Хъуылымбегты Роберт, журналист: – 29 азы размæ хуссарирыстойнаг адæм историон ахсджиагдзинады документ райстой трагикон цауты рæстæджы. Гуырдзиаг тыхæйисджытæ æппынæдзух æхстой горæт, фæлвæрдтой Цхинвал байсынмæ. Уавæр кæй карздæр кодта æмæ сабыр цæрджытæ кæй мардысты, уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг уыд республикæ расидыны тыххæй акт куыд гæнæн уыд, афтæ тагъддæр райсын. Æмæ 1990 азы 20-æм сентябры уагъд æрцыд Адæмон депутатты Хуссар Ирыстоны областон советы 14-æм сесси, цыран ист æрцыд историон уынаффæ Хуссар Ирыстоны автономон областæй Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæ саразыны тыххæй. Абон, сабыр арвы бын цæргæйæ, мах хъæуы нæ республикæ дарддæр дæр æндидзын кæнын. Уый тыххæй Президент Бибылты Анатоли æппæт дæр аразы æмæ нæ къухты æфтынц хорз бæрæггæнæнтæ. Æмæ ныр 29 азы дæргъы хуссарирыстойнаг адæм ацы нысаниуæгджын бон нысан кæнынц уæрæхæй. Уавæрæй пайда кæнгæйæ мæ фæнды арфæ ракæнын æппæт ирон адæмæн. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Гасситы Махар: – Куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, афтæ 20-æм сентябрь мæнæн у алцыдæр. Уыцы бонæй райдыдта нæ хæдбардзинады сæрыл тох. Фæнды мæ Ирыстоны аккагæй, дидинæфтаугæйæ уынын. Нæ адæм бафæрæзтой гуырдзиаг фашизмæн, рацыдысты иууыл уæззаудæр фæлварæнтыл. 20-æм сентябрь æрмæст мæнæн нæ, фæлæ дунейы æппæт ирæттæн дæр у зынаргъ бæрæгбон. Ацы нысаниуæгджын боны фæдыл арфæ кæнын æппæт ирон адæмæн.

Магкоты Эльвирæ, Дзауы районы Гуфтайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг: – 20 сентябры ирон адæм æппæт дунейæн фехъусын кодтой, сæрибар бæстæйы цæрын сæ кæй фæнды, уый тыххæй. Иумиагæй сисгæйæ, ирæттæ сты сæрибаруарзаг адæм æмæ искæйы дæлбар сæ бон нæу цæрын. 1990 азы 20-æм сентябрь у ирон адæмы  хæдбардзинады фæндаджы райдиан, æмæ 2008 азы 26-æм август та ссис нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны бон. Æнæ райдиан нæ вæййы кæрон, уымæ гæсгæ ирон адæмы ногдæр историйы 20-æм сентябрæн цы нысаниуæг ис, уымæн зын саргъгæнæн у. Зæгъын мæ фæнды уый дæр, æмæ нæ республикæйы æмбæстæгтæ æрвылаз дæр аккагæй кæй сæмбæлынц республикæ расидыны  боныл.

Дыгъуызты Лианæ, 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литера-турæйы ахуыргæнæг: – 20-æм сентябрь у Республикæ Хуссар Ирыстоны расидыны бон. Ацы бон Хуссар Ирыстоны цæрджытæн æрхаста хуыздæр фидæны ныфс æмæ сæрибардзинад. Уый та нысан кæны, ирон адæм Гуырдзыстоны сконды кæй никуыуал уыдзысты, уый, цыран гуымирæй хæлд цыдысты ирæтты бартæ æмæ интерестæ. Ныр нæ хæдбар республикæйы махæн хъахъхъæд цæуынц не ‘мбæстагон бартæ. Цæмæй уыцы сæрибардзинад райстаиккам, уый тыххæй нæ адæм бирæ фыдбылызтæ æмæ тухитæ бавзæрстой,  ацы сæрибардзинады сæрыл тохты сæ сæртæ нывондæн æрхастой бирæ æвзонг патриоттæ, Ирыстоны аккаг фырттæ, фæлæ алцæмæн дæр бафæрæзтам æмæ, æппынфæстагмæ, сæххæст ирон адæмы цæрæнбонты бæллиц. Æрвылхатт дæр ацы бон мæ зæрдыл æрлæууы сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ. Мæ зæрдыл лæууы, уæд Гуырдзыстоны раздæры тугмондаг президент З.Гамсахурдия кæй фæдзырдта Цæгат Ирыстоны уæды Сæргълæууæг Галазты Æхсарбегмæ, зæгъгæ, бахат хуссайраг ирæттæм, цæмæй ма ауадзой сесси æмæ сæ-хицæн республикæ ма расидой. Фæлæ йын Галазы фырт фидарæй загъта, зæгъгæ, уый гæнæн нæй, уымæн æмæ уыдон фидарæй аскъуыддзаг кодтой сæ хæдбардзинады фæндагыл цæуын. Нæ республикæ расидыны 29 азы цытæн арфæ кæнын нæ хæстæфхæрд адæмæн.

