Историон, культурон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтыл нымад цæуынц 60 азæй «хистæртæ». РХИ-йы цыртдзæвæнты фæдыл закъонмæ гæсгæ та 40 азæй уæлæмæ кæцыйыл цæуы, уый у цыртдзæвæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы арæзтад нæй банымайæн цыртдзæвæныл. Уый фæдыл ис паддзахадон реестр æмæ дзы сты къамисы тæрхонмæ гæсгæ нымад цыртдзæвæнтæ. Закъонмæ гæсгæ никæцы цыртдзæвæнмæ дæр куыд паддзахады исадмæ, бавналын, ома, халын, æгæрыстæмæй реставраци кæнын дæр, бар нæ ракургæйæ, нæй, — уый у фыдракæнд.

РХИ-йы Культурæйы министрады реестрмæ хаст цыртдзæвæнты нымæц у иу мин æмæ цыппарсæдæмæ æввахс, фæлæ нырма баххæсткæнинаг у. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы куыст кæронмæ конд куы æрцæуа, уæд цыртдзæвæнты нымæц дыууæ минæй дæр ахиздзæн.

Цыртдзæвæнтыл нымад сты: хъахъхъæнæн æмæ цæрæн арæзтадтæ, кувæндæттæ, дзæппазтæ, рагон уæлмæрдтæ æмæ цæрæнуæттæ, мысæн цыртытæ æмæ афтæ дарддæр.

Алы паддзахады дæр цыртдзæвæнты хъахъхъæны хицауад æмæ закъоны æрдыгæй та нымад сты адæмон хъæздыгдзинадыл. Кæцыдæр цыртдзæвæнтæ та хаст сты дунеон æхсæнад ЮНЕСКО-йы исбоны цыртдзæвæнты номхыгъдмæ.

Хъыгагæн, махмæ, Ирыстоны хуссар хайы ЮНЕСКО-йы дæлбар хаст цыртдзæвæнтæ нырма нæй, фæлæ сæм уæддæр хъæуы хъус дарын, уымæн æмæ уыдон сты нæ адæмы хъæздыг, ивгъуыды æвдисæндартæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæу æмхуызон сæ арæзтадон æрмæг, стæй дзы иутæ рагондæр сты, иннæтæ æрыгондæр. Иутæ дзы фехæлдтой карз дугты рæстæджы æддагон знæгтимæ тохы, æндæртæ та рæстæг æмæ æрдзы хивæнд миты ’руаджы. Хуссар Ирыстоны зæххыл цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдонæн сæ фылдæр сты пырх, æнæхъæнæй ма дзы баззад хæрз цъус.

Уыдонæн сæ реставраци, йе та консерваци кæнын стыр æмæ вазыгджын куыст у, стæй дзы хъæуы фæрæзтæ æмæ фæндон дæр, æмæ уый та ныры уæззау дуджы æнцон ссарæн нæу. Ацы хъуыддаг Ирыстоны цæгат хайы хуыздæр уавæры ис, афтæ ма Цæгат Кавказы дæр. Сæрмагонд паддзахадон программæты фæлгæтты, афтæ ма фæрæзджын адæмты фæрцы реставраци æмæ консерваци цæуынц хицæн объекттæ.

Фæстаг азты махмæ дæр хицæн адæймæгтæ, стæй ма мыггæгтæ дæр, бавнæлдтой сæ кувæндæтты хæлд арæзтадтæ саразынмæ.

Фæлæ ам ис иу хъуыддаг æмæ йæ бамбарын та, хъы-гагæн, алкæй нæ фæнды. Цыртдзæвæн аразынмæ бавналынæн специалисттæ хъæуы, фыццаджыдæр, архитектортæ, реставратортæ, æрмдæснытæ, ома, ахæм куыстыты зонындзинæдтæ кæмæ ис. Куыд йæ хуылфы, афтæ йæ алыварс дæр хъуамæ археологтæ бакусой. Кувæндон саразын хуымæтæджы хъуыддаг нæу æмæ æрмæст дур-дуры уæлæ æвæргæйæ дæр нæу. Махмæ цы кувæндæттæ ис, уыдонæй иутæ сты сæ арæзтадмæ гæсгæ 8-10 æнусты рæстæджы арæзт, иннæтæ та 12-14 æнусты, аннæтæ та фæстæдæр æнусты. Алы дугæн дæр йæхи домæнтæ æмæ хæдхуыздзинæдтæ уыдис, кæцыты архитектурон стиль æнæмæнгæйдæр хъæуы зонын æмæ хынцын. Арæзтад та йæ фыццагон хуыз куы не ’рцахса æмæ райса, уæд уымæй хæлд цæуы йæ историон нысаниуæг. Кæцыдæр кувæндæттæй ма цы къултæ баззад, уыдон бынтондæр хæлд æрцыдысты æмæ сæ æрбаласгæ арæзтадон æрмæгæй самадтой. Цæвиттонæн, Църуйы хъæуы кувæндон 2000-æм азты æмбисы ногæй сарæзтой. Йæ систæй ма цы баззад, уый райхæлдтой æмæ сæ тракторæй ахафтой, æмæ йæ стæй ногæй самадтой агури дурæй.

Æрдæгхæлд арæзтадты къултæн æнæ райхалгæ куы нæ уа, уæд ын йæ арæзтадон æрмæг — сисы дуртæ иугай фæнысан кæнын хъæуы æмæ нумерацигонд хъуамæ уой. Стæй сæ фæстæмæ дæр ахæм хуызы амайын хъæуы къулы мидæг, ома, дур кæм уыд, уыцы бынаты æвæргæйæ у. Арæзтадты систы дурты иугæнæг фæрæз иутæн чъырсыджыт уыдис, иннæтæн — æлыг, аннæтæ та уыдысты сур амад. Стæйдæр иугæнæг фæрæзæн йæ гъæд æмхуызон алыхатт нæ уыдис æмæ уыдон та æрмæст дæсны специалисттæ зонынц.

Андисы хъæуы дæр кувæндон реставрацигонд æрцыд. Хуылфырдыгæй йæ къулты æлыгсыджытæй рагон сæрстытæ, уыдис хуызджын нывæфтыдтимæ, акалдтой æмæ сæ ныххафтой, стæй сæ цемент æмæ змисæй байсæрстой.

Реставрацигонд кувæндæттæ хатгай рæсугъд свæййынц сæ æддаг бакастæй, фæлæ сæ фыццаг хуызы архитектурон стиль куы фесæфы, уæд фесæфы сæ историон нысаниуæг дæр.

Цъорбисы хъæуы дæр астæуккаг æнусыккон кувæндон реставрацигонд æрцыд бынтон æрæджы æмæ ам дæр хицæн деталтæ нæ бахынцыдтой. Ахæм хуызы ма арæзт уыдысты Гомарты дзуар — Уахтъанайы хъæуы, Хуссары дзуар — Чеселты, Никъалайы дзуар — Цхинвалы сахары, Джеры дзуар, Ортъеуы хъæуы — Бæлдæрæнты кувæндон æмæ афтæ дарддæр.

Цасдæрбæрцæй хуыздæр цалцæггæнæн æмæ реставрацион куыстытæ ацыдис Чеселты, Уанелы æмæ Ручъы хъæуы кувæндæтты.

Залдайы хъæуы Лалисайы дзуары къултæм нæ бавнæлдтой, фæлæ цæмæй йæ систæ дарддæр ма кæлой, уый тыххæй йын йæ сæр сагъуыстой бынæттон цæрджытæ æмæ уымæй нæ бахъыгдардтой арæзтады систæ.

Ныртæккæ ногæй аразынц Дзриайы хъæуы кувæндон дæр. Ацы дзуар чи аразы, уый раст зæгъгæйæ, арæзтадон куыстыты тыххæй ракуырдта бар РХИ-йы Культурæйы ми-нистрадæй, стæй ма йын сарæзта проект йæ фыццаг хуызы нывтæм гæсгæ дæр, æрбавдыста ма æндæр хъæуæг документаци дæр.

Афтæ ма Багаты мыггаджы минæвæрттæ бакодтой арæзтадон куыстытæ Сæридтаты хъæуы Хъугомы дзуары дæр. Самадтой йын йæ къултæ æмæ йын йæ сæр та зестæй мæнгагъуыст æмбæрзт бакодтой.

Ноджыдæр ма йæ зæгъын РХИ-йы Культурæйы министрадæй бар æнæракургæйæ цыртдзæвæнмæ, кувæндонмæ бавналыны бар никæмæн ис, цыфæнды стыр бынаты куы кусай уæддæр. Æмæ махмæ та уый, хъыгагæн, хынцыд никуы цæуы. Афтæмæй уый та у закъон халыны цау.

Æмæ куы фæрсай, зæгъгæ, бар нæ ракургæйæ, цæмæн бавнæлдтай, уæд дзуапп вæййы: «æмæ уæдæ нырмæ хуыздæр уавæры уыдис, хицауад æй цæмæннæ арæзта?.. æз æвзæрæй цы сарæзтон?»…

Алчидæр нæ республикæйы зоны Цхинвалы Сырх дзуары хъысмæт. Уый реставраци кæныны æфсон бынтондæр ныппырх кодтой, йæ арæзтадон дуртæ та акалдтой сахары цæгатныгуылæн фарсмæ. Абон та ногæй æрæвнæлдтой йæ аразынмæ, æмæ та йæ куыд уынæм ныридæгæн, афтæмæй йæ раздæры архитектурон хуыз хынцыд уадиссаг нæ цæуы.

Сæрмагонд инвестицион программæмæ гæсгæ Уæрæсейы æххуысæй, хæсты фæстæ цыппар кувæндонæн рахицæн кодтой финансон фæрæзтæ, уыцы нымæцы: Монастъеры Тиры дзуарæн, Икъортайы дзуарæн, Цхинвалы Кавцийы дзуарæн æмæ Уахтъанайы хъæуы Гомарты дзуарæн… Зын дзурæн у, слестгæнæг нæ дæн, фæлæ уыцы æхцайы фæрæзтæй цы арæзт æрцыд, уый бынтон æххæст цæстуынгæ нæу. Афтæ мæм кæсы, цыма уыцы фæрæзтæй фылдæр куыст хъуамæ разындаид…

Цхинвалы зæронд хид æхсæнады сæвзæрын кодта проблемон фарстатæ,. Ацы хид æрхонгæ экспертты хъуыдымæ гæсгæ нымад æрцыд аварионыл, экспертон къамисы хыгъды та пырх кæныны тыххæй иу ныхас дæр нæй. Фæлæ йæ уæддæр халын райдыдтой…

Ахæм цæстæй куы кæсæм нæ цыртдзæвæнтæм, уæд нæ ивгъуыд бынтондæр рохгонд уыдзæн.

Ирыстоны дыууæ хайы дæр хицæн мыггæгтæ Мыггаджы мæсыг кæм реставраци, кæм та бынтон ногæй аразынц мæсгуытæ. Ирон адæмы мæсыгамады культурæ бæрæг хицæн кæны сыхаг адæмты культурæйæ, куыд йæ хæдхуыздзинадæй, афтæ йæ арæзтадон æрмæгæй дæр. Фыццаг уый, æмæ ирон адæмы мыггагон мæсгуытыл уæлæрдыгæй дæндæгтæ, (уырыссагау зубецтæ) не ’мбæлы, уый у сыхаг адæмты мæсыгамады æгъдау æмæ дзы махмæ ныртæккæ тынг арæх пайда кæнынц, ома, аивдзинады тыххæй.

Кæронбæттæны ма мæ зæгъын фæнды: цыртдзæвæнтæ сты адæмы ивгъуыд цардуаджы æвдисæндартæ, уыдон дзурæг сты адæмы монон æмæ материалон хъæздыгдзинадыл.

Мах та хæсджын стæм фæстагæттæн ныууадзын фæрнджын фыдæлты хъæздыг бынтæ æмæ уымæн та хъæуы нæ цыртдзæвæнтæм уарзæгой цæстæнгасæй кæсын, хъæуы сæ хъахъхъæнын!

Мæргъиты Ирбег