Сом æгас дунейы нысан кæндзысты Сылгоймæгты дунеон бон. Ацы бæрæгбон уалдзæджы бæрæгбонтæй у сæ иууыл рæсугъддæр æмæ хъармдæр. Сылгоймæгты номыл уагъд фæцæуынц алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ, сæ номыл фæуадзынц гаджидæуттæ.

7-æм марты Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр дæр æппæт театруарзджыты Сылгоймæгты дунеон бон банысан кæнынмæ дæр хоны «Ромео и Джульетта»-йы спектакльмæ, кæцыйы хъаздзысты Цæгат Ирыстон-Аланийы Фæсивæдон театры артисттæ. Уыдоны нæ республикæмæ æр-хуыдта Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, режиссер Уалыты Гиви. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Уалыты Гиви театры къухдариуæгады фæхуындмæ гæсгæ уалдзæгæй райдайдзæн кусын хуссарирыстойнаг артисттимæ. Уый фæнд кæны нæ театры сценæйыл французаг драматург Жан Ануйы комедион пьесæ «Генералы в юбках»-мæ гæсгæ спектакль сæвæрын. Уымæ гæсгæ йæм не ‘хсæнад здахы стыр цымыдисдзинад æмæ йæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм не ‘ппæт дæр.

Театры пресс-службæ нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ æввахс рæстæджы марты мæйы театры программæмæ гæсгæ уагъд æрцæудзæнис дыууæ сфæлдыстадон изæры. Уыдонæй сæ иу уыдзæнис Галуанты Людæйы сфæлдыстадон изæр æмæ иннæ та – Гугкаты Эвелинæйы 80 азы юбилейон изæр.

Уымæй дарддæр ма апрелы мæйы нæ республикæйы театруарзджыты зæрдæтæ барухс кæндзысты Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны ирон театр æмæ Евгени Вахтанговы номыл уырыссаг академион театр.

Тæбæхсауты Балойы номыл паддзахадон театр нæм гастролты æрцæудзæн 7 апрелы иу боны æмгъуыдмæ æмæ нæ театры сценæйыл бонæй равдисдзысты спектакль сывæллæттæн, изæрæй та – «Зæлийы чындзытæ».

Хуссар Ирыстонмæ Евгени Вахтанговы номыл академион театр та гастролон балцы æрцæудзæнис апрелы æмбисы цалдæр боны æмгъуыдмæ. Уыдон сценæйыл равдисдзысты цалдæр спектаклы.

Уымæй дарддæр ма Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр дæр фæнд кæны гастролон балцыты ацæуын Цæгат Кавказы  хицæн регионтæм, уыдон æмрæнхъ Ставрополы краймæ дæр. Афтæ ма дзырд цæуы гастролты Луганскы Адæмон Республикæмæ ацæуыны тыххæй дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.