ПРОТЕСТОН АКЦИТÆ – ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ

Ивгъуыд къуыри Республикæйы ацыд æртæ митингы. Фыццагдæр митингмæ рацыдысты, æдасæй сæ кусæн кæй нæу, уый тыххæй цы фæлхасадон центртæ сæхгæдтой, уыдоны разамынд æмæ кусджытæ. Уæлдайдæр стыр базар “Глобус”-ы кусджытæ. Уым кусын тынг тæссаг кæй у, зынгсирвæзты ныхмæ дзы кæй ницы мадзæлттæ арæзт ис, уый тыххæй æхгæд æрцыд дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ, йæ хъуыддаг та лæвæрд æрцыд Ленины районы тæрхондонмæ.

Хабарæн развæлгъау кæй ничи ницы зыдта, уымæ гæсгæ, цы бирæ товар фæластой базаргæнджытæ, уый сæфы. Адæм домынц республикæ æмæ базары разамындæй, цæмæй сын, цы фæзиан кодтой, уымæн компенсаци бафидой. Фæлæ Битарты Вячеслав куыд бафæ-дзæхста, афтæмæй кæй сæхгæдтой, уыдонæй иуы дуар дæр нæ байгом уыдзæн, цалынмæ сæ æмбæлгæ уагмæ æркæной, уæдмæ.

Ныртæккæ æхгæд фæлхасадон центрты, уыимæ “Глобус”-ы дæр цæуынц реконструкцион куыстытæ. Уыдонæй уал дыууæ боны размæ байгом “Арктика”.

Уыцы бон ма Дзæуджыхъæуы Мичурины уынджы коммунистты хъæппæрисæй арæзт æрцыд æндæр митинг. Уырдæм æрбацыдысты цæр-джытæ, партиты, æхсæнады æмæ фæсивæды минæвæрттæ. Митингы архайджыты домæнтæ цалдæр уыдысты: раздæрау республикæйы сæргълæууæг æвзарын адæмы бæр-ны бакæнын хъæлæскæныны уагмæ гæсгæ, раздæры колхозты зæххытæ адæмæн раздахын, завод “Электроцинк” сæхгæнын, медицинон кусджыты мыздыл бафтауын, кæцыдæр куыстуæтты мызды хæстæ бафидын æмæ æндæртæ. Митингы активисттæ æппæт фарстаты фæдыл Уæрæсейы Президент Владимир Путинмæ бацæттæ кодтой æмæ арвыстой сидт.

Уымæн йæ дыккаг бон ноджы стырдæр митинг арæзт æрцыд Беслæны администрацийы раз. Йæ нысан уыд, Дзæуджыхъæуæй Беслæны ‘хсæн цы кремни уадзæн завод аразынмæ хъавынц, уый ма бауадзын. Æнæхъæн афæдз, цалынмæ заводæн æмбæлгæ документаци æмæ алыхуызон экспертизæтæ рæвдз кæнынц, уæдмæ цæрджытæ сæ хъаст фæхастой алы рæттæм, куырдтой æххуыс газетты фæрстыл, телеуынынадæй, фæлæ нырмæ хъуыддаг æвзæрст нæма æрцыд.

Рахисфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан рахызт адæммæ æмæ сын фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъуыды: адæмы куынæ фæнда, уæд амынд бынаты ницы завод æрцæудзæн арæзт. Проекты автортæ æмæ специалисттæ хъуамæ сбæрæг кæной заводы продукцийы æдас-дзинад, адæмæн зиан кæй ницы хæссы, стæй дарддæр бæрæг уы-дзæн.

Митингы архайджытæ бацæттæ кодтой сидт куырдиатимæ Битарты Вячеславмæ æмæ йæ бакаст комитет “Матери Беслана”-йы сæрдар Дудиаты Сусаннæ. Уым дзырдæуыд, марг-джын химион кремнийы заводы бæсты Беслæны бакæнын кæддæры нæргæ хойраджы комбинат БМК, йæ раздæры кусджытæн сæ мызды хæстæ бафидын, колхозтæ æмæ фермæтæ бакæнын.

Сидтыл сæ къухтæ æрфыстой митингы активисттæ, уыдонимæ Фрайты Сослан йæхæдæг дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.