6 сентябры уагъд æрцыд РХИ-йы æвдæм æрсидт Парламенты сессийы æнæрадон рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Боны фæткы уыд иу фарст: «Гуырдзыстоны тыхон структурæтæ РХИ-йы территорийыл пост кæй фсæвæрдтой, уый фæдыл УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советмæ æмæ УФ-йы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сидты тыххæй».

Текст бакаст Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза.

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан банысан кодта, зæгъгæ, уавæр арæныл у карз, депутатон корпус уый фæдыл йæ хъуыды загъта æмæ дарддæр дæр дзуапп дæтдзæн цавæрфæнды провокацитæн дæр.

«Фæстаг цауты фæдыл, кæцытæ сæвзæрдысты Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Уистæйы хъæуы, цыран гуырдзиаг фарс аразы блокпост, РХИ-йы Парламент сарæзта сидт УФ-йы Федерацийы Советмæ æмæ Паддзахадон Думæмæ», – загъта спикер.

Тадтайы фырт банысан кодта, зæгъгæ, парламентариты ацы сидтæй фæнды сæвзæргæ уавæрмæ уæрæсейаг коллегæты æргом раздахын.

«Абоны сидтæй мах æвдисæм, уавæр нæ кæй тыхсын кæны, кæцы сæвзæрд нæ арæныл æмæ сидæм УФ-йы Федерацийы Совет æмæ Паддзахадон думæмæ, цæмæй уыдон сæвзæргæ уавæрæн саргъ кæной. Мах дарддæр мадзæлттæ хъуамæ райсæм нæ республикæйы æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй», – загъта уый.

Сидты текст депутаттæ æмхъæлæсæй райстой (мыхуыр у республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты).

Уый фæстæ Тадтаты Алан радзырдта Синагуры хъæумæ балцы тыххæй, цыран арæнмæ æввахс гуырдзиаг фарс аразы ноджы иу блокпост.

Бынатмæ балцы рæстæджы æмæ ныры æмæ 1964 азы Хуссар-Ирыстоны автономон областы картæтæм гæсгæ, бæрæг æрцыд, гуырдзиæгты блокпост арæзт кæй цæуы сæхи территорийыл.

Фæлæ уæддæр, Тадтаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, гуырдзиаг фарсæрдыгæй блокпост арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнмæ æввахс, уымæ гæсгæ, спикер куыд банысан кодта, Инциденттæ аиуварс кæныны фæдыл механизмы раз сæвæрдзæн фарст, цæмæй пост хаст æрцæуа.

«1991 азы Хахеты хъæу зæххæнкъуысты рæстæджы иууылдæр зæйыбын фæцис, лæбырд сыджыт та фæмардуæвджытимæ фæцис Гуырдзыстоны территорийы ‘рды-гæй. Тынг æгады ми у Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй блокпост аразын фæмардуæв-джыты стджытыл», – загъта спикер.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, фæмардуæвджыты бинонтæн уæд зæххытæ хицæн æрцыдысты Тъбеты хъæуы, фæлæ уыдон уый фæстæ бацахстой æндæр адæм.

«Уыдон сæ зæххытæ куыстой æви нæ, уæддæр сты сæ исад, уый у паддзахадæй компенсаци адæмæн, кæцытæ фесæфтой алцы дæр. Æз депутат Бибылты Ацæ-мæзмæ бахатыдтæн, цæмæй арæзт æрцæ-уа депутатон къорд æмæ ацы фарстыл бакуса, базона, цæмæ гæсгæ уыцы зæххытæ лæвæрд æрцыдысты æндæртæн. Зæххытæ хъуамæ фæстæмæ лæвæрд æрцæуой сæ хицæуттæн», – загъта Тадтайы фырт.

РХИ-йы вице-спикер Плиты Александр гуырдзиаг фарсы территорийыл блокпосты арæзтад, цыран 1991 азы æрцыд катастрофæ æмæ ахаста бирæ адæймæгты цард, у вандализм.

«Уыцы митæй Гуырдзыстон аразы вандализмы æмæ антигуманизмы радон акт, уымæ гæсгæ постконфликтон фарстытæ иуварс кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты раз хъуамæ æвæрд æрцæуа ацы фарст, цæмæй уый бахата ахæм фарстытыл архайгæ æппæт гуманитарон организацитæм», – загъта уый.

Уымæй дарддæр ма уынаффæ кодтой æндæр фарстытыл дæр.

Афтæ, РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг Чилæхсаты Владимир уынаффæ кæнынмæ рахаста «Паддзахадон службæйы тыххæй» закъоны проект, æмæ банысан кодта, абоны бон республикæйы ахæм закъон кæй нæй, æмæ уый у æнæмæнгхъæуæг.

«Ацы закъоныл рагæй кусынц, фæлæ уый нырма уынаффæ кæнынмæ нæ рахастой. Æнæмæнгхъæуæг у ацы закъоныл бакусын, уымæн æмæ йæм æппæт паддзахадон службæгæнджытæ æнхъæлмæ кæсынц», – загъта уый.

Парламенты спикер Тадтаты Алан банысан кодта, зæгъгæ, закъон цæттæ у, хъæуы ма йыл бакусын, уый фæстæ йæ арвитдзысты Парламентмæ æмæ йыл депутаттæ æруынаффæ кæндзысты.

Депутат Диакъонты Амиран зæрдыл æрлæууын кодта, уыцы закъоны проект РХИ-йы Парламент кæй арвыста РХИ-йы Хицауадмæ финансон-экономикон хатдзæгтæ саразыны тыххæй аст азы размæ, фæлæ дзуапп нырма дæр нæ райстой.

РХИ-йы Парламенты

Информацион-аналитикон управлени   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.