Дæс азы рацыд Гуырдзыстон Ирыстоны Хуссар хай скуынæг кæнынмæ куы рхъавыд, уыцы бонтæй. Растдæр цыма знон уыдис, афтæ йæ цæрæнбонтæм бахъуыды кæндзысты, уыцы тугуарæн бонтæ йæхи цæстæй чи федта, уыдон се ‘ппæт дæр. Уыцы бонтæ уæлдай тынгдæр адæймаджы зæрдыл æрлæууынц августы мæйы. Хæст рамбылдтам, фæлæ цы аргъæй? Ирыстоны сæрибардзинады сæрвæлтау сæ удтæ нывондæн æрхайстой бирæ лæппутæ æмæ чызжытæ, кæцыты рис цæрæнбонтæм хъæдгомæй баззад сæ ныййарджыты æмæ æввахс адæмы зæрдæты.

Августы хæст йæ фæд ныууагъта Ленингоры районы Орчъосаны хъæуыл дæр. Æз уыцы рæстæджы уыдтæн Тыбылты Алыксандры номыл Паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты 3-аг курсы студенткæ. Улæфт бонтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ мæ рæстæг æрвыстон мæ райгуырæн хъæу Орчъосаны мæ ныййарджытимæ. Уыцы азты нæ хъæуы уæвынад кодта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады 9-æм батальон. Уыдон сæ хъус лæмбынæг дардтой сæвзæргæ æндыгъд уавæрмæ. Министрады раздæры кусæг (йæ ном æй нæ бафæндыд зæгъын) æрымысыд уыцы уæззау бонты цалдæр цауы.

-Гуырдзыстоны территори нæ хъæумæ хæрзæввахс кæй у, уымæ гæсгæ нæм иттæг хорз хъуыстысты 7-æм августы æхсæвы Гуырдзыстоны танкты уынæр, кæцытæ сæ ных сарæзтой Цхинвалы ‘рдæм. Афтæ хорз сæ уыдтам æмæ сæ, æгæрыстæмæй, нымайгæ дæр кодтам. Цы бамбарын ма мын æй хъуыдис ирæтты цæгъдынмæ кæй æрхъавыдысты уый æмæ æвæстиатæй хъæуы цæрджыты бафæдзæхстам, цæмæй сæ сæртæ бафснайтаиккой.

Цæрджытæ сæ ис, сæ хæдзæрттæ ныууадзгæйæ, лыгъдысты хъæдмæ, сæ удтæ аирвæзын кæныны тыххæй. Æгæрыстæмæй дзы иу æвзонг мад йæ сывæллоны æд авдæн дæр ахаста.  Мæхæдæг нæ акуымдтон, кæд мæ тыххæй æрвыстой лигъдæттимæ, уæддæр, цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст æмæ нын ницы фыд ракодтаиккой. Фæлæ йæ цæмæй зыдтон цы нæм æнхъæлмæ каст. Мæхи цæстæй федтон уыцы æртæ боны хабæрттæ. 8-æм августы райсомæй раджы хъæумæ æввахс гæрзифтонгæй лæууыдысты 6 хæстон машинæйы. Уыдонæй дыууæ уыдысты градтæ, кæцытæй иу ифтыгъдæй лæууыд нæ хъæуы ныхмæ, иннæ та здæхт уыд сыхаг ирон хъæу Абреуы æрдæм. Чысыл фæстæдæр та 16 автобусыл æрбаластой сæдæйæ фылдæр гуырдзиаг æфсæддоны, кæцытæ чысыл рæстæгмæ æрхъула кодтой уымы ирон хъæутыл.

– Нæ батальонæй иу лæппуимæ иумæ 8-æм августы райсомæй раджы сфæнд кодтам хъæуы кæронмæ ныццæуын, зæгъгæ бабæрæг кæнæм уавæр. Фæлæ мах цæмæй зыдтам Гуырдзыстоны æфсад хъæуы кæй уыдысты, уый. Мах дарддæр федтам æфсады разæй ирон лæппу кæй цыдис урс спортивон дарæсы, кæцы уыцы ирон хъæуты зыдта йæ фондз æнгуылдзау æмæ сын дзырдта кæм цы ис, уыдæттæ. Куыддæр нæ ауыдтой, афтæ нæ æнæвгъау автоматтæй æхсын райдыдтой. Фæлæ, бузныг Хуыцауæн, сæрæгасæй баззадыстæм. Хъæуы кæрон иу къутæры бын æрымбæхстыстæм, цыран фестæм æртæ боны дæргъы. Фезмæлæны фадат  дæр  нын нæ уыд, уымæн æмæ нæм хæрзæввахс лæууыдысты гуырдзиаг æфсады иу къорд. Ме ‘мбал мын бæргæ дзырдта, цæмæй сæ фехстаиккам, фæлæ нын бардзырд кæй уыд, уымæ гæсгæ нын нæ уыд уый бар. Æнæуый дæр нæм æдæппæтæй 30 нæмыджы йеддæмæ нæ уыд æмæ уыдонæй та ницы нæ бон бауыдаит бирæнымæц æфсады ныхмæ. Мах æртæ боны дæргъы ницы бæрæг зыдтам нæдæр нæ бинонтæй, нæдæр хъæуы цæрджытæй. Хæрзæввахс нæм кæй лæууыдысты, уымæ гæсгæ сын хорз хъуыстам сæ ныхас. Уыдон уайтагъд бынатмæ фехъусын кодтой ирон хъæутæ се ‘ппæт дæр сæ къухы кæй сты, уый тыххæй.

