Ирон адӕмы уарзон хъӕбул Хетӕгкаты Къоста йӕ радтӕг адӕмӕн ӕвӕджиауы лӕггад фӕкодта.

 Поэты ном алы ирон адӕймаджы зӕрдӕмӕ дӕр ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Цхинвалы районы раздӕры разамынад ӕмӕ культурӕйы хайад бахастой фӕндон, цӕмӕй стыр поэты райгуырды бон ӕрвылаз дӕр нысан кӕной кадджын уавӕры. Уымӕ гӕсгӕ Къостайыхъӕуы 1982 азы фыццаг хатт уӕрӕх банысан кодтой поэты райгуырды бон ӕмӕ дзы хайад райстой уӕды областы ӕппӕт районты фӕллойгӕнджытӕ дӕр. Фӕстӕдӕр, ома, 1984 азы, ацы бынаты сырӕзт Къостайы цырт-обелиск, стӕй ирон хӕдзар, фӕткмӕ йӕ ӕркодтой, йӕ алфӕмблай йын ӕрӕхгӕдтой, аивады дӕснытӕн сӕ арӕхстдзинад ӕвдисынӕн арӕзт ӕрцыд стыр сценӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕдӕй нырмӕ къорд азтӕ рацыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йе ‘мбӕрзт базӕронд ӕмӕ дзуапп нал дӕтты домӕнтӕн. Уавӕр бахынцыд ӕрцыд ӕмӕ дзы ацы бонты цалцӕггӕнӕн-арӕзтадон куыстытӕм ӕрӕвнӕлдта районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад. Фыццаджыдӕр уал ын райхӕлдтой йӕ раздӕры ӕмбӕрзт ӕмӕ йӕ ныр ӕмбӕрзынц профнастилӕй. Нӕй хуыздӕр уавӕры йӕ астӕрд дӕр ӕмӕ уый дӕр хъуамӕ ӕрцӕуа цалцӕг. Сараздзысты дзы, аивады дӕснытӕ сӕ дарӕс кӕм хъуамӕ ивой, ахӕм хатӕнтӕ дӕр. Арӕзтадыл кусынц Мӕлдзыгаты Джемир, Хуыбиаты Ибрагим, Уырызмӕг ӕмӕ Лохты Зауыр. Хӕдзарады сӕйраг инженер Хуыбиаты Ахмӕт куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ ацы арӕзтадӕн йӕ фӕзуат у 300 квадратон метры ӕмӕ сӕ нысан у, цӕмӕй куыстытӕ сӕххӕст кӕной августы мӕйы фӕудмӕ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.