5-æм июны уагъд æрцыд РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадт.  Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Боны фæткмæ хаст æрцыд фараст фарсты, фæлæ  Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Габатты Аланы фæндонмæ гæсгæ «РХИ-йы хъалонты кодексы фыццаг хаймæ æмæ РХИ-йы хицæн закъондæттынадон акттæм ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект ист æрцыд боны фæткæй.

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза æрбавдыста «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Хицауадты ‘хсæн уæлвæткон уавæртæ бафæдзæхсыны æмæ аиуварс кæныны къабазы æмгуыстады фæдыл Сразыдзинад сратификацийы тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. Проект хаст æрцыд Парламенты сессийы радон рабадтмæ.

Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл парламентон комитеты сæрдар Плиты Александр æрбавдыста «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæныны бындурты тыххæй» РХИ-йы Закъоны 26-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект. Ацы фарст ма  хаст æрцыд Парламенты сессийы рабадты.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл РХИ-йы парламентон комитеты сæрдар Джиоты Еленæ æркæсынмæ рахаста цыппар закъоны проекты, кæцытæй æртæмæ: «2020 азы РХИ-йы паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект, «Бюджетон арæзт æмæ бюджетон процессы бындурты тыххæй» РХИ-йы Закъоны 45-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект æмæ «РХИ-йы Хъалонты кодексы фыццаг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проектмæ æркæсдзысты РХИ-йы Парламенты  æввахсдæр сессийы рабадты. «РХИ-йы Хъалонты кодексы хицæн уагæвæрдты архайдтытæ æруромыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект здæхт æрцыд ногæй йыл бакусынмæ.

Кæронбæттæны экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тъехты Алан депутаттæм æрбавдыста «2020 азы паддзахадон контролы хуызтæ организаци æмæ сæххæст кæныны хицæндзинæдты тыххæй» æмæ «2019 азы РХИ-йы чысыл амалиуæгадæн льготон кредиттæ дæттыны æмархайды фонды бюджет сæххæст кæныны тыххæй» РХИ-йы закъæтты проекттæ. Ацы закъæтты проекттæм дæр æркæсдзысты РХИ-йы Парламенты радон сессийы.

Президиумы куысты хайад райстой РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ, Ахуырады министр Гасситы Натали, РХИ-йы хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитеты сæрдар Къацты Вадим, Парламенты РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Куымæридтаты Аннæ æмæ Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.