Æмæ, æцæгæйдæр, уыцы изæр бынæттон гуырдзиаг каналæй уæды президент Михаил Саакашвили мидбылхудгæйæ дзырдта, зæгъгæ, уал, дам, «Цинагарис райони чвениа» («Цъинагары район уал нæхи у») æмæ, зæгъгæ, Цхинвал дæр тагъд бацахсдзыстæм.

Хъæуы цæрджытæй ма бынаты цы иугай адæймæгтæ баззад, уыдон æмбæхстысты сæ хæдзæртты ныккæндты. Уыдонæй мын иу сылгоймаг куыд радзырдта, афтæмæй уый уыцы æртæ бон уыдис хæдзары.

– Кæд тынг тарстæн, уæддæр мæ бинонты тыххæй никуыдæм ацыдтæн. Хъæуы астæу кæй цæрын, уымæ гæсгæ мæн дæр абæрæг кодтой. Тызмæгæй æмæ гуыппытæ кæнгæйæ къуымты зылдысты æмæ мæ фарстой, зæгъгæ, уæ лæппутæ кæм æмбæхст сты. Агуырдтой хæцæнгарз дæр. Къулыл мын уæды президент Кокойты Эдуарды ныв уыд æмæ йæ куы ауыдтой, уæд мæм сæ ахаст фæтызмæгдæр кодтой, зæгъгæ, ацы нывы бæсты дзы Саакашвилийы ныв бакæн. Рафтыдтой æмæ йæ лыстæг хуынчъытæ ныккодтой, уый фæстæ йæ æмбондыл бакодтой æмæ йыл худтысты.

Æмæ æцæгæй дæр, зылдысты хæдзæрттыл æмæ змæстой, тызмæгæй дзырдтой сæ бон хъæдмæ алидзын кæмæн нæ бацис, ахæм кардзыд адæймæгтæм. Æхсæвыгæтты тынг æхстой, хъæдмæ цы адæм фæлыгъдысты, уыдоны. Æмæ бæрæг нæу, æртæ бонæй фылдæр уым куы баззадаиккой, уæд та нын цытæ бакодтаиккой. 10-æм августы изæры мæ мадимæ ныккæнды бадгæйæ, иу ахæмы тынг уынæр æмæ хъæртæ нæ хъустыл ауад, бæрæг уыд чидæртæ хъæуæй кæй лыгъдысты. Мах фыццаг афтæ бамбæрстам хъæуы адæмы цæгъдын райдыдтой, фæлæ нæм фæстæдæр хъæуы цæрджытæй чидæр цингæнгæйæ фæхабар кодта, зæгъгæ, нæ «фыдбоны уазджытæ алыгъдысты, Уæрæсейы æфсадæй, дам, фæтарстысты». Нæ цинæн ма кæрон кæм уыдис.

11-æм августы сылгоймæгты æмæ сывæллæтты арвыстой Цæгат Ирыстонмæ. Цыма сын фæстаг фембæлд уыд, уыйау хæрзбон кодтой сæ хъæуы ма цы адæм баззад уыдонæн, зæгъгæ уæм нæ зæрдæтæ тынг æхсайдзысты. Фæлæ куы рацыдыстæм, афтæ нын чысыл рæстæджы фæстæ фехъусын кодтой, зæгъгæ нæм, уæ хæдфæстæ Гурыл ссыдысты Уæрæсейы танктæ.

Мысинæгтæ дардыл сты, рæстæг дæр бирæ рацыд, фæлæ уыцы бонтæн ферохгæнæн нæй. Цæрджытæ куыд фæдзурынц, уымæ гæсгæ абоны онг дæр зæхх кусыны рæстæджы ссарынц дæс азы размæйы гуырдзиаг æхсæнгæрзты нæмгуытæ.

Абон Стыр Уæрæсейы фæрцы Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджытæ цæрынц æдас цардæй. Арæзт сæм æрцыд Арæнхъахъхъæнæг заставæтæ.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.