Энергетикæйы фадыджы цытджын ветерантæ æмæ кусджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын Энергетикы боны цытæн!

Энергетикæйы фадыг йæ ахсджиагдзинад никуы сафы, ифтонг кæны адæмон хæдзарады æппæт фадгуыты цардархайд æмæ бæрæг кæны бæстæйы экономикон фæрныгад.

Абон республикæйы энергетикæйы фадыг ис йæ рæзты радон этапы. Мах нæ разы æвæрæм ног хæстæ. Фыццаг планы сты энергетикон æмæ экологон æдасдзинад, къабазы куыстуæтты æмæ æппæт артаг-энергетикон комплексы эффективондзинад бæрзонддæр кæнын. Нæ разы ис зындзинæдтæ, фæлæ мах æппæт нæ адæймагон æмæ материалон фадæттæй бацархайдзыстæм, цæмæй дарддæр рæзæм, куыд зæронд хъомысадты модернизацийы, афтæ ногтæ аразыны ‘руаджы.

Бирæ арæзт æрцыд, фæлæ цæмæй электроэнергетикæйы объекттæ æнæкъуылымпыйæ адæмæн лæггад кæной, уый тыххæй хъæуы ноджы фылдæр кусын.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Нæй ахæм ситуацитæ, кæцыты мах иумæ нæ аскъуыддзаг кæндзыстæм. Бузныг уын уæ хъæддыхдзинад, æхсардзинад, бæрзонд профессионализм æмæ нæ иумæйаг хъуыддагыл уе  ‘нувыддзинады тыххæй.

Мæ цæст уарзы фадыджы æппæт кусджытæн æмæ ветерантæн фидар æнæниздзинад, циндзинад, оптимизм, афтæ ма уæ разылæууæг хæстæ æнтысгæйæ æххæст кæнын!

Амонд æмæ фæрныгад сымахæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Сæрдар Пухаты Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.