Алцы дæр змæлы, алцы дæр ивы, – загъта рагон бердзенаг философ. Алцы дæр змæлы, ивы йæ æрдзон уагыл æмæ, зæгъгæ, фæсындæгдæр, гъе та фæтагъддæр сты, уæд цасдæрбæрцæй фехæлы адæймаджы царды гармони. Уый хауы æхсæнадмæ дæр, уæлдайдæр та дзы цæхгæр ивындзинæдтæ куы ‘рцæуы, уæд. Ивгъуыд æнусы ахæм цæхгæр ивындзинæдтыл цыд нæ хуссарирыстойнаг æхсæнад, рацыдыстæм сыл мах дæр. Октябры революци йæ бындур ныззилын кодта Уæрæсейы хæдхæцæг паддзахадæн, адæм дыууæ дихы фесты, систы кæрæдзийы ныхмæ, æфсымæр æфсымæрмæ касти топпы кæсæнæй, сытынг æмбæстагон хæст. Кæд æмæ кæд æрсабыр сты Уæрæсейы, Советон Цæдисы адæмтæ! Мах, хуссарирыстойнаг ирæттæ, ма уымæй уæлдай 1920 азы бавзæрстам геноцид Гуырдзыстоны ‘рдыгæй, лидзинаг фестæм нæ фыдæлты уæзгуытæй

Дыккаг дунеон хæст. Дунейы бирæ бæстæты адæмтæн сæ сабыр цард раивдæуыд хæстон цардæй. Йæ фæстиуæг – дæсгай милуан амæттæгтæ… Уыдоны ‘хсæн дыууадæс мины бæрц равзаргæ фæсивæд æрмæст Хуссар Ирыстонæй. мингæйттæй та æрыздæхтысты инвалидтæй.

Нæ республикæйы ныртæккæ чи цæрынц, уыдон дæр, æнахъомтæй дарддæр, рацыдысты хæсты фæндагыл. Даргъ разынд уыцы фæндаг. Райдыдта уартæ, Советон Цæдис ивгъуыд æнусы 90-æм азты пырх кæнын куы райдыдта, уæдæй æмæ фæцис августы хæстыл.

Нӕ хъомысджын бæстæйы ныппырх мыгуырауæрдæм бандæвта æрмæст йæ адæмыл нæ, фæлæ æгас социалистон æмхæларады бæстæтыл цæрæг адæмтыл дæр. Æрхауд сæ царды æмвæзад, бирæ рæтты сытынг сты хæсты æртытæ.

Уый уыд советон цардæвæрды хъæддаг капитализмæй цæхгæр фæивды фæстиуæг æмæ абон дæр уыдон сæхи зонын кæнынц.

Хæст кæм нæй, уыцы адæм уæддæр царды амæлттæ кæнынц, хъуыды кæнынц сæ сомбоныл. Махæн дыууын азы дæргъы цард æмбæлон уагыл аразыны фадат нæ уыд. Горæт æмæ арæнгæрон ирон хъæуты алыварс – гуырдзиаг хъæутæ, нæ уыд уыцы хъӕутыл æдæрсгæ, æдасæй цæуыны æмæ хъуыддæгтæ аразыны фадат. Цал æмæ цал ирон адæймаджы бабын уыцы фæндæгтыл цæугæйæ! Сарæзтам сæ иувæрсты цæуæг фæндаг Зары æфцæгыл æмæ уырдæм дæр баххæссыдысты гуырдзиаг фыдгæнджыты къухтæ…

Мах расидтыстæм нæхи хæдбар паддзахадæй. Æппæт дæр арæзт цыдис дунеон барадон нормæтæм гæсгæ. Фæлæ цы давынц дунеон барадон нормæтæ, тых дæ къухы куы уа! Хъыгаг у, адæймагад æппæт йæ историйы тыхы фæдыл кæй цæуы. Уый хауы хицæн адæймæгтæм дæр æмæ æгас паддзахадтæм дæр. Ау, тыхæй дарддæр ма куы ис зонд дæр адæймагæн. Æниу хицæн адæймæгтæй æмæ паддзахадтæй дæр бирæ тыхджын паддзахадтӕ сæхи уæздандæрæй дарынц.

 Мах та цы? Мах чысылнымæц адæм стæм æмæ хъуамæ цæдисы уæм цавæрдæр хъомысджын бæстæимæ. Уыцы бæстæйы ирон адæм равзæрстой æнусты размæ. Уый Уæрæсе. Æмæ нæ фæрæдыдысты. Сæ æмцæдисад æмæ хæлардзинад сæрыдысты сæ историйы уæззау рæстæджыты. Нæ адæмы минæвæрттæ æнувыдæй лæггад кодтой Уæрæсейæн, сæр-иу сæ кæм бахъуыд, уыцы хъуыддæгты. Мах дæр нæхи æдасдæрæй хатын райдыдтам Уæрæсейы сконды уæвгæйæ.

