Ӕрвылаз дӕр дзӕвгар аскъуыддзаггӕнинаг фарстытæ фӕлӕууы Цхинвалы районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады управленийы раз. Уыцы хæстæ сӕххӕст кӕнын та вӕййы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, цӕмӕй бынӕттон цӕрджыты цардуагон уавæртæ цасдӕр-бӕрцӕй фӕхуыздӕр ӕмӕ фенцондӕр уой. Ацы хӕдзарады (йӕ хистӕр Хъотайты Барис) кусджытӕ фӕстӕ нӕ лӕууынц ацы аз дӕр ӕмӕ зӕрдиагӕй архайынц сӕ разылӕууӕг хӕстӕ ӕнтысгӕйӕ ӕмӕ гъӕдджынӕй ахицӕн кӕныныл. Хъӕууон фӕллойгӕнӕгæн сӕйрагдӕр цы у, ууыл банымайын хъӕуы бынӕттон фӕндӕгты арӕзтад, нуазыны доны хъуагдзинад баххӕст кӕнын, стӕй ӕхсӕнадон бӕстыхӕйттæ цалцӕг кӕнын ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Хӕдзарад рӕстӕгыл ӕрӕвнӕлдта ӕмӕ зӕрдиагӕй бацархайдта Джеры хъӕумæ фӕндаг сцалцӕг кӕныныл, уымӕн æмæ уый дзуапп нал лæвæрдта бӕлццӕтты ӕрвыл-бонон домӕнтӕн. Уымӕ гӕсгӕ кусджытæ архайдтой ӕзфӕраздӕронӕй ӕмӕ 5 километры дӕрддзӕгӕн фӕндаг цалцӕг ӕрцыд цыбыр ӕмгъуыдмӕ. Фӕхуыздӕр кодтой, Ӕлборты хъӕумӕ цы фӕндаг цӕуы, уый дӕр. Афтӕ ма хъӕуӕй хъӕумӕ фӕндӕгтӕ цал-цӕггонд ӕрцыдысты ӕндӕр бынӕтты дӕр ӕмӕ уымӕй фæхуыздæр сты цӕрджытӕн сӕ ацӕуӕнты фадæттæ. Иууыл ӕнӕмӕнг-хъӕуӕгдӕртӕй ма сӕ иу у нуазыны доны фарст, ӕмӕ ууыл дӕр куыстӕуы. Цӕвиттон, Тъбеты хъӕууон администрацитӕй сӕ иу – Бибылтыхъӕу хъуагдзинад ӕййафы нуазыны донӕй. Цӕрджыты рӕстагон домӕн бахынцыдтой ӕмӕ йыл ныртӕккӕ куыстӕуы. Хъӕууат  Ӕврагъы (Гъуырымбела) ис цалдӕр суадоны, уыдон иумӕ ӕрбатымбыл кӕндзысты ӕмӕ сӕм дон хӕццӕ кӕндзӕн 2,5 км дӕрддзӕгӕй. Дӕллаг Тъбет, ома, Гуфтайы хъӕуы кӕд доны фарст скъуыддзаг у, уӕддӕр ма цалдӕр сыхы ӕвзарынц зындзинӕдтӕ ӕмӕ уыдонмӕ дӕр ӕввахс рӕстӕджы доны хахх бауадздзысты. Присы бахизӕны галиуӕрдыгӕй цы хъӕу сырӕзт, уыдонӕн дӕр нуазыны доны тыххæй сæ куырдиат ӕвӕрццагӕй ӕххӕст ӕрцӕудзӕн. Хӕдзарад ивгъуыд аз Ирыхъӕуы сӕрмӕ суадӕтты иу бынатмӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ рауагътой хъӕумӕ, уыцы доны хаххы дӕрддзӕг у 4 км, ӕруагътой уал ӕй хъӕуы хосгӕнӕн уагдоны онг, иннӕ хахх ӕруадзыныл дарддӕр кусдзысты. Нуазыны доны тыххӕй тынг тыхстысты Къостайыхъӕуы Аланты уынджы кӕройнаг сыхы цӕрджытӕ, фӕлӕ ныр сӕ уавӕр фӕхуыздӕр, ӕндӕр хахх сӕм уагъд кӕй ӕрцыд, уый фæрцы.

Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад ма ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ бакодта Арцеу, Сатихъар, Дменис, Зар ӕмӕ ӕндӕр хъӕуты дӕр.

  Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.