Афон у нæ гербы символикæмæ бæлвырддзинад бахæссынæн

Бирæ азты дæргъы ирон адæмæн сæ фылдæр хай, Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы гербыл цы национ символ  ис, уый  хонынц Митын мысы (уыр.снежный барс, лат. Panthera uncia).

Æцæгдзинадæй та Ирыстоны гербыл нывгонд у Кавказы фаунæйы гæдыты мыггагæй иунæг минæвар  – кавказаг фыранк (уыр. Кавказский леопард, лат. Phanthera pardus ciscaucasica) æмæ у Раззагазийаг леопарды популяцийы дæлхуызтæй сæ иу.

Ацы факты рæстдзинадыл дзурæг сты зонадон иртасæнтæ.

Фыццаджыдæр, ирбис кæнæ митын мысы цæры Централон Азийы хæхты: Памир, Тянь-шань, Алтайæ райдайгæйæ индийаг штаттæ Кашмир æмæ Сиккимы æмæ ма Хуссар-Скæсæн Тибеты дæр. Кавказы та митын мысы никуы цардис. Бирæнымæц тюркаг бæстæты, горæтты символ та хуымæтæджы нæу – йæ цæрæнбынæттæ сты. Зæгъæм, базырджын ирбис ис Татарстаны, Хакасийы, Тувайы гербтыл. Ирбисæн ма фенæн ис  Хъыргъызы сæйраг горæт Бишкекы кæнæ казахаг Алма-Атайы æмæ æндæр горæтты гербтыл дæр. Тюркаг тыгъдады  митын мысы – ирбис у  нымад сырдтæй сæ иу .

Дыккаджы, митын мысы, йе ‘ввахс хæстæг сырд фыранкимæ абаргæйæ, тынг агрессивон нæу – цæвиттон, зонадон литературæйы никуы ис митын мысы адæймагмæ балæбурдта, зæгъгæ, уымæн иу  æвдисæйнаг ссарæн. Фыццаг бакастæй фыранчы хуызæн у, фæлæ къаннæгдæр, тъæпæнгомау гуырыкондимæ, йе «рвадæй» хъауджыдæр йæ даргъхъуын буарыл ис зынрахатæн тарбын хъулæттæ æмæ ма йæ къæдзил дæр у даргъ. Цармы иумæйаг хуыз у тарбургомау-фæныкхуыз, æнæ бур кæнæ бурдзалыг æфтауæнтæй æмæ уымæй дæр хицæн кæны иннæ стыр гæдытæй; уазал климаты цæрæг у æмæ йæ бон нæу рыхын. Æддагбакастæй митын мысы дзæвгар рæстæг нымад уыдис фыранчы хæстæгыл, фæлæ генетикон иртасæнтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй йын æввахс хæстæгдзинад  разындис æрмæстдæр стайимæ.

Барс æви леопард?

Ахсджиаг у бафиппайын уый, æмæ ивгъуыд рæстæджыты Уæрæсейы империйы кавказаг барс хуыдтой гæдыты мыггагмæ хауæг сырдтæн се ‘ппæтты дæр (домбай, стай, гепард, ягуар, пума, леопард, барс æмæ иннæты).  Уыимæ ма, æвæццæгæн, «митын мысы» ассоциативон æгъдауæй нæ адæм бæттынц Кавказы митын бæрзæндтимæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы æнæдырысдзинад гæдыты мыггаджы зонадон классификаци чи нæ зыдта, уыдон аххосæй æрфидар ис. Фæстæдæр уыцы рæдыд тиражгонд æрцыд прессæйы фæрцы. Афтæ арæх вæййы. Иу хатт æз мæ ацы хъуыды раргом кодтон дзыллон информацийы фæрæзты.

1952 азы Хуссар Ирыстоны автономон областы Знауыры районы цæрæг тугдзых фыранчы бахурх кодта. Мæнмæ гæсгæ, уый æвзонг тугдзых сырд уыдаид. 50 азы дæргъы, суанг гуырдзиаг-ирон хæсты райдайæны онг (1991 аз) уыцы сырды быдыргъ уыдис Хуссар Ирыстоны педагогон институты зоологион музейы экспонат.

2015 азы Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийы Джызæлдоны гидроэлектростанцы видеокамерæйы объективмæ ногæй бахаудта кавказаг леопард (фыранк).

Сæрдыгон рæстæджы кавказаг фыранк схизы 3500 метры æмæ ноджы бæрзонддæр бынæттæм æмæ уым сычъи æмæ дзæбидырдзуан фæкæны. Йæ хæтæн бынæттæ сты æнæ зайæгхал бæрзонд къæдзæхтæ. Уыимæ ма кавказаг фыранчы фенæн ис зындзæуæн хъæдты – уым йæ хæлцаг сты сагтæ, сæгуыттæ, хъæддагхуытæ. Бахъуаджы сахат абæрæг кæны хъæуты, стонг фыранк арæх балæбуры адæймагмæ дæр. Леопард иттæг хорз гæпп кæны 10 кæ-нæ фылдæр метры дæрддзæгмæ. Боны рухсы дæр цуан кæны хæхты.

Цæгат Ирыстонмæ леопардтæ æрыздахыны тыххæй проект дзыллон информацийы фæрæзтæ æмæ социалон хызæгты стыр цымыдис расайдта, уымæн æмæ Ирыстоны хуссайраг хайы йæ популяци фесæфтис æмæ экосистемæйы хæлцадон рæнхъы иерархийы сæргълæууæг – фыранчы сæфт расайдта экосистемæйы дисбаланс æмæ уыцы бынат бацахстой иннæ тугдзыхтæ, куыд бирæгътæ, хъæддаг куыйтæ æмæ иннæтæ. Фæстаг азты бирæгъты нымæц ахъаззаг фæфылдæр æмæ ныр Хуссар Ирыстоны хъæууон районты тынг арæх бырсын райдыдтой хæдзарон фос æмæ адæммæ. Кавказаг фыранк экосистемæйы æнæцудгæдзинадæн иттæг нысаниуæгджын тугдзых сырд у, уымæн æмæ, биоценозтæ æмæ æнæхъæнæй экосистемæ ифтонг кæны биологон æмуæзадæй.

Ныртæккæ Цæгат Ирыстон-Аланийы лæмбынг куыст цæуы реинтродукцийыл (хъæддаг сырдтæ æмæ зайæгойтæ æндæр ран кæнæ сæ раздæры бынæтты ногæй æрцæрыныл, ома, кæм цардысты, кæм рæзыдысты, фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