахадон тырысатæ. Бæстæйы аргъуанты геноциды амæттæгты рухс нæмттæ арыны цытæн уагъд æрцыд сæрмагонд куывдтытæ, горæт æмæ районты арвмæ суагътой сау дымсæгтæ «Рухсаг ут» фыстытимæ. Боны 12 сахатыл та расидт æрцыд иумиаг национ æмырæй алæууыны минут, уымæй мах ноджыдæр мысыдыстæм сæдæ азы дæргъы гуырдзиаг мæлæтхæссæг нæмыгæй фæмардуæвæг æнæаххос æдзард æмбæстæгты.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.