УФ-йы Президент Владимир Путины 70-азы юбилейон райгуырæн боны цытæн ацы аз сентябры мæйы РЦИ-Аланийы Альпинизмы федераци «Снежный барс»-ы минæвæрттæ Хæмыцаты Хъазбег æмæ Бæззаты Игоры сæргълæудæй басастой Сæйраг Кавказы хохы бæрзæнд, кæцы ис 4150 метры бæрзæндæн. Хохы бæрзæндмæ схизыны идея альпинисттæм фæзынд 10 азы размæ Владимир Путины 60-азы юбилеймæ. Фæлæ сæ фæнд сæххæст æрмæстдæр ацы аз. Штурмгæнæн къорд бахаста фæндон, цæмæй бæрзæндæн лæвæрд æрцæуа «Пик Путина»-йы ном, географион нæмтты тыххæй УФ-йы закъоны бындурыл.

«Мах ацы хохы цъуппмæ схызтыстæм нæ Сæйраг Командæгæнæг Владимир Путины фарсхæцынады тыххæй. Ныртæккæйы бæрнон рæстæджы махæн уæлдай ахсджиагдæр у æнгомдзинад æмæ патриотизм бахъахъхъæнын», – радзырдта РЦИ-Аланийы Альпинизмы федераци «Снежный барс»-ы президент Хæмыцаты Хъазбег.

Бæрзæндмæ схизыны хъæппæрисы æвварс рахæцыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, афтæ ма УФ-йы спорты министр О.Матыцин. Штурмгæнæг къорды сконды уыдысты Хæмыцаты Хъазбег, Бæззаты Игорь, Хъесаты Алан, Хъесаты Альберт æмæ Бязырты Валери.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.