Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «БТК-ГРУПП»-ы президент Боллоты Таймуразæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Таймураз Хъазбеджы фырт!

70 азы алы адæймаджы царды дæр у нысаниуæгджын бон, æхсæнад нæ алкæмæн дæр аккагæй куы саргъ кæны бакæнгæ куысты тыххæй. Дæ царды фæндаг у Уæрæсейæн æмæ райгуырæн зæххæн лæггад кæныны æцæг цæвиттон. Дæ разамынадон миниуджытæ, профессионализм, нысанмæ тырнындзинад дын фадат дæттынц дæ разылæууæг хæстæ æнтысгæйæ скъуыддзаг кæнынæн.

Ныфс мæ ис, дæ хъæздыг фæлтæрддзинад дын нырма бирæ азты дæргъы кæй лæггад кæндзæн компани «БТК-ГРУПП»-ы авторитет фидар кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны дын мæ цæст уарзы, цытджын Таймураз Хъазбеджы фырт, фидар æнæниздзинад, уды хъæддыхдзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ.

***

Владимир Путин Боллоты Таймуразы схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæйы раз лæггæдты тыххæй» II – къæпхæны орденæй. Амалиуæггæнæг, меценат, акционерон æхсæнад «БТК-ГРУПП»-ы цæстдарæн советы сæрдарæн хорзæх лæвæрд æрцыд бæстæйы социалон-экономикон рæзтмæ егъау хайбавæрды æмæ бирæ азты дæргъы цæсгомджын куысты тыххæй.

РЦИ-Аланийы Сæргълæуæджы Барамындмæ гæсгæ та хорзæхджын æрцыд «Ирыстоны Кады» орденæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.