Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филиппимæ.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта Хацырты Филиппы лæггæдтæ Ленингоры районы къухдариуæггæнæ-джы бынаты, афтæ ма æрымысыд Фидауынгæнæн тыхты рæнхъыты йæ архайд, стæй Хуссар Ирыстоны зын рæстæджыты йæ равдисгæ патриотизм.

«Æппæт дæ царды фæндаг баст у Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ хъахъхъæ-нынимæ. Ленингоры районы къухдариуæг-гæнæджы бынаты дæуæн бирæ бантыст саразын. Уыдон сты: сывæллæтты æнæнизгæнæн лагерь, донуадзæн, Цъинагары ног спортзал. Стыр у, цы мадзæлттæ сæххæст кæнын дын бантыст, уыдон номхыгъд.

Уыимæ иумæ, ды куырдиат балæвæрдтай районы сæргълæууæджы бынатæй дæ ссæрибар кæныны тыххæй, æмæ мæнæн мæ бон нæу уый ма райсон», – загъта Бибылты Анатоли.

Презиент банысан кодта, Хацырты фыртæн æндæр бынат кæй бацагурдзысты паддзахадон службæйы системæйы.

«Паддзахады къухдариуæгад цы къахдзæфтæ кæны, уыдон иууылдæр сты Хуссар Ирыстоны ирд сомбоны тыххæй. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ тагъд рæстæджы бæрæг æрцæудзæн дæ дарддæры архайд, цыран ды раздæрау дæхи равдисдзынæ аккагæй. Ныфс мæ ис, ды республикæйæн нырма бирæ пайда кæй æрхæсдзынæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Йæ рады Хацырты Филипп бузныджы ныхæстæ загъта Ленингоры районы сæргълæууæджы бæрнон бынаты йæ сæвæргæйæ йе ‘ууæнкдзинады тыххæй æмæ   банысан кодта, ныфс æй кæй ис, цы проекттæ райдыдтой æххæст кæнын,  уыдон кæй адарддæр уыдзысты æмæ царды æххæст кæй  æрцæудзысты.

«Банысан кæнын мæ фæнды, район райрæзын кæнынæн кæй ис перспективæтæ  куыстуæттæ сæндидзын кæнын, ног куысты бынæттæ саразын. Ахсджиаг у инфраструктурæйы дарддæры рæзт дæр», – загъта уый.

Библыты Анатоли йын бузныджы ныхсæтæ загъта йæ бакæнгæ куысты, районмæ йæ аудгæ ахаст æмæ патриотизмы тыххæй. Уый банысан кодта, Ленингоры районы æппæт проекттæ дæр реализаци кæй æрцæудзысты.

«Ды кæй æрбавдыстай, уыцы донæмбырдгæнæны проектыл, уынаффæ цыд уæрæсейаг коллегæтимæ дæр бæрзонд æмвæзадыл, æмæ йæ мах сæххæст кæндзыстæм.  Фæн-дæгтыл дзургæйæ, арæзт цæуы 2020-2022 азы проект, æмæ йæ нæ бон суыдзæн Инвестпрограммæмæ бахæссын.

Ленингоры поселокæн йæхи уынгтæ хæрзарæзт цæуынц, фæуд кæны донсыгъдæггæнæнты арæзтад. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ ды Ленингоры районы куынæ кусай, уæд дæр æххуыс кæндзынæ, цы проекттæ райдыдтай, уыдон æххæст кæныны хъуыддаджы», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.