Джиоты Клавæ, пенсиисæг: – 29 азы размæ хуссарирыстойнаг адæм сарæзтой историон равзæрст – раздæры автономон област рацарæзт æрцыд Советон Демократон Республикæмæ. Ацы къахдзæф уыд хибахъахъхъæныны æнæмæнгхъæуæг мадзал, уымæн æмæ Гуырдзыстоны фашистон къухдариуæгад фæнд кодта ирæтты бынтон скуынæг кæ-нын æмæ сæ Райгуырæн бæстæйæ фæсурынмæ. Нæ рацæугæ фæндагмæ акæсгæйæ, дисы бахауæм, ау, æппæт уыдæттæ нæ царды æрцыдысты: референдумтæ, æвзæрстытæ, хæстон архайдтытæ, 2008 азы августы тугуарæн хæст æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ, зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, нæ къухты бафтыд нæ нысан æмæ систæм хæдбар республикæ. Афтæмæй ныр цалдæр азы дæргъы нæ историон райгуырæн зæххыл нæхæдæг скъуыддзаг кæнæм нæ хъысмæт, нæхи куыд фæнды, афтæмæй аразæм нæ цард æмæ план кæнæм иумиагæй нæ республикæйы фидæн. Æмæ царды та уымæй хуыздæр ницы ис!

Плиты Аллæ, горæт Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæг: – Кæд мыл уыцы рæстæджы нырма 13 азы йеддæмæ нæма цыд, уæддæр 1990 азы 20-æм сентябрь мæ зæрдыл бадардтон цæрæнбонтæм. Уымæн æмæ мæ ныййарджытæ хæдзары алцæуыл дæр уынаффæ кодтой, хорз æй бахъуыды кодтон, куыд тынг цин кодтой, 20-æм сентябры ирон адæм хæдбар паддзахад кæй расидтысты, уый тыххæй. Кæд уый фæстæ бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстам, нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ кæд ницæуыл æлгъ кодтой æмæ тырныдтой ирон адæмæй фылдæр скуынæг кæнынмæ, мардтой, фæнды – сылгоймаг, фæнды – сабийы, уæлдай сын нæ уыд, уæддæр бафæрæзтам зындзинæдтæн. Уæлдай у, 2008 азы августы хæсты цытæ бавзæрстам, ууыл дзурын. Æмæ ныр, æппынфæстагмæ, сулæфыдыстæм сæрибарæй. Абон нæ республикæ йæ къахыл лæууы. Президент Бибылты Анатоли æппæт тыхтæй дæр архайы адæмæн сæ цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Акæсутма, нæ уынгтæ куыд рафидыдтой, иучысыл рæстæг ма, æмæ нæ уарзон горæты уынгтæ иууылдæр хæрзарæзт æрцæудзысты, æндидзыд æрцæудзысты хæдзæрттæ. 2008 азы августы мæйы нæ Ирыстоныл тугуарæн куы кодта, уæд ма уыцы рæстæджы чи     ахъуыды кодтаид, нæ уынгтæ ма искуы дидин калдзысты, ууыл. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, ирон адæм!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.