Афтæ уыд ивгъуыд æнусы дыууынæм азты, Уæрæсейы 11-æм арми куы рахызт æфцæджы сæрты, нæ зæххы нын гуырдзиаг меньшевиктæй куы ссæрибар кодтой нæ растадонтимæ æмæ нæ лигъдæттæн фæстæмæ æрыздæхыны фадат куы фæцис, уæд.

Уæрæсе иуварс нæ алæууыд ивгъуыд æнусы 90-æм азты нæ адæмы зындгонд трагикон цауты рæстæджы дæр. Хæст куы сытынг, уæд Уæрæсейы разамынад Горбачевæй райдайгæйæ, архайдтой уавæр æрбæстон кæныныл, фæлæ уыдонæн уадиссаг фæстиуæг ницы уыдис – сæ хъæлæсмæ сын нал хъуыстой, националистон зондахастыл лæуд чи уыдысты æмæ чи ссонт сты, уыцы тыхтæ Гуырдзыстоны. Сабырадмæ реалон къахдзæф арæзт æрцыд Дагомысы фембæлды Б. Ельцины хайадистæй. Уæд райст æрцыд уынаффæ цыппарфарсон фидауынгæнæг тыхтæ Хуссар Ирыстонмæ бакæныны тыххæй. Æмæ ам дæр сæйраг уæз æрæнцад Уæрæсейыл.

Фидауынгæнæг тыхты æрцыдæй нæ зæхмæ æрцыд сабырад. Фæлæ уый уыд сæртæг. Æхстытæ æрлæууыдысты, фæлæ уæддæр фæндæгтыл бынтон æдасæй нæ уыд цæуæн. Æдасæй нæ уыд быдырон куыстытæ кæнын. хæстæфхæрд адæм кæд сулæфыдысты, уæддæр тас сæ уæнгтæй нæ ацыд, сæ  фидæн цы уыдзæн, ууыл æххæстæй нæма æууæндыдысты. Уыцы сæйраг фарст хъуыд политикон æгъдауæй скъуыддзаг кæнæн, фидауынгæнæг тыхтæн уый сæ компетенцийы нæ уыд.

Афтæ аз цыдис азы фæстæ æмæ æввахсæй æввахсдæр кодтам 2008 азы августы мæймæ. Уæдмæ дæр Уæрæсе, йæхæдæг уыцы рæстæджы уæззау уавæры уæвгæйæ, йе ‘ххуысы хай кодта Ирыстонæн. Энергетикон блокадæ сисыны нысанæн арæзт æрцыд электроадæттæн хахх Цæгат Ирыстонæй Хуссар Ирыстонмæ. Арæзт æрцыд Дзуарыхъæу-Цхинвалы газуадзæн, скъуыддзаг цыдысты цæрджыты социалон фарс-татæ.

Зын бамбарæн нæу, августы тугкалæн хæсты дæр Уæрæсе йæхи куынæ фæхæццæ кодтаид æмæ  цæхгæр мадзæлттæ куынæ райстаид, уæд нæ адæммæ цы æнхъæлмæ каст, уый. Сфæлхатт уыдаид 1920 азы геноцид, кæцыйæн ацы бонты банысан кодтам йæ сæдæ азы бон. Мæскуыйы æнцон райсæн нæ уыд Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæныны тыххæй уынаффæ. Уæрæсе зыдта, дунейы хъомысджын бæстæтæ йæ ныхмæ кæй рацæудзысты, фæлæ уæддæр сарæзта ахæм къахдзæф. Æмæ нæм æрцыд Уæрæсейы æфсад. Хуссар Ирыстоны зæхх уыйбæрц хæстон техникæ, уыйбæрц удæгас тых никуы федта. Уæрæсейы æфсæддон хъомыс нæ зæххыл ныххуыдыг, ныннымæг кодта хæсты арт. Æрцыдис ныл уды зиæнттæ, нæ горæт, бирæ хъæутæ хъæрзыдысты пырхæнты, æртхутæджы бын, фæлæ адæм уæддæр сулæфыдысты. Дыууадæс азы размæ ацы бонты мах æнæвдæлон уыдыстæм – алчи йæ хæдзары, кæм куыста, уыцы уагдоны рудзгуыты æвгты згъæлæнтæ æмæ æндæр пырхæнтæй сыгъдæг кодта, бынтондæр кæмæн ныппырх сты сæ хæдзæрттæ, уыдон æндæр рæтты балæууæндæттæ бацагуырдтой. Сыгъдæг цыдысты нæ хæстдзагъд горæты уынгтæ.

Хæсты зæлтæ куыддæр ныннымæг сты, афтæ та Уæрæсе æрæвнæлдта æндæр хуызы æххуыс кæнынмæ – нæ цард сæндидзын кæнынмæ. Цæуын нæм райдыдтой машинæты колоннæтæ гуманитарон æххуысимæ. Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр регионтæй нæм, сæхæдæг тыхст уавæры уæвгæйæ, се ‘ххуысы къух даргъ кодтой æмæ нæм ластой хæлцадон продукттæ, алыгъуызон техникæ æмæ ифтоггæрзтæ. Фыццаджыдæр, уал нæ цæрджытæ лæвар истой æвгтæ, цæмæй сæ сæ рудзгуытыл бакодтаиккой æмæ сын сæ къуымты æрбадæн уыдаид. Ивд цыдысты, чи ныскъуыдтæ сты, уыцы электрохæххытæ, цæмæй нæ хæдзæртты рухс фæзындаид, исты нæм скуыстаид. Цхинвал, Хуссар Ирыстоны бирæ хъæутæ æртхутæгæй, пырхæнтæй стадысты. Æртхутæгæй, пырхæнтæй сыгъдæг кæнын æнцондæр уыд – бирæ зындæр уыд уыцы пырх хæдзæртты, æндæр нысаниуæджы объектты бынæтты ногтæ саразын кæнæ сæндидзын кæнын. Уымæн хъуыд рæстæг, фадæттæ, фæрæзтæ. Æмæ уал…

Æрбалæууыд августы 26-æм бон. Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитри Медведев æгас дунейæн фехъусын кодта, Уæрæсе кæй банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинад. Æмæ дуне фæсæццæ. Раздæр Советон Цæдисы дæр бирæтæ кæй нæ зыдтой, уыцы чысыл Хуссар Ирыстон ссис нымад бæстæ. Æгас дуне базмæлыд. Иууыл хъомысджындæр бæстæтæ, уæлдайдæр та АИШ æмæ Европæйы бæстæтæ рацыдысты Уæрæсейы ныхмæ, фæлæ цы бакæной, куыд архайой, уымæн бæлвырдæй ницы зыдтой. Æгæр стыр бæстæ у, йæ тых, йæ хъомыс ын зыдтой æмæ уыдæттæ нымайын хъуыд. Уæрæсе дунейæн фенын кодта, ивгъуыд æнусы 90-æм азты Уæрæсе кæй нал у, кæй йын ис йæхи позици æмæ йæ æмбæстæгты интерестæ бахъахъхъæнынхъом кæй у.

26 август – Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бон ирон адæмы историйы ссис зæрдылдарæн бон. Æрвылаз дæр æй нысан кæнæм, куыд нæ ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу, афтæ. Уæрæсейæн нæ хæдбардзинад банымайын уæрæхдæр фадæттæ радта нæ раууатмæ æрцæуæг экономикæ йæ къахыл слæууын кæныны, нæ адæмы царды æмвæзад бæрзонддæр кæныны йе ‘ххуысы хай зынгæ фæфылдæр кæнынæн. Ныр уый йæ хъуыддæгтæ Хуссар Ирыстонимæ арæзта, куыд паддзахад паддзахадимæ, афтæ. Паддзахадтæ та кæрæдзиимæ сæ ахастытæ аразынц бадзырдты бындурыл. Æмæ нæ хæдбардзинад банымайынæй дыууæ къуыри дæр нæма рацыд, афтæ Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Мæскуыйы къухтæ æрфыстæуыд хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй бадзырдыл. Уый у сæйраг, бындурон бадзырд æмæ æххæссы дыууæ бæстæйы цардархайды æппæт къабæзтыл дæр. Ацы бадзырдмæ гæсгæ кæрæдзийы ‘хсæн æмгуыстад кæнынц, фидар æмæ рæзын кӕнынц дыууæ бæстæйы æнгæс министрадтæ æмæ ведомствотæ. Æппæт уыдæттæ та здæхт сты, дыууыназон хæст нын цы ракодта, уыдон аиуварс кæнын, нæ цард ногæй сæндидзын кæнынмæ. Æмæ цы ивындзинæдтæ цæуы нæ царды Уæрæсейы æххуысы руаджы, уыдонæн та нæхæдæг стæм æвдисæн. Цардæн аразæн нæй, дæ цардæн, исчи дын æй байсдзæн, уымæй куы тæрсай,  дæ фидæныл, дæ кæстæрты фидæныл куынæ æууæндай, уæд. Æмæ Уæрæсе ссис нæ æдасдзинады гарант. Арæзт æрцыд æдасдзинады иумæйаг тыгъдад, дыууæ бæстæ дæр сæхимæ хæс райстой, иуæн тæссаг куы уа, уæд æм иннæ æххуысмæ кæй фæзындзæн. Æмæ нын цæмæй ног хæстæй тæссаг мауал уа, уый тыххæй нæ республикæйы уæвынц уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ, Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæ.

Мах уынæм, Уæрæсейы æххуысы руаджы нæ цард хуыздæрæрдæм кæй ивы. Августы хæсты фæстæ фæдфæдылонæй архайын райдыдта хицæн æмæ хицæн азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ. Уымæ хаст æрцæуынц канд хæсты рæстæджы ныппырхгонд хæдзæрттæ æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ нæ, фæлæ нæм раздæр чи нæ уæвыд, афтæмæй нæ ахсджиагæй чи хъуыдысты, ахæм объекттæ дæр. Нæ цæстыты раз ивы, рæсугъддæр кæны нæ сæйраг горæт Цхинвал. Абоны Цхинвал хæсты хæдфæстæ Цхинвал нал у. Æрхæндæгдзинад, æнкъард хъуыдытыл адæймаджы чи æфтыдта, уыцы горæты уынгты цæуын ныр æхцондзинад хæссы. Æхцондзинад нын хæссынц, пырх бæстыхæйтты бынæтты чи сырæзтысты, уыдон сӕ бакастæй. Мах сæрыстыр стæм, Цæгат Кавказы дæр дæ цæст кæуыл не схæцдзæн, ахæм драмон театры, афтæ университеты бæстыхæйттæй, сæ коллективæн дзы цы уавæртæ арæзт æрцыд, уыдонæй. Махмæ æхцондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнынц ногсырæзгæ, кæнæ ногæндидзыд медицинон, кӕцыты се ‘нӕниздзинад фидар кӕнынц не ‘мбӕстӕгтӕ, культурон æмæ спортивон объекттæ, цыран сæ курдиат райхæлыны фадат ис рæзгæ фæсивæдæн.

Нæ горæты гом цæуынц амалиуæгады объекттæ, æмæ нырма кæд сæ хъомысад, сæ ахадындзинад иттæг бæрзонд нæу, уæддæр нырма фæндаджы райдианы сты æмæ æнхъæлмæ кæсæн ис амалиуæгады, уæлдайдæр та, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгад сæ рæзт кæй фæтагъддæр кæндзысты.

Ивындзинæдтæ цæуы нæ хъæууон хæдзарады дæр. Рæзы нæ фермерон хæдзарадты бæркад. Фылдæр кæнынц нæмыгон культурæты байтыдтыты фæзуæттæ. Хицæн æмæ хицæн хъæуты фæзындысты ног дыргъдæттæ, сæндæттæ, халсæртты фæ-зуæттæ. Рæзы кæсагдард, мыддард, æндæр здæхтытæ æмæ уыдон иууылдæр сты Уæрæсеимæ бастдзинæдты руаджы. Раст у, уыцы æнтыстытæ нырма зæрдæйы фæндиаг не сты, фæлæ уый нæхи фердæхтдзинадæй дæр бирæ кæнгæ у.

Æнæзæгъгæ нæй, Цæгат Ирыстонау махæн, Хуссар Ирыстоны адæмæн дæр нæ ориентаци Уæрæсейы ‘рдæм здæхт кæй у. Кæд Советон дуджы Гуырдзыстоны сконды уыдыстæм, уæддæр стæмтæй дарддæр нæ фæсивæд сæ ахуыр дарддæр кодтой  Уæрæсейы астæуккаг специалон æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты, дунеон культурæмæ фæндаг ардтой Уæрæсейыл æмæ уырыссаг æвзаджы руаджы. Афтæ уыд æнусты дæргъы, афтæ у абон дæр. Кæд йе сконды не стæм, уæддæр æппæт дæр арæзт цæуы, цæмæй не скъолатæ каст чи фесты, уыдонæн цæлхдуртæ ма уа Уæрæсейы сæ ахуыр адарддæр кæныны. Уый нæ, фæлæ ма бирæтæн лæвæрд æрцæуынц лимиттæ дæр.

Уæрæсейы æххуыс мах нæ тыхст рæстæджыты кæддæриддæр æнкъардтам. Æнкъарæм æй абон дæр, уымæн æмæ нæ царды нырма дæр тыхсæм, нырма нæхи дарынхъом не стæм. Фæлæ цард размæ цæуы æмæ хъуамæ æрбалæууа уыцы рæстæг, нæ бюджеты нæхи фæрæзтæй куы йедзаг кæнæм, нæ цард нæхи къухтæй куы аразæм æмæ Уæрæсейæн дарддæр дæр æнувыд хæларæй куы баззайæм. Уæрæсе та, дунейы царды цы ног фæткыл райдыдтой дзурын, уым, æртхъирæнтæ æмæ æвзидæнтæм нæ кæсгæйæ, аккаг бынат æрцахсæт æмæ дарддæр дæр йæ бавæрд хæссӕд ацы æнæнцой дуджы æнцойад сфидар кæнынмæ.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.