21 июлы уыдис РХИ-йы Парламенты VI-æм сессийы дæсæм рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Депутаттæ æркæсынмæ рахастой цалдæр закъоны проекты. Боны фæткмæ гæсгæ фыццаг уыд «Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйтты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ бакæныны фæдыл РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн 2017 азы 31 марты Мæскуыйы къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы Сразыдзинады ратификацийы тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. Уынаффæ кæнынмæ йæм æрæвналгæйæ, Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, Парламент хайад нæ иста ацы Сразыдзинады фæдыл куысты. Сразыдзинады проектыл куыста къамис, кæцыйы сконды уыдысты куыд хуссарирыстойнаг, афтæ уæрæсейаг фарсæрдыгæй дæр хъахъхъæнынады министрадты минæвæрттæ, депутаттæм æркæсынмæ æмæ ратификаци кæнынмæ бавдыст æрцыд цæттæ документ.

Ацы закъоны проект бавдисæг Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь куыд банысан кодта, афтæмæй 2015 азы УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн къухтæ æрфыстæуыд Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй егъау фæлгæтон бадзырдыл, ацы Сразыдзинадыл къухтæ æрфыстæуыд æмæ Парламентмæ æрвыст æрцыд Бадзырды 2 статья реализаци кæныны фæлгæтты.  Йæ ныхæстæм гæсгæ закъоны проект рацыд экспертизæйы, уый фæдыл ис æвæрццаг хатдзæгтæ юстицийы министрад, финансты министрад æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæй.

Дарддæр ацы фарсты фæдыл депутаты раз раныхас кодта Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим. Йæ ныхæстæм гæсгæ Сразыдзинад бацæттæ æмæ йыл сразыуæвыны нысæнттæн РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрад сорганизаци кодта уæрæсейаг коллегæтимæ æмархайд, къорд хæттыты уагъд æрцыдысты кусæгон фембæлдтытæ. Сразыдзинады фыццаг проектмæ гæсгæ УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм гвардион æфсæддон базæйы сконд-мæ хъуамæ лæвæрд æрцыдаиккой РХИ-йы æфсæддон ведомствойы æппæт хæстон дæлхæйттæ.

«Уыцы проектмæ гæсгæ нæ Гарзджын тыхты сконды хъуамæ баззадаиккой æрмæстдæр ифтон-гады дæлхæйттæ, мобилизацион резервы цæттæкæнынад, ахуыргæнæн дæлхæйттæ, æфсæддон къамисариат æмæ цытджын караулы ротæ. Ахæм хуызы хуссарирыстойнаг Гарзджын тыхтæн сæ бон нæ уыдаид республикæйы хъахъхъæныны фæдыл, æгæрыстæмæй, элементарон тактикон хæстæ дæр скъуыддзаг кæнын, уыцы нымæцы локалон арæнгæрон конфликты рæстæджы дæр. Уыимæ 4-æм æфсæддон базæмæ службæмæ бацæуыны фадат уыдаид 20-30 азы кары æфсæддон службæгæнджытæн, кæцытæ дзуапп лæвæрдтаик-кой уæрæсейаг закъондæттынады домæнтæн. Хистæр кары æфсæддон службæгæнджытæн сæ бон нæ уыдаид 4-æм æфсæддон базæмæ службæмæ бацæуын, сæ бынæттæ та национ гарзджын тыхты æхгæд цыдысты. Ахæм фæдæттыл мах, кæй зæгъын æй хъæуы, не сразы стæм консультациты рæстæджы къухты бафтыдысты компромисстæ æппæт быцæуаг фарстыты фæдыл дæр æмæ 2017 азы 31 марты Мæскуыйы ацы Сразыдзинадыл сæ къухтæ æрфыстой дыууæ паддза-хады Хъахъхъæнынады министртæ», – загъта Гассеты Ибрагим.

Уый ма афтæ бамбарын кодта, зæгъгæ, Сразыдзинады УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ хицæн дæлхæйтты баконд æмбарын хъæуы контрактмæ гæсгæ æм-бæстæгты æфсæддон службæмæ исын æмæ сæ барвæндонæй уæрæсейаг æфсæддон базæмæ службæ кæнынмæ æрвитын. Дард-дæры службæ æххæст цæуы Уæ-рæсейы Федерацийы закъондæт-тынадмæ гæсгæ.

Хуссар Ирыстон йæ рады реформæ уадзы йæ Гарзджын тыхты, хицæн дæлхæйтты штатон нымæц къаддæр кæнгæйæ. Сразыдзинад йæ тыхы бацæуынæй æртæ мæйы æмгъуыдмæ куыст цæудзæн республикæйы Гарзджын тыхты штатон структурæйыл, кæцыйыл бадзырдæуыдзæн уæрæсейаг фарсимæ æмæ йæ сфидар кæндзæн хуссарирыстойнаг æфсады сæйраг командæгæнæг. Ног организацион-штатон структурæмæ рахизыны про-цесс хъуамæ фæуа йе сфидар кæнынæй æрдæг азы æмгъуыдмæ.

4-æм статьяйы фидар цæуы УФ-йы Гарзджын тыхты контрактмæ гæсгæ æфсæддон службæмæ исыны механизм. Уыимæ нымад цæуынц УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон уæлдæр ахуыр-гæнæндæтты рауагъдонты, кæнæ æфсæддон кафедрæйы запасы афицертæ цæттæ кæныны программæмæ гæсгæ æнтысгæйæ ахуыр чи фесты, уыдоны æфсæддон нæмттæ. Æмбæстæгты æфсæддон службæйы дæргъвæтиндзинадмæ хаст цæуы УФ-йы Гарзджын тыхты службæйы æмгъуыд.

Уымæй дарддæр ма, 5-æм статьямæ гæсгæ Сразыдзинады реализацийы райдианæй фæстæмæ уæрæсейаг фарс, хуссарирыстойнаг фарсимæ æмразыйæ, социалон льготæ-тæ фиды РХИ-йы Гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнджытæн.

Йæ раныхасы кæрон Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг депутаттæм æрсидт, цæмæй ратификаци æрцæуа Сразыдзинад. Афтæ ма æвæрццаг дзуапп радта Парламенты Сæрдары фарстæн, зæгъгæ, Сразыдзинад уыцы кæройнаг проект у, кæцымæ æнхъæлмæ каст РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрад.

Ацы фарсты фæдыл сессийы рабадты раныхас кодтой депутаттæ «Адæмон парти»-йæ. Цæвиттон, Плиты Александр куыд банысан кодта, афтæмæй Сразыдзинады проектыл кусыны рæстæджы «Адæ-мон парти» раразмæ кодта йæхи фæндæттæ, фæлæ уыдон хынцыд не ‘рцыдысты. Уый нæ, фæлæ ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, нæдæр «Адæмон парти»-йы, нæдæр Парла-мент иумиагæй сисгæйæ, баконд не ‘рцыдысты Сразыдзинадыл куыст-мæ.

Депутат Диакъонты Амиран йæ рады лæмбынæг бамбарын кодта «Адæмон парти»-йы позици æмæ уый дæр йе ‘нæразыдзинад равдыста, закъонфæлдисджытæ баконд кæй не ‘рцыдысты Сразыдзинадыл куыстмæ, уымæй æмæ фехъусын кодта, «Адæмон парти» йæхиуыл кæй фæхæцдзæн ацы фарсты фæдыл хъæлæс дæттыны рæстæджы.

Депутат Тасойты Димитр дæр æрсидт депутаттæм, цæмæй Сразыдзинад ахæм хуызы ратификаци ма ‘рцæуа. Йæ ныхæс-тæм гæсгæ, депутаттæ хайад нæ истой Сразыдзинадыл куысты, кæд баныхас кодтой Парламент æмæ æххæсткæнынадон хицауиуæгады иумæ куыстыл, уæддæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Сразыдзинады реализацийы рæстæджы Хуссар Ирыстон фесафдзæн йе ‘фсады.

Ацы фарсты фæдыл ма раныхас кодтой депутаттæ Мамиты Инал, Коцты Олеся æмæ Плиты Агуындæ.

Фарстыл æруынаффæ кæныны фæстæ Сразыдзинад сратификаци кæныны тыххæй хъæлæс радтой 25 депутаты, иу уыдис ныхмæ æмæ 3 депутаты та сæхиуыл фæхæцыдысты.

Дарддæр æркастæуыд «Æфсæддон хæс æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» РХИ-йы Звкъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проектмæ. Йæ бавдисæг – Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Иналы ныхæстæм гæсгæ ацы закъон ист æрцыд 2010 азы, фæлæ æфсæддон къабазы Уæрæсейы Федерациимæ интеграцийы фæстиуæгæн фæзынд ивындзинæдтæ йæм бахæссыны æнæ-мæнгхъæуындзинад. Барасткæнинæгтæ, сæйраджыдæр, хауынц контракт саразыны æмгъуыдтæм, иумиагæй æфсæддон служ-бæмæ.

Боны фæткы радон фарст уыдис «2017 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проектмæ æркæсын. Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта финансты министр Хæбæлаты Азæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ Закъоны проектыл бакусын равзæрыд паддзахадон бюджеты æфтиæгты æмæ хæрдзты хæйттæ фæфылдæр кæныны ‘рдæм скорректировкæ кæ-ныны æнæмæнгхъæуындзинадæй. Фæндон бахастæуыд, цæмæй 2017 азæн Паддзахадон бюджеты æфтиæгты хай фæфылдæр уа 81 милуан 305 мин сомы. Ацы нымæц, сæйраджыдæр, хъуамæ фæфыл-дæр уа æфтиæгтыл фиддонты хыгъдæй,  51 милуан 970 мин сомы æмæ уæлæмхас аргъыл фиддонты хыгъдæй  27 милуан 927 мин сомы. Бюджеты хæрдзты хай та 2017 азы план цæуы 281 милуан сомы 496 мин сомы фæфылдæр кæнын.

«Æндæр æмæ æндæр фарстытæ», зæгъгæ, боны фæткы ацы хайы байхъуыстæуыд депутат Чилæхсаты Владимиры хъусынгæнинагмæ. Уый загъта, зæгъгæ, йæм бахатынц æвзарджытæ æмæ йæ фæрсынц, кæд уагъд æрцæудзæн референдум Уæрæсейы Федерацийы сконд-мæ Хуссар Ирыстоны бацæуыны тыххæй. Парламенты Сæрдар Гасситы Петр куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарст æрвыст æрцæудзæн паддзахады сæргълæууæгмæ æмæ йын уый дзуапп ратдзæн.

Боны фæткы фæстаг пункты уыдис сæрдыгон парламентон каникулты тыххæй. Парламенты Сæрдар, депутатон корпусы размæ ацы фарст фидар кæнынмæ рахæсгæйæ, фæстиуджытæ сарæзта Парламенты сессийæн. Уый райгондæй банысан кодта, республикæйы закъонфæлдисджытæ улæфты кæй цæуынц, сæ куыст æххæстæй бакæнгæйæ. Министрадтæ æмæ ведомствотæй æнæркаст фарстытæ æмæ æнæрайст закъоны проекттæ нæ баззадис РХИ-йы Президенты æвзæрстыты агъоммæ æмæ æвзæрстытимæ баст вазыгджын рæстæгмæ нæ кæсгæйæ. Æвæрццаг аргъ лæвæрд æрцыд Парламенты Аппараты куыстæн дæр. Уыимæ иумæ Гасситы Петр хъусдард аздæхта хицæн депутатты æп-пæрццаг куыстмæ, кæцытæ рауадзынц кæнæ бафæстиат кæнынц рабадтытæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ ахæм депутаттæн сæ сæйраг куыстмæ депутаты статус у æхцон бонус. «Уый та дзурæг у ууыл, æмæ профессионалон парламентмæ рахизыны фарст кæй у актуалон æмæ домы йæ аскъуыддзаг кæнын. Депутаттæ хъуамæ адæммæ уой æввахсдæр æмæ активондæр хайад исой республикæйы царды, æвзарджыты проблемæтæ скъуыддзаг кæнгæйæ», – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Уый ма æрсидт депутаттæм, цæмæй парламентон каникултæй спайда кæной цæр-джытимæ æмбæлынæн æмæ ног сессион сезонмæ бацæттæ кæнынæн, радон сессимæ æркæсынмæ хаст чи хъуамæ æрцæуой, уыцы приоритетондæр фарстыты номхыгъд саразгæйæ.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.