12 ноябры уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты цыппæрæм сессийы фыццаг рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр.

Сессийы райдианы размæ вице-спикер бахатыд депутаттæм, цæ-мæй иу уысм æдзæмæй алæу-гæйæ ссарой коронавирусон инфекци COVID-19-æй чи фæзиан, уыдоны рухс нæмттæ.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Sputnik-Южная Осетияйы пресс-конференци, цыран æруынаффæ кодтой бюджетмæ ивындзинæдтæ æмæ сессийы кворумы нæ уæвынады тыххæй.

«Пресс-конфереци уадзæг мæм радта фарст, цæмæн мæ ис ныфс, сесси уагъд кæй æрцæудзæн, кæд уый размæ уагъд нæ цыд кворумы тыххæй, уæд. Æз ын сдзуапп кодтон, ныфс мæ ис, закъондæттæн органы кæй кусынц цæсгомджын адæм, кæцытæ æмбарынц сæ бæрндзинад æмæ  уыдон æнæмæнгæй æрбацæуддзысты æмæ сессийы хайад райсдзысты. Мæнæн тынг æхсызгон у, раст кæй разындтæн, уый. Уымæ гæсгæ мæ фæнды бузныг зæгъын сымахæн», – загъта Гассийы фырт.

Уый ма бакаст Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Аланы сидт депутаттæм.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ уынаффæ кæ-нынмæ бавдыста «2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны за-къонмæ ивындзинæдтæ бахæс-сыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект.

Бюджеты сæйраг параметртæ æрбавдыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Хæбæлаты Азæ, кæцы банысан кодта, документ райсын, сæйраджыдæр у, коронавирусон инфекци аиуварс кæныны мадзæлттæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

«Уымæ гæсгæ 3 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæ-рæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæрттæ къухтæ æрфыстой Уынаффæйыл – COVID-19 аиуварс кæныны фæдыл мадзæлттæ реализаци кæныны нысанæн федералон бюджеты бюджетон ассигнацитæ адих кæныны тыххæй иумæйаг суммæ 49 милуан 183, 37 мин сомы, кæцы у Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуыс Хуссар Ирыстонæн 2020 азы социалон-экономикон рæзты нысанæн. Уынаффæ хъуамæ æвдыст æрцæуа паддзахадон бюджеты», – банысан кодта уый.

Хæбалаты чызг ма банысан кодта, зæгъгæ, COVID-19-имæ тох кæнынæн æмæ æндæр мадзæлт-тæн уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны нысанæн фæнд кæнæм раздахын ахуырадон уагдæттæн хæлцадæн бюджетон ассигнацитæ æмæ кæцы-дæр командировкæйы хæрдзтæ, кæцытæ хардз не ‘рцыдысты республикæйы территорийыл арæн-гонд мадзæлтты рæстæджы.

Паддзахадон бюджеты хардзон хаймæ, министры хæстæ æх-хæстгæнæджы ныхæстæм гæс-гæ, фæнд кæнынц «2020-2022 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæры монон-хæрзнамысон рæзты» 2020 азы Паддзахадон комплексон нысанон программæ реализаци кæны-нæн хæрдзтæ бахæссын.

Депутаттæ æмхъæлæсæй райстой паддзахадон бюджетмæ ивындзинæдтæ.

Уый фæстæ депутаттæ æруынаффæ кодтой «2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссард къонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект, кæцы уынаффæ кæнынмæ рахаста Парламенты Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ.

Депутаттæ æмхъæлæсæй райстой ацы закъоны проект.

Сессийы куысты ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Тотчиты Георги. Уый æрдзырдта дæлведомствойон фадыджы уавæры тыххæй æмæ сдзуапп кодта депутатты фарстатæн.

Сессийы кæронбæттæны Гасситы Петр бузныджы ныхæстæ загъта парламентаритæн, кæцытæ кусынц «сырх зонæйы» сæхи æмæ сæ хиуæтты тасы æвæргæйæ, фæлæ не ‘ппæлынц сæхицæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.