Уалдзæджы алыгъуызон низтæ уæлдай æмхицдæр вæййынц фосмæ. Уымæ гæсгæ Бехъмары хъæуы фадыджы ветеринарон хайады кусджытæ Тедеты Фрузия, Цъæритты Джульеттæ æмæ Козаты Зауыр ныртæккæ сты æнæвдæлон. Уыдон кæнынц профилактикон куыст, судзинтæ аразынц фосæн ахæм низты ныхмæ, куыд эмкар, пастерелез, æрраниз, сыбыраг хæлмагниз, фадниз æмæ æндæртæ. Судзинтæ фосæн саразын у æнæмæнгхъæуæг, цæмæй ма рынчын кæной æмæ фосы продукттæ – æхсыр, цыхт, дзидза уой гъæдджын æмæ цæрджыты æнæниздзинадæн тас ма æвзарын кæной. Фæлæ, хъыгагæн, ис ахæм фермертæ, кæцытæ нæ уадзынц сæ фосимæ профилактикон куыст бакæнын, афтæмæй базары уæй кæнынц æркæнгæ продукттæ.

Æрæджы мах судзинтæ арæзтам Убиаты, Арчънеты æмæ Бехъмары хъæуты фосæн. Фæлæ бирæтæ судзинтæ аразыныл не сразы сты. Мах сæ развæлгъау бафæдзæхстам, цæмæй уыцы бон сæ фос ма ауадзой æмæ сын судзинтæ саразæм. Фæлæ нæ хъуыды дæр не ‘ркодтой, сæ фос ауагътой хизæнуатмæ æмæ стæй алы æфсæнттæ кодтой, бирæтæ та æргомæй равдыстой се ‘нæразыдзинад. Мах та хос куы æрбайгом кæнæм æмæ дзы рæстæгыл куынæ спайда кæнай, уæд фесæфы, дзæгъæлы фæвæййы.

Цæмæй сæ фосы продукттæ уæй кæной, уый тыххæй дæр сын гæххæттытæ мах хъуамæ дæттæм, фæлæ махмæ никуы æрбацæуынц, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ мах курæг стæм, цæмæй сын гæххæттытæ æнæ махæй мачи дæтта æмæ фæлхасгæнджыты дæр мачи сайа.

КОЗАТЫ Зауыр,

Хъорнисы ветеринарон фадыджы хистæр,

хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.