Культурæйы министрады программæмæ гæсгæ, Галаты Барисы номарæн къуырийы бонтæ дарддæр уагъд цæуынц горæт Цхинвалы.

22-æм марты фыццаг ирон профессионалон композиторы рухс ном ардтой нæ горæты Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы конференц-залы. Ацы бон Галайы-фырты райгуырдыл сæххæст уыдаид 134 азы æмæ уый цытæн сорганизаци кодтой музыкалон-литературон мадзал. Генийæн кад кодтой хистæрæй кæстæрмæ. Ардæм æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Радæ, Галаты Барисы номыл культурон фонды директор Гаглойты Лианæ æмæ йе ‘мкусæг-æмкъай Гæбæраты Андрей, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан, афтæ ма зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ. Сæрмагондæй ацы мадзалы хайад райстой студентон фæсивæд дæр. Университеты «Актерон дæсныйады» факультеты студенттæм æрхаудта ахæм хæс, цæмæй развæлгъау хуыздæр базыдтаиккой, чи уыдис Галаты Барис æмæ Ирыстонæн цы сарæзта, уый. Студенттæ цымыдисон докладтæ сарæзтой Галаты Барисы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Æмæ æрæмбырдуæвджытæ та байхъуыстой Галаты Барис йæ адæмæн кæй ныууагъта, аргъ кæмæн нæй, ахæм егъау культурон бынтæ, йæ номæн ын аргъ кæнын кæй хъæуы, стæй уыцы сфæлдыстадон бынтæ та парахат кæнинаг кæй сты – уый уыд студентты дзырды сæр.

Уæрæх публикæйæн экраныл равдыстой Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ поэмæмæ гæсгæ арæзт киноныв «Фатимæ»-йæ скъуыддзаг, цæмæй байхъуыстаиккой Галаты Барисы музыкæмæ.

Музыкалон-литературон мадзал барæсугъд кодтой Галаты Барисы кадджын ном хæссæг паддзахадон ансамбль «Симд»-ы хор, сæ къухдариуæггæнæг Саппиаты Залинæимæ. Ам ма Барисы номыл цалдæр зарæджы сæххæст кодтой РХИ-йы Президенты цур национ зарджыты хор, Къæбысты Сæрмæты къухдариуæгадæй.

Культурæйы министр Зæгъойты Радæ йæ раныхасы банысан кодта Ирыстоны номдзыд композиторы стыр курдиат æмæ национ культурæйы рæзтмæ стыр хайбавæрд. Нæ республикæйы музыкæимæ баст культурон артдзæстытæ иууылдæр баст кæй сты Галайы-фырты номимæ. «Цы адæм сæ ивгъуыдæн нæ аргъ кæнынц, уыдонæн фидæн дæр нæй. Мæнæн тынг æхсызгон у уый, æмæ абон ацы мадзалы кæй архайынц нæ фæсивæд, кæй зонгæ кæнынц гениалон композиторы цард æмæ сфæлдыстадимæ æмæ йæ кæддæриддæр сæ зæрдыл кæй дардзысты. Бузныг æппæт хайадисджытæн дæр æмæ йæ организатортæн дæр», – загъта министр æмæ уый фæстæ  университеты студентты  схорзæхджын кодта грамотæтæй мадзалы сæ активон хайадисты тыххæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.