24-æм апрелы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æртыккаг сессийы фæндзæм рабадт. Рабадт уагъта Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

РХИ-йы Парламенты закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады комитеты сæрдар Габатты Алан депутатты размæ рахаста  дыууæ закъоны проекты «Тæрхондоны приставты тыххæй»  Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» æмæ «Æххæстгæнæн кондады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй».

Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, закъоны проекттæм ивындзинæдтæ бахæссын хъæуы, тæрхондоны уынаффæтæ æххæст кæнгæйæ, æххæстгæнæн функцитæ тæрхондоны приставтæм адæттыны тыххæй.

«Абоны бон, фæсарæйнаг æмбæстæгты республикæйæ æддæмæ арвитыны тыххæй тæрхондонон органтæ уынаффæ куы рахæссынц, уæд уыцы уынаффæ сæххæст кæнын хауы Мидхъуыддæгты министрады дæлхæйттæм æмæ миграцион службæйы структурæтæм. Фæлæ уый раст нæу, уымæн æмæ  тæрхондоны уынаффæтæ се ‘ппæты дæр хъуамæ æххæст кæной тæрхондоны приставтæ», – загъта Габатты Алан æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, закъоны проекттыл бакуыста æмæ сæ Парламентмæ æрбарвыста РХИ-йы Юс-тицийы министрад.

Дыууæ закъоны проектты дæр депутаттæ банымадтой хорзыл.

Хуссар Ирыстоны Парламенты Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ уынаффæмæ раразмæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ банджы хыгъд 2019 азæн.

Рабадты раныхас кодта РХИ-йы Национ банджы сæрдар Зассеты Феликс. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 2019 азы фæстиуджытæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Национ банджы æфтиаг у 95 милуан 646 мин сомы. Уыдонæй республикæйы бюджетмæ ахынцыд æрцыд 30 проценты, уый та у 28 милуан 693 мин сомы. Цы ма дзы баззад, уый та  дих æрцыд банджы фондтыл.

Зассейы фырты ныхæстæм гæсгæ, финансон фæстиуæгыл хорз бандæвта, хыгъдон рæстæджы  республикæйы банг активонæй депозиттыл кæй сæвæрдта, уый.

«Æхсæнбангон депозиттыл сæвæрды æфтиаг 2019 азæн уыд 65 милуан 427 мин сомы», – загъта Зассеты Феликс.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фиддоны картæ «Мир» кæмæ ис, уыдоны нымæц сырæзт иу мин адæймаджы онг.

«Фиддоны системæ «Мир»-ы фыццаг картæтæ республикæйы фæзындысты июлы  æмæ лæггад кодтой тестон режимы, 2019 азы та Хуссар Ирыстоны нæхи бангон картæты руаджы нырыккон фиддоны системæ ныббиноныг кæныны реализацийы фæлгæтты массон æгъдауæй  уадзын райдыдтой фиддонон картæтæ. Фиддонон картæ «Мир» кусын райдыдта хыгъдон рæстæджы. Абоны артæтæ кæмæ ис, уыдоны нымæц сырæзт иу мин адæймаджы онг. Уымæй дарддæр ма рауæрæх ис картæты пайда кæныны функционалы географи, бæстонгонд æрцыдыбон ксты фиддонон системæ «Мир»-ы  картæтæм æхцайы ахыгъдты лæггæдтæ», – бамбарын кодта Зассеты Феликс.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хыгъдон рæстæджы фондз организацийы  биноныг æрцыдысты фид-донон картæты проекттæ фиддонон системæ «Мир»-ы бындурыл.

Зассейы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй  2019 азы кæрон республикæйы æвæрд æрцыд аст банкоматы, уыцы нымæцы иу банкомат – Дзауы поселочы. Æртæ банкоматы та æвæрд æрцæудзысты горæт Цхинвалы микрорайонты.

Нацбанджы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, 2019 азы адарддæр «Золотая корона»-йы  системæйы бирæпроцессорон картæты лæггæдты куыст, цы сервертæ æрцыдысты æвæрд, уыдоны руаджы. Уыцы картæтæ кæмæ ис, уыдоны нымæц 2019 азы кæрон уыд 7 мин 500 адæймагæй фылдæр, куыстмызды картæйон проекттæ биноныг æрцыдысты 16 организацийы.

Дарддæр Нацбангы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, хыгъдон рæстæджы республикæйы банг æххæстбæрцæй саргъ кодта кредитон тасдзи-нæдтæн æмæ арæзт æрцыдысты адекватон тасдзинады  фæсауæрцтæ.

Арæзтæрцæуæг фæсауæрцты гуырахсттæ хыгъдон аз уыдысты 52 милуан 556 мин сомы.

РХИ-йы Парламенты фыццаг вицеспикер Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, ис æмбæстæгты бæрæг категори, кæцытæ сты бизнесы алыгъуызон сферæты, уыцы нымæцы бизнесы æддейæ дæр, кæцытæ кредиттæ райстой æмæ сæ рæстæгыл фыстой, куы куыстой, уæд.

«Уыцы адæймæгтæ райстой кредиттæ æмæ сæ цæсгомджынæй фыстой бангæн, цалынмæ коронавирусы пандемийы тыххæй вазыгджын уавæр нæ сæвзæрд, уæдмæ. Фæлæ сын куысты фадат куынæуал уыд, уæд нал фыстой кредиттæ. Рæстæгмæ æхгæд цы ресторантæ, кафетæ, салонтæ æмæ магазинтæ æрцыдысты, уым  чи кусы, æмæ куыстмызд чи нал исы, уыцы адæймæгтæ сæхи комфортонæй нæ хатынц, сæ кредиттæ кæй нæ фидынц, уый сæрапппонд. Уыцы адæймæгтæ цъус не сты. Нæй гæнæн, цæмæй сын кредиттæ фидыны æмгъуыд фæфæстæ кæнæм? Хорз уаит, арæзт сын куы æрцæуит реструктуризаци,  æмæ се ‘мгъуыдтæ хаст куы ‘рцæуиккой фæстæдæр рæстæгмæ. Цалынмæ вазыгджын уавæр ис, уæдмæ уыдон хъуамæ æмбарой сæ кредиттæ фидыны рæстæг рæстæгмæ кæй æрлæууыд, æмæ сæ фæстæдæр рæстæджы кæй бафиддзысты», – банысан кодта Гасситы Петр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, хорз уаит, ацы фарстыл Парламенты профилон комитет куы бакусит.

Комитеты сæргълæууæг Джиоты Еленæ банысан кодта, зæгъгæ, æцæгæйдæр ис проблемæ æмæ Парламенты Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитет бакусдзæн  ацы фарсты фæдыл банджы къухдариуæгадимæ иумæ.

Хыгъды фæдыл уынаффæйы хайад райстой депутаттæ Æлборты Алан, Габатты Алан æмæ Диакъонты Амиран. Депутаттæ хъусдардмæ райстой 2019 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Нацбангы хыгъд.

Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл парламентон комитеты сæрдар Плиты Александр уынаффæ кæнынмæ рахаста  фарст Парламентон фæдысгæрсты къамисы реглемент сфидар кæныны фæдыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы  цы уавæр сæвзæрд, уый тыххæй.

Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ,  амæйразмæйы сессийы арæзт æрцыд парламентон фæдысгæрсты къамис, фæлæ бæрæг аххосагмæ гæсгæ, ист не ‘рцыд. Уый бахатыд депутаттæм, цæмæй ивындзинæдтæ бахынцгæйæ, уыцы регламент ист æрцæуа.

Фылдæр хъæлæстæ райсгæйæ, фидар æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы сæвзæргæ уавæр сахуыр кæныны тыххæй Парламентон фæдысгæрсты къамисы регламент.

Рабадты куысты хайад райстой РХИ-йы Хицауады вице-спикер, экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, юстицийы министр Лалыты Залинæ,  æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги, хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев, республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ, РХИ-йы Парламенты Президенты æххæстбарджын минæвар Куымæридтаты Аннæ æмæ РХИ-йы Парламенты Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.