Амондджын царды сæраппонд фæстæ нæ фæлæууыдысты Ирыстоны æхсарджын фырттæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Уыдон сæ хъæбатырдзинадæй стыр хайбавæрд бахастой не стыр Уæлахизмæ æмæ сæ ном ныхъхъæр æнæхъæн дунейы. Хъайтардзинады цæвиттон æвдыстой уыдон æмæ сæ тох уыд знагыл тагъддæр фæуæлахиз уæвын æмæ нæ сабырурзаг дзыллæтæн сæрибардзинад æрхæссын. Ахæм уыд сæ тохы нысан Сталиниры районы Тъбеты хъæуы цæхæрцæст фæсивæдæн дæр. Уыдонæй иутæ Уæлахизы боныл сæмбæлдысты хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ, хъыгагæн, æндæртæ нал æрæййæфтой уыцы бон, фæлæ йæ сæрвæлтау нæ бахæлæг кодтой сæ цард. Уæлахизы бонæй дзæвгар рæстæг рацыд, фæлæ хъæубæстæй рох не сты се ‘дзард хæстонты рухс нæмттæ æмæ сын сæ хъæбатырдзинад нæ рох кæнынц. Уымæн  æвдисæн у, цалдæр азы размæ сæ номыл кæй сырæзт цыртдзæвæн æмæ дзы фыст сты сæ нæмттæ. Ам сты Багаты, Бететы, Бибылты, Битеты, Бе-къойты, Бикойты, Гаглойты, Галуанты, Гулиты, Дыгъуызты, Джергаты, Джиоты, Зæгъойты, Елбачиты, Еналдыты, Кокойты, Коцты, Къæбысты, Мæргъиты, Медойты, Плиты, Тъехты, Хацырты, Цхуырбаты, Цъæритты æмæ Челæхсаты зынгхуыст лæппутæй  65.

Уæлахизы бон ардæм æр-бацæуынц хъæубæстæ, интел-лигенцийы минæвæрттæ, скъо-лайы ахуырдзаутæ æмæ сын ссарынц сæ рухс нæмттæ. Хорз у, йæ алфæмблаймæ кæй базилынц. Цалдæр азы размæ та йæ бацæуæны дыууæрдыгæй фарс дæр нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы фæндонмæ гæсгæ,  сагъд  æрцыдысты цъæх талатæ. Не Стыр Уæлахизы 75 азы цытæн та бынæттон цæрæг Икъоты Никъала фæсидт кæстæр кары фæсивæдмæ æмæ сын бамбарын кодта, ацы бынат кæй хъæуы æмбæлон уагмæ æркæнын. Уыдон стыр разæнгардæй бавнæлдтой ахсджиаг хæс æххæст кæнынмæ æмæ базылдысты йæ алыварс фæзуатмæ. Хъæппæрисон куыст бакодтой Цхуырбаты Ирбег, Гаглойты Альбинæ, Гулиты Ланæ, Цхуырбаты Георги, Гаглойты Альдæ, Багаты Сæрмæт, Гаглойты Максим æмæ Цхуырбаты Марат.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.