Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади бузныджы ныхæстæ загъта компани «БТК групп»-ы сæргълæууæг Боллоты Таймуразæн, афтæ ма Цхинвалы хуыйæн фабрикæ БТК-4 къухдариуæгадæн сæ бакæнгæ æххуысы тыххæй,  «сырх зонæйы» цы медицинон кусджытæ кусынц, уыдоны æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй хъахъхъæнæн костюмтæ радтыны хуызы.

«Бузныг, Таймураз Хъазбеджы фырт, уе ‘ххуысы тыххæй. Республикæйы уавæр у зын, æмæ уе ‘ххуыс медиктæн, кæцытæ кусынц коронавирусон инфекцийы ныхмæ тохы, у ахсджиаг», – загъта Бекъойты Геннади. Компани «БТК-4» Хицауады номыл радта 350 хихъахъхъæнæн медицинон костюмты. Костюмтæн ис сертификат æмæ сын ис бæрзонд хъахъхъæнæн  æмвæзад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.