Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уӕдæй тынг хорз бахъуыды кодтон нӕ сыхӕгты зӕронд лӕгы, кӕцы-иу ӕрвылрайсом дӕр куыстмæ рацӕйцыд нӕ цурты. Кусгӕ та кодта Терегуаны колхозы кассирӕй. Алы бон дӕр-иу рацыд уыцы-иу афон,  уыд пунктуалон адӕймаг. Куыстмӕ цӕугӕйӕ кӕддӕриддӕр уыд хӕрзконд – хӕрзитугонд костюмты ӕмӕ хӕдоны, ӕмӕ хӕрзсыгъдӕг дзабырты. Йӕ рахис къухы ӕппынӕдзух дардта лӕдзӕг, уымӕн йӕ иу къахӕй къуылых кодта ӕмӕ йын лӕдзӕджы ӕнцой цӕуын ӕнцондӕр уыд. Ацы диссаджы зӕронд лӕг уыд Хаситы Раманы фырт Никъала (Къола).

Къоламӕ бакӕсгӕйӕ алчидӕр бафиппайдтаид, ацы адӕймаг кӕй рацыд царды зын фӕндӕгтыл, бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста ӕмӕ йыл уӕззау азтӕ сӕ арф фӕд кӕй ныууагътой. Йӕ къахӕй кӕй къуылых кодта, уыимӕ ма ноджы йӕ гуырыконд дӕр рӕстмӕ нал уыд, – зӕхмӕ ӕркъӕдз ӕмӕ-иу ын йӕ астæу сраст кӕнын тынг зын уыд. Йӕ сӕр ногуард митау урс адардта. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бакастӕй алкӕй дӕр рӕвдыдта, йе сныхас та уыд – фӕлмӕн. Никуы йын ничи фехъуыста йӕ хъӕрæй, кӕнӕ йе схуыст ныхас. Йæ хъазæн ныхæстæй цыфæнды мæсты адæймаджы дæр бахудын кодтаид.

Райгуырдис 1925 азы Знауыры районы Терегуаны хъӕуы зӕхкусӕг бинонты ‘хсӕн. Уыдысты ӕхсӕз хойы ӕмӕ  дыууӕ ӕфсымӕры. Къола уыд зӕнӕджы кӕстӕр. Уахтъанайы астӕук-каг скъола каст фӕуыны фӕстӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта Цхинвалы педагогон ахуыргӕнӕндоны. Уыцы рӕстӕджы райдыдта Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст дӕр ӕмӕ Къолайы ӕфсымӕр Платонмӕ ӕрсидтысты Сырх Ӕфсады рӕнхъытӕм. Платон хӕстмӕ ацыд «ацу ӕмӕ ма рцуйы фӕндагыл», – ӕбӕрӕг сӕфт фӕкодта. Хæсты фæстæ дæр ма йæ бирæ фæагуырдта Къола, фæлæ уыцы æгъатыр дуджы гуылфæнты йæ кой дæр нал райхъуыст.

Къолайӕн йӕ азтӕм гӕсгӕ хӕстмӕ ӕрсидыны рӕстӕг нӕма уыд ӕмӕ йӕ нӕ кодтой ӕфсадмæ, кӕд ӕмӕ йӕхӕдӕг цалдӕр хатты бахатыд ӕфсӕддон къамисариатмӕ, уæддæр. Йæхи та тынг фæндыд, цӕмӕй йӕ арвитой хӕстмӕ ӕмӕ йын йе фсымӕры туг райсыны фадат фӕуа. Ӕрыгон лӕппу стыр ӕххуыс уыд фӕсчъылдым дӕр, – ӕппынӕдзух куыста колхозы куыстуӕтты ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хайбавӕрд хаста иумӕйаг хъуыддагмӕ – немыцаг фашисттыл фӕуӕлахизмӕ. Уӕды рӕстӕджы тынг сыстӕм ис лӕгдых, нӕлгоймӕгты фылдӕр хай ацыдысты хӕстмӕ ӕмӕ царды уӕз иууылдӕр æрынцад Къолайы ӕмцахъхъӕнты ӕмӕ сылгоймӕгты уæхсджытыл. Ӕхсæвæй-бонæй уæззау куыст кодтой, цæмæй фронтмæ æрвитой хæлц æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ. Кæд хæстонтæ комкоммæ цавтой знаджы хæсты быдыры, уæд фæсчъылдым чи баззад, уыдон та æппынæдзух архайдтой, цæмæй мацы цух баззайой советон хæстонтæ. Ӕмæ лæмбынæг куы æркæсæм, уæд зæгъæн ис æмæ фæсчъылдым фæллойгæнæг адæм къаддæр хайбавæрд нæ бахастой Стыр Уæлахизы бонмæ.

1943-ӕм азы Хаситы Къоламӕ дӕр ӕрсидтысты Сырх ӕфсады рӕнхъытӕм ӕмӕ ӕрвыст ӕрцыд Тбилисмӕ. Ам райдианы рацыд æфсæддон курсытæ æмæ стæй нысан ӕрцыд Мидхъуыддӕгты Адӕмон Къамисариаты 8-ӕм полкмӕ, кӕцы уыцы рӕстӕджы активон хайад исты Кавказы бӕрзӕндтӕ немыцаг фашисттӕй бахъахъхъӕныны хӕстон архайдтыты. Къола дӕр ӕрвыст ӕрцыд Марухы æфцæгмæ. Ацы æфцæг ис Уæрæсейы Федераци æмæ Абхазы арæнтыл.  Немыцаг ӕфсæдты разамонджытӕ стыр стратегион нысаниуӕг лæвæрдтой Фӕскавказӕн, тынг сæ фæндыд ацы æфцгуытыл контроль кæнын.

«Кавказы хӕхты ӕмӕ Фӕскавказы ӕз ӕппӕт амӕлттӕй дӕр мӕхи хъуамӕ бакӕнон, цӕмӕй мын Ӕввахс Хурскӕсӕны территоритимӕ уа комкоммӕ бастдзинад. Кӕд кавказаг нефть мӕ къухы бафта, уӕд бар-ӕнӕбары хъуамӕ ӕрлӕууын кӕнон хӕст», – дзырдта Адольф Гитлер.

Уымӕ гӕсгӕ Марухы æфцæг бахъахъхъӕнынмӕ сӕ тыхтӕ радтой Сырх ӕфсад дӕр. Ам цыд хъазуатон тохтӕ, тынг бирӕ советон хӕстонтӕ ӕнустӕм баззадысты ацы ӕфцгуытыл, фӕлӕ сӕ хъӕбатыр архайдӕй знаджы не ‘рбауагътой Фӕскавказмӕ. Хаситы Къолайы полк дӕр ӕнтыстджынӕй хайад иста ацы тохты, куынӕг кодтой знаджы диверсион къордты ӕмӕ ма хъахъхъӕдтой фӕсчъылдымы территориты знагиуӕггӕнӕг элементтӕй. Фӕс-тӕдӕр иумийаг тыхтӕй знаг ӕппӕрст ӕрцыдис Марухы цӕгатфарсмӕ ӕмӕ дзы ӕрфидар сты Сырх ӕфсады регулярон дӕлхӕйттӕ.

8-ӕм полчы ракодтой Тбилисмӕ ӕмӕ ам Къола йӕ службӕ адарддӕр кодта. Полкӕн хӕсгонд ӕрцыдис, цӕмӕй хъахъхъӕной Гуырдзыстоны хицауады къухдариуӕгад ӕмӕ паддзахадон уагдӕтты. Уыимӕ ма иумӕ бӕрндзинадмӕ кодтой бархалджыты, тох кодтой бандиттимӕ, хъахъхъӕдтой ӕхсӕнадон фӕтк Тбилисы.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фӕудыл дӕр Къола сӕмбӕлд йӕ службӕйон хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ. Кӕд знаг дӕрӕн ӕрцыдис ӕмӕ та нӕ зӕхмӕ сабырдзинад ӕрӕздӕхт, уӕд ныр та тох кӕнын бахъуыд мидӕггагон знӕгтимӕ. 8-ӕм полк сабыр дуджы ӕххӕст кӕнын райдыдта милицийы функцитӕ ӕмӕ дзы Къола суанг 1949 азы онг цӕсгомджынӕй фӕслужбӕ кодта. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхт йӕ райгуырӕн хъӕумӕ, уымӕн ӕмӕ фӕсхӕст уӕззау рӕстӕджыты йӕ бинонты хъуыд йе ‘ххуысы сӕр. Кусын райдыдта Терегуаны колхозы æфтауцдонгæсæй, фӕстӕдӕр та куыста колхозы кассирӕй. Бæрнджын кусæг кæй уыд, уый тыххæй йын стыр кад кодтой йе мкусджытæ æмæ районы цæрджытæ. Йӕ цард баиу кодта Кокойты Катяимӕ ӕмӕ схъомыл кодтой ӕртӕ лӕппу ӕмӕ иу чызджы. Ныридӕгӕн Къолайы цоты нымӕц ахызтысты фынддӕсӕй.

Хъӕубӕсты ‘хсӕн дӕр Къола кӕддӕридӕр нымад лӕг уыдис,  йӕ лӕггадӕй иунæг бынӕттон цӕрӕг дӕр ӕнӕхай нӕ баззадис. Ӕгъдау дӕт-тынмӕ дӕр хорз  кӕй арӕхстис, уый тыххӕй йӕ арӕх кодтой ӕмдзуарджы-нæй чындзӕхсӕвтæм. Иумийаг хъуыд-дæгты дæр иста активон хайад, фæсте никуы фæлæууыд куысты æмæ æхсæнадон царды. Кӕдфӕнды дӕр-иу йе ‘ххуысы къух фӕдаргъ кодта тыхст адӕймагмӕ.

«Къола уыд фӕлмӕнзӕрдӕ лӕг ӕмӕ иууыл тынгдӕр та рӕвдыдта сывӕллӕтты. Исты бадт-иу куы уыд хъӕубӕсты, – куывд, дзуары бон, кӕнӕ чындзӕхсӕв, уӕд-иу нӕм сусӕгӕй фӕсидт ӕм-иу нын къӕбицӕй радта алыгъуызон хӕринӕгтӕ. Уӕды рӕстӕджы ма алкӕмӕн галтӕ дарыны фадат дӕр нӕ уыд ӕмӕ-иу ӕм исчи куы бахатыд йӕ галы тыххӕй, уӕд-иу никуы никӕй хъыджы бацыд. Уымӕй уӕлдай ма ӕххуыс кодта ӕвӕрӕз бинонтӕн дӕр, – æфтауцдонгæс уӕвгӕйӕ-иу сын радта цы сӕм ӕмбӕлд, уымӕй фыл-дӕр ӕмӕ-иу дзы бузныгӕй баззадысты. Ӕвӕццӕгӕн иу адӕймаг дӕр нӕ ра-зындзӕн, кӕцы Къолайӕ ӕвзӕр зӕгъа», – дзуры Терегуаны хъӕуы цӕрӕг Джиоты Отар.

Нæ уарзта Къола уæды цауты тыххæй дзурын, – æвæццæгæн-иу йæ цæстыты раз сног сты уыцы æгъатыр нывтæ, æмæ-иу ныхас иннæрдæм аздæхта. Кæд æмæ немыцаг фашистты ныхмæ хæстон архайдтыты цыбыр рæстæг йедтæмæ нæ райста хайад, уæддæр мидæггагон знæгтимæ тохтæ къаддæр зын нæ уыдысты. Уымæн æмæ уæды рæстæджы знаджы диверсион къордтæ стыр зиан хастой æппæт советон адæмæн æмæ се скуынæг кæнын хаудта иууыл арæхстджындæр дæлхæйттæм. Знаджы комкоммæ куынæ уынай, уæд йемæ тох кæнын зындæр у. Хæсты фæстæ Къола бирæ хæттыты хорзæхджын æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты юбилейон майдантæй.

Кæд царды уæззау фæндагыл рацыд Къола æмæ бирæ зындзинæдтæ бав-зæрста, уæддæр йæ фæлмæн мидбылхудт йæ цæсгомæй никуы фесæфт суанг йæ амæлæты онг. Куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран, афтæ нæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрады æххуысæй стыр кадимæ ныгæд æрцыд йæ райгуырæн хъæуы 2016 азы. Чи йæ зыдта, уыдон æй бахъуыды кодтой зæрдæхæлар, уазæгуарзон, лæггадгæнаг адæймагæй. Цæмæй иу адæймаджы зæрдæхудты дæр ма бацæуай, уымæн стыр хъару æмæ адæймагдзинад хъæуы. Ӕмæ дæ адæмы хорзæх куы уа, уæд уый кæуылты у!

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.