6-æм июны уагъд æрцыд РХИ-йы Парламенты æнæрадон рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан. Боны фæткы уыд иу фарст: Цхинвалы рарастгæнæн колонийы æрцæугæ инцидентыл æруынаффæ кæнын. Рабадты куысты хайад райстой РХИ-йы Пре-зидент Бибылты Анатоли, Юстицийы министр Лалыты Залинæ, Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, афтæ ма Мидхъуыддæгты министрады æмæ æфхæрдтæ æххæстгæнæн управленийы кусджытæ, алыгъуызон структурæты æндæр минæвæрттæ.

Рабадты райдианы раныхас кодта республикæйы генералон прокурор Дзæгъиаты Уырыз-мæг, кæцы æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта Цхинвалы рарастгæнæн колонийы сæвзæргæ уавæримæ. «Цæмæй алыгъуызон дам-думтæ ма уа, уый тыххæй мæ фæнды бамбарын кæнын, дыууæ мæйы дæргъы æфхæрдтæ æххæстгæнæн управленийы уагъд кæй цыдысты планон-сгарæн мадзæлттæ, уымæн æмæ уырдыгæй цыд информацийы стыр негатив. Юстицийы министр Лалыты Залинæ йæхæдæг контроль кодта æппæт процессыл. 4-æм июны уым уагъд цыд планон басгæрст, кæцыйы рæстæджы ахæсттæй ист æрцыд 14 мобилон телефоны», – загъта генералон прокурор.

Депутаттæ бацымыдис кодтой, зæгъгæ, фæтк æвæрыны рæстæджы цæмæ æрбакодтой  Мидхъуыддæгты министрады ОМОН æмæ СОБР-ы кусджыты. Дзæгъиаты Уырызмæг бамбарын кодта, зæгъгæ, ахæсттæй сæ иу, кæцытæй ист æрцыд мобилон телефон, фелгъыста æмæ ныццавта æфхæрдтæ æххæстгæнæн управленийы кусæджы.

«Ацы архайдтытæ спровокаци кодтой иннæ ахæстты барады ныхмæ активон архайдтытæм. Басгæрсты процедурæ рæстæгмæ урæд æрцыд, æмæ фæтк æрæвæрыны тыххæй æрбакондæуыд мидхъуыддæгты министрады бацамынд структурæты, кæцы æмбæлон у службæйон  хæстæн», – банысан кодта генералон прокурор. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, генералон прокуратурæ ахæсты архайдтытæн скодта барадон аргъ. «Знон ыл мах бакодтам уголовон хъуыддаг. Фæдæвзарæны фæстæ ацы архайдтытæн  барадон æгъдауæй аргъ æрцæудзæн. Уый ма хауы уыцы адæймæгтæм дæр, кæцытæ æхгæд зонæмæ хæссынц мобилон телефонтæ. Фæнды мæ банысан кæнын, уыцы телефонтæ уым кæй нæ зайынц,  уырдæм сæ кæй æрбахæссынц номхуындæй уыцы пъагонджынтæ, кæцытæ хъусынц ахæсттæм. Уыдон сæ сæхицæн сарæзтой æххуырстытæ, кæцытæ сын лæггад кæнынц, афтæ ма сын уыдон æрмæст телефонтæ нæ хæссынц», – банысан кодта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Генералон прокуроры ныхæстæм гæсгæ, ахæсттæй сæхицæн разиан кодтой 20 адæймаджы. Фæлæ уыдонæй республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ баластæуыд 6 адæймаджы, кæцытæн бакодтой медицинон æххуыс, уый фæстæ сæ раздæхтой фæстæмæ, ноджы  ма 14 ахæсттæн медицинон æххуыс бакондæуыд бынаты.

«Уæрæсейаг ахæстæтты дæр æрцæуы ахæм инциденттæ, фæлæ уыдон ахæстонæй æддæмæ нæ райхъуысынц. Уым рагæй кусы карз фæтк, æмæ РХИ-йы æфхæрдтæ æххæстгæнæн управленийы саразгæ фæлæмæгъдæр фæтктæ æркодтой уымæ, æмæ ахæсттæ сæхицæн æрдомдтой сæхи уагæвæрдтæ. Уыдоны фæнды, цæмæй алцыдæр арæзт æрцæуа сæ закъонмæ гæсгæ, фæлæ мах уый бар нæ ратдзыстæм», – банысан кодта уый.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ахæстты ахастæм физикон тыхæй не спайда кодтой. «Генералон прокурор лыстæггай радзырдта рарастгæнæн колонийы цы иницдент æрцыд, уый тыххæй. Фæнды мæ зæгъын, ахæсттæ се ‘ппæт  сæхи кæй нæ алыг кодтой, афтæ сарæзтой уæззау æмæ уæлдай уæззау фыдракæндты тыххæй тæрхон кæуыл скодтой, уыдон. Куыд, зæгъæм, хисæрмагонд фыды амарын, хиуæтты амарын, амæттаджы суæнгтæ кæныны тыххæй æмæ афтæ дарддæр. Æмæ, сымах, цытджын депутаттæ, саккаг кодтат уыцы адæмимæ фембæлын, кæцыты ныхмæ арæзт æрцыд фыдракæнд? Сымах фембæлдыстут, ахæстты чи хъахъхъæны, уыдонимæ? Уæлæмæ сыстæд, ахæм республикæйы цæрын кæй фæнды, уый, цыран фыдракæндон элементтæ домынц сæхи уагæвæрдтæ. Цалынмæ æз президент дæн, уæдмæ нæ республикæйы афтæ никуы уыдзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Пухаты Мераб æрсидт депутаттæм, цæмæй Цхинвалы колонийы æрцæугæ цауы иуварсонæй ма ахуыр кæной, фæлæ хынцой дыууæ фарсы хъуыды дæр, уыцы нымæцы УИН-ы, барадхъахъхъæнæг органты кусджыты хъуыды æмæ афтæ дарддæр.

«Сымах хъахъхъæнут ахæстты интерестæ, уавæр нæ равзаргæйæ. Ис  нын закъонон бартæ, кæцытæм гæсгæ мах кусæм. 4-æм июны мах ауагътам æнæпланон басгæрст, фæлæ рацыдысты нæ архайдтыты ныхмæ. Хъуамæ уай æфхæрдтæ æххæстгæнæн управленийы, кусай уым, цæмæй йæ зонай, æцæгæй уым цы цæуы, уый тыххæй. Æрбацæут æмæ уым кусджытимæ иу суткæ уæддæр æрлæуут, цæмæй фенат, уым цы процесстæ цæуынц, уыдоны æмæ уæд алцыдæр бамбардзыстут. Науæд сымах хæцут иу фарсы æввварс, æмæ иннæ-йы нæ уынут, уый раст нæу. Фыдгæнæгæн  бар ис кусæджы йæ куыст æххæст кæныны рæстæджы нæмын? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ», – загъта Пухаты Мераб.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æфхæрдтæ æххæстгæнæн управленийы куыст афтæ вазыгджын у, æмæ алы адæймаджы нæ бафæнддзæн уым кусын. «Цхинвалы колонийы нырма нæй специалон дæлхай. Уымæ гæсгæ нæ бахъæуы ОМОН кæнæ СОБР-мæ фæдзурын. Цæмæннæ исчи дзуры, кæй фæнадтой, уыцы кусджыты тыххæй? Цæмæннæ исчи дзуры, кæй фехстой, уыдоны тыххæй? Сымах æрмæстдæр рахастат ахæстты фарст, иннæ фарсы уынын уæ нæ фæнды. Не ‘мбæстæгтæ сæхи хъуамæ æнкъарой хъахъхъæдгондæй, нæ сывæллæттæ хъуамæ сæхи хатой æдасдзинады, уый у нæ куыст æмæ нын  радтут уый аразыны бар», – æрсидт Пухаты Мераб.

Рабадты рæстæджы депутатты бафæндыд Цхинвалы рарастгæнæн колонийы видеокамерæты ныффыстытимæ базонгæ уæвын. Депутат Санахъоты Давид банысан кодта, зæгъгæ, уый домæн арвыста колонийы видеокамерæты ныффыстытæ сын радтыны тыххæй, кæцыты фæрцы раргом уаид æппæт дæр.

Парламенты Сæрдар Тадтаты Аланы фарстæн дзуапп кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, кадрты ис оперативон информаци, кæцыйæн бар нæй уæрæхæй йæ раргом кæнынæн æмæ йæм нæй сессийы бакæсæн дæр. Уый фæндон бахаста, цæмæй прокуратурæмæ æрвыст æрцæуой партитæ æмæ иумандатонты фæйнæ минæвары, кæцытæ базонгæ уаиккой видеокамерæты ныффыстытимæ.

«Мах алкæцы фракцийæ дæр рахицæн кæндзыстæм иугай парламентаритæ, кæцытæн сæ бон суыдзæн видеокамерæты ныффыстытимæ базонгæ уæвын. Ныфс мæ ис, сымах уæ коллегæтыл кæй æууæндут, æмæ уыимæ кæй ницахæм проблемæтæ уыдзæн, уымæй», – загъта уый.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.