ÆВЗÆРСТЫТÆМ – ЦÆТТÆЙÆ

Политикон парти “Иугонд Уæрæсе”-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады политсоветы уæнгтæ сбæлвырд кодтой партион куысты æууæлтæ.

9 сентябры, хъæлæсдæттыны иумæйаг бон, Цæгат Ирыстоны ацæудзысты хъæуты сæргълæуджыты æмæ муниципалон иугæндты минæварадон органты депутатты æвзæрстыты фæдыл 18 æвзарæн кампанийы. Республикæйы цæрджыты хæс уыдзæн Æрæфы районы, Елхоты, Ираныхъæуы, Зæрæмæджы, Кæрдзыны æмæ æндæр хъæуты сæргълæуджыты равзарын.

3  июны развæлгъау лæвæрдтой хъæлæс. Политикон советы æмбырды архайджыты уынаффæмæ гæсгæ, æвзæрстыты архайыны бар ис канд партийы уæнгтæн нæ, фæлæ æнæпартионтæн дæр.

Рагагъоммæ хъæлæсдæттыны рæстæджы æвзарджытæн сæ бон уыд уыцы иу-рæстæджы цалдæр кандидаты равзарын. Ныр фылдæр хъæлæстæ чи райста, уыдон архайдзысты сентябры æвзæрстыты.

Политсовет рагагъоммæ хъæлæс кæнынынад саразыны фæдыл организацион комитеты уæнгты номхыгъд сфидар кодта. Номхыгъдмæ хаст фараст адæймаджы сты политсоветы, æхсæнадон организациты æмæ партийы фарсхæцджыты советы уæнгтæ.

ЙÆ НЫХАСÆН – ХИЦАУ

Ирон таурæгътæм гæсгæ, дыууæ æфсымæры, Куырта æмæ Тæга сты дыууæ стыр æхсæнадон къорды фыдæлтыл нымад – Куыртатæгтæ æмæ Тæгиатæгты. Уымæ гæсгæ сæ мæсыг у ахсджиаг историон цыртдзæвæн.

2012 азы мæскуыйаг архитектор æмæ реставратор Владимир Кузьмин мæсыг куы федта, уæдæй банымадта кæлæдздзагыл. Уый та нысан кæны хæстæг цæуын æм тæссаг кæй у æмæ йæ сисын кæй хъæуы. Æмæ – æцæгдæр, мæсыг арф фæстытæ ныццис, йæ иу фарс ныккалд, иннæ рæтты дæр къултæ æрлæбыр-дысты. Ахæм уавæры йæм туристтæ хæстæг нал цыдысты.

Йæ удыбæстæйы тыххæй ацы историон объект реставраци скæныны хæс йæхимæ райста Норильскы цæрæг, нæ зындгонд æмзæххон, меценат Гуыриаты Владимир æмæ йæ арæзтадон компани “Хорс”-ы æххуысæй ахæм тæссаг уавæрты сног кодта. Нырма сыгъдæг цæуы йæ алыварс æмæ ацы бонты объект лæвæрд æрцæудзæн аив, ногарæзтæй культурæйы министрадмæ.

Гуыриаты Владимир æрмæст ацы мæсыг нæ райста йæхимæ, фæлæ культурæ æмæ историйы цыртдзæвæнты иу хай, цæмæй сæ æмбæлон уагмæ æркæна. Ныр амынд мæсыгы фæстæ бавналдзæн иннæтæм. Фæлæ, хъыгагæн, се ‘ппæтыл аххæссын зын у, республикæйы бюджеты та уыдоны фаг фæрæзтæ нæй. Уый тыххæй æрæджы республикæйы Парламент цы ног закъон сфидар кодта, уымæ гæсгæ объектты иу хай лæвæрд æрцæудзæн хицæн адæймæгты къухмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.