Цæгат Кавказы Федералон зылды горæт Кисловодскы 6-7-æм майы Стыр Уæлахизы цытæн уагъд æрцыдысты ерыстæ Кекусин кан каратэйæ. Хуссар Ирыстонæй дзы хайад райстой 8 спортсмены: Дудайты Доннæ, Гаглойты Дианæ, Тадтаты Софья, Гайты Аннæ, Тедеты Аннæ, Пухаты Михаил æмæ Тадтаты Роман. Æвзæнгты спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ уыдысты физикон æгъдауæй цæттæ. Уымæ гæсгæ ам 17 командæйы сконды цы 260 каратэист истой хайад Цæгат Кавказы регионтæй, уыдоны ‘хсæн не спортсментæ равдыстой хорз фæстиуджытæ.

«Турниры фыццаг бон дæр бæрæг уыд, нæ командæмæ æнтыст кæй æнхъæлмæ кæсы. Тадтаты Софья, кæцы архайы 50 кг уæзы категорийы, равдыста иттæг хорз техникæ, иннæ хæттытæй ныр хуыздæр уыд  йæ физикон цæттæдзинад. Уымæ гæсгæ йæхицæн фæндаг байгом кодта финалмæ, цыран фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæгыл æмæ бацахста фыццаг бынат. Сыгъзæрин майданы хицау ссис Гаглойты Дианæ дæр», – зæгъы Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ æмæ æвзæнгты спортивон скъолайы сæйраг тренер Созайты Владимир.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ерысты уæлдай хуыздæр йæхи равдыста 13 аздзыд, 2017 азы Уæрæсейы чемпионкæ Дудайты Доннæ. «Доннæ царды сабыр, æфсæрмдзæстыг чызг уæвгæйæ, татамийыл уыйбæрц тыхджынæй равдисы йæхи, æмæ дисы бахауын мæхæдæг дæр. Йæ ныхмæлæуджыты фыццаг секундты тыхджын цæфтæй сатакæ кæны æмæ сыгъдæгæй фæуæлахиз вæййы. Ацы ерысты та архайдта каратэйы вазыгджын хуызы амæлттæй сæ иуæй. Сальто саразгæйæ комкоммæ баххæст йæ ныхмæлæуджыты сæрмæ  æмæ æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз. Татамийыл йæхи куыд дары, уый цæстæвæрæн вæййы æппæт ерысты хайадисджытæн», – зæгъы тренер.

Чызджыты ‘хсæн ма хорз фæстиуджытæ равдыста Тедеты Аннæ дæр. Уый та архайдта 30 килограммы уæзы категорийы æмæ бацахста дыккаг бынат.

Пухаты Михаил, кæцы архайы 70 килограммы уæзы категорийы, бацахста 3-аг бынат. Тадтаты Роман финалмæ нæ бахауд, фыццаг хатт тохы къорд рæдыдтытæ кæй æруагъта, уый аххосæй.

Æвзонг спортсментæн ерысты хайад райсыны тыххæй финансон æххуыс бакодта дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим.

Ныр та æвзонг спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц 18-20 майы РЦИ-Аланийы уагъдцæуæг хæстон аивæдтæй æвзæнгты ‘хсæн дæсæм республикон хъæзтытæм. Ацы ерысты рæстæджы фæбæрæг уыдзæн æвзонг спортсменты дæсныдзинад, æмæ йæ фæстиуджытæм гæсгæ, арæзт æрцæудзæн РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæ, кæцы хайад райсдзæн сентябры райдианы хæстон аивæдты 11 æппæтуæрæсейаг хъæзтыты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.