Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты бындурыл цы студи арæзт æрцыд, «ЮОГУ-ТВ», зæгъгæ, уый  къухдариуæгад æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы националон телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы директор Гудиаты Ти-мур æрныхас кодтой иумæйаг æмгуысткæнынады фарстатыл.

Уый фæдыл Гудиаты Тимур уазæгуаты æрцыд ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстонмæ. Университеты ректор Тедеты Вадимимæ фембæлгæйæ, уый дзырдта, йæ хъус кæй дары университеты телестуди «ЮОГУ-ТВ» цы репортажтæ  æмæ телеочерктæ бацæттæ кæны, уыдонмæ. Уыдон  æрвылхатт дæр арæзт вæййынц бæрзонд æмвæзадыл. Уымæ гæсгæ, дам, сæ мах стыр райзæрдæи-мæ равдисæм нæ националон каналæй. «Осетия-Ирыстон»-ы директор фæндон ба-хаста, цæмæй дарддæр дæр æмгуыст кæной дыууæ канал, кæрæдзийæ фæлтæрддзинад исгæйæ. Уæлдай стырдæр аргъ скодта, ирон æвзагыл цы алæвæрдтæ фæцæуы арæзт, уыдонæн. Студенттæ уæвгæйæ, ахæм бæрзонд æмвæзадыл кæй аразынц телеочерктæ, уый банымадта фæзминагыл иуæй-иу каналтæн.

Тедеты Вадим стыр бузныг загъта Гудиаты Тимурæн æмæ телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы коллективæн дæр, ХИПУ-ТВ-йы студийы куыстмæ сæ хъус лæмбынæг кæй дарынц, æмæ æмгуыстады тыххæй та рав-дыстой цæттæдзинад.

Уый ма загъта, зæгъгæ, студентты сгуыхтдзинад, сæйраджыдæр, баст у университеты медиахолдингы разамонæг  Джиоты Аллæйы архайдимæ. Уый сарæзта æппæт дæр, цæмæй студийы цæттæ кæна аккаг кадртæ.

Тедеты Вадим æмæ Гудиаты Тимур сæ къухтæ æрфыстой бадзырдыл, кæцымæ гæсгæ 4-æм мартæй, къуыри иу хатт алы æртыццæджы 18 сахатыл «ЮОГУ-ТВ»-йы алæвæрдтæ цæудзысты цæгатирыстойнаг канал «Осетия-Ирыстон»-ы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.