Стыр хъыгагæн, нæ   республикæйы бæлвырд   æрцыд коронавирус COVID-19 фыццаг рынчынтæ. Уымæ гæсгæ нæм нæ республикæйы разамынад сиды, цæмæй нæ хæдзæртты бадæм æмæ ма халæм карантины режим.

Уый стыр зын хъуыддаг нæу. Ныртæккæ нæ дуг ахæм у, æмæ хъуамæ алчидæр абоны уавæрмæ æвдиса æмбаргæ ахаст æмæ куыд æмбæлы, ахæм хуызы æххæст кæна хиизоляцийы домæнтæ. Ахъуыды-ма кæнут, иу адæймаг йæхи раст куы нæ дара, куы цæуа хæстæджытæм, æхсæнадон бынæттæм æмæ йыл афтæмæй куы бахæца коронавирус, уæд уый фæстæ цалы фæрынчын кæндзæн! Иннæ ахæм, Хуыцау нæ бахизæд, фæлæ, зæгъæм, дæ хæдзармæ куы бахæссай низ, уæд бинонтæ цал сты, уалæй фæрынчын уыдзысты. Цæмæй ахæм бæллæхтæ ма ‘рцæуа, ууыл иудадзыг архайынц нæ республикæйы разамонджытæ. Арæзт цæуынц бирæ мадзæлттæ, сæ хъус лæмбынæг дарынц рынчындæтты, дохтырты цæттæдзинадмæ, аптекæтæ куыд ифтонг сты, уымæ.

Алкæйдæр хъæуы цырддзаст æмæ къæрцхъус уæвын нæхимæ дæр æмæ нæ алыварс адæммæ дæр. Дæхи хъахъхъæнгæйæ, ды хъахъхъæныс иннæты; иннæты хъахъхъæнгæйæ та хъахъхъæныс дæхи æмæ дæ бинонты, дæ уарзон адæмы фидæн. Уыдæттæ хынцгæйæ, уый æмбаргæйæ, уæд, бæгуыдæр, дæумæ хæдзары бадыны домæн афтæ зын хъуыддаг нал кæсдзæн. Хистæртæ кæстæртæн хъуамæ амоной: ныртæккæ дзæгъæл рацу-бацуйы, тезгъойы рæстæг нæу. Мæ сæйраг хъуыды: «Алы адæймаг дæр зынаргъ у нæ бæстæйæн, алчидæр цæрынæн райгуыры æмæ бахъахъхъæнæм нæхи æмæ кæрæдзийы цард. Хъуамæ дарддæр макæй уал бинонтæ фæрынчын уой уыцы низæй». Уæхæдæг стут æвдисæн: ис цъиувæдисгæнджытæ, ис суанг ахæмтæ дæр, æмæ афтæ чи дзуры: «Махмæ нæй вирус æмæ  цæут уынгтæм». Уыдон дам-думтæ кæныныл дæр нæ ауæрдынц. Ахæмтæ нæ адæмы æцæг уарзтæй уарзынц?! Хорз зондыл сæ ардауынц ныртæккæйы тæссаг уавæры?! Цæмæй дæ адæммæ фæсидай, уымæн хъæуы алцыдæр æппæты растдæр тæразæй сбарын æмæ стыр бартæ. Æмæ уал адæймаг, фыццаджыдæр, хъуамæ райдайа йæхицæй.

 Ис дын хистæртæ, мад, фыд, уыдоны цæсгом цæуылнæ хъуыды кæныс? Ахæм домæн дæр райхъуыст: «Чи фæрынчын, уыдонæн сæ мыггæгтæ зæгъут». Фæлæ уыцы домæн дзурджыты сæ мыггæгтæ цæмæн хъæуынц? Ахсджиагдæр у, уыдонæн медицинон æххуыс бакæнын. Науæд уыцы рынчынтæн сæхи фæнды, цæмæй сын сæ нæмттæ схъæр кæной? Иу хатт ма тæккæ сæйрагдæр ирвæзæн мадзалы тыххæй – уæ хæдзæрттæй макуыдæм цæут! Уæхи æвдисут фæзминагæй кæстæртæн быхсындзинадæй. Æмæ ма ам ахæм цымыдисаг абарст: махæй иутæ сæ хæдзæртты бадын дæр нæ фæразынц, фæлæ нын не ‘нæниздзинад чи хъахъхъæны, уыдон та суткæгай фынæй нæ кæнынц. Сæ бинонтæй, сæ сывæллæттæй иппæрд цы дохтыртæ сты, уыдоны куыстæн аргъ цæуылнæ кæнæм?

Йæ бинонты, йæ адæмы æцæг уарзтæй чи уарзы, уыдон æххæст кæнæт Уæрæсейы æмæ нæ республикæйы разамынады фæдзæхстытæ, карантины домæнтæ.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.