Æрвылаз дæр октябры мæйы райдианы банысан кæнæм Ахуыргæнæджы бон. Ахуыргæнæджы боны цытæн ахуыргæнинæгты æхсæн ауагътам чысыл блиц-æрфарст.

Дæ хъуыдымæ гæсгæ, идеалон ахуыргæнæг цахæм хъуамæ уа?

Ахæм фарста мах радтам Захъхъоры хъæуы астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуыргæнинаг Музаты Аланмæ: – Идеалон ахуыргæнæг алы ахуыргæнинагимæ дæр, фыццаджыдæр, хъуамæ ссара иумæйаг æвзаг, хъуамæ уа хорз миниуджыты хицау æмæ йын кæддæриддæр уа хорз зæрдæйыуаг. Уымæй дарддæр ма идеалон ахуыргæнæгмæ хъуамæ уа фаг быхсындзинад. Ахæм ахуыргæнæг, йæ тыхтыл æнауæрдгæйæ, йæ зонындзинæдтæ куы лæвар кæна, йæ хорз ахастæй сывæллонмæ йæ уарзондзинад куы æвдиса, уæд уыдон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, сæхиуыл ноджы фылдæр кусдзысты, фæахъаз сын уыдзысты сæ сомбоны царды.

Тимур Чеботарёв, Цхинвалы 1-æм астæуккаг скъолайы 5-æм къласы ахуыргæнинаг: – Мæн дæр фæнды раарфæ кæнын мæ зынаргъ ахуыргæнджытæн сæ бæрæгбоны цытæн. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй-иу се стыр фыдæбонæн алы хатт дæр уа хорз фæстиуджытæ. Цæмæй сæ ахуыргæнинæгтæй кæддæриддæр уой зæрдæрухс, æмæ уыдон та, сæ чысыл зæрдæты сын цы уарзондзинад æвæрут, уый бирæ азты дæргъы æхсызгонæй мысой.

Ахуыргæнджытæ уæлдай цыты æмæ бузныджы аккаг цæй тыххæй сты, уый тыххæй нын Цъинагары хъæуы астæуккаг скъолайы 7-æм къласы ахуыргæнинаг Уалыты Михаилы дзуапп уыд ахæм: – Фыццаджыдæр мæ мæ зынаргъ ахуыргæнджытæн фæнды раарфæ кæнын сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Фæнды мæ, цæмæй се ‘ввахс адæмимæ кæддæриддæр уой æнæниз æмæ æнæфыдбылыз. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ ахуыргæнджытæ уæлдай бузныджы æмæ арфæйы аккаг сты, кæд бирæ фыдæбон кæнынц, кæд сын иуæй-иу хатт æнцон нæ вæййы, уæддæр никуы базивæг кæнынц сæ зонындзинæдтæ бацамонынмæ. Бахъуыды рæстæджы кæддæриддæр ахуыргæнинæгты фарсмæ æрбалæууынц. Æз стыр бузныг дæн мæ ахуыргæнджытæй, уыдон нын æххуыс кæнынц, цæмæй нæ зонындзинæдтыл ноджыдæр æфта.

Гуццаты Джамбулат, Ленингоры поселочы уырыссаг скъолайы 10-æм къласы ахуыргæнинаг:

– Идеалон ахуыргæнæг хъуамæ йæ ахуыргæнинæгты æмбара алыварсонæй дæр, ома, кæмдæр психолог дæр хъуамæ уа. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахуыргæнæг хъуамæ уа хæларзæрдæ, цæмæй йæ сывæллæттæ уарзой, уа карз дæр, цæмæй йæм хъусой. Ахуыргæнæг йæ предмет стыр цымыдисимæ æмæ æнцон æвзагыл куы æмбарын кæна, уæд æй сывæллон æнцондæрæй бахъуыды кæны. Скъола ахуырдзаутæн у куыд сæ дыккаг хæдзар, афтæ æмæ сын ахуыргæнæг та хъуамæ уа куыд сæ хистæр æмгар, æххуыс сын кæна сæ тыхст æмæ зын уавæрты. Æз стыр бузныг дæн нæ ахуыргæнджытæй, сæ рæстæг кæй не ‘вгъау кæнынц æмæ нæ раст фæндагыл кæй æфтауынц, уый тыххæй. Зæрдиагæй сын арфæ кæнын сæ бæрæгбоны цытæн.

Танделаты Анастасия, Къуайсайы астæуккаг скъолайы 5-æм къласы ахуыргæнинаг:

– Мæ ахуыргæнджытæй се ‘ппæтæй дæр стыр бузныг дæн, сæ зонындзинæдтæ нын хуымæтæг æвзаг æмæ уарзгæйæ кæй амонынц, уый тыххæй. Фæнды мæ сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн сын раарфæ кæнын. Уадз, бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ хъусæнт æрмæст Ахуыргæнæджы боны цытæн нæ, фæлæ ма се ‘рвылбонон царды дæр. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй алкæмæн дæр уой уарзон адæймæгтæ.

Ахуыргæнæджы професси ахæм ахсджиаг æмæ хъæуæг цæмæн у? Ахæм фарстайæн дзуапп радта Цæриаты Виктория, Орчъосаны хъæуы астæуккаг скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг.

– Нæ зынаргъ ахуыргæнджытæн мæ ацы рæсугъд бон фæнды раарфæ кæнын сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад. Ахуыргæнæг суæвын æнцон нæу, фæлæ бирæтæ, разæй сæм цы ахсджиаг куыст æмæ фыдæбон æнхъæлмæ кæсы, уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр сæ тыхтыл æнауæрдгæйæ, фæцæуынц сæ бæллицы фæдыл. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын мæ ахуыргæнджытæн сæ удуæлдай куыст æмæ фæразондзинады тыххæй. Сывæллон фыссæн фæйнæджы раз куы фæлæууы, æмæ иуæй-иу хатт кæцыдæр хæслæвæрд аразын йæ бон куы нæ вæййы, уæд æм ахуыргæнæг хæларзæрдæйæ æмæ æмбаргæйæ йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæны, уымæй æхсызгондæр ницы вæййы сывæллонæн. Ахæм æхсызгон мысинæгтæ мын дзæвгар ис скъолайы цардæй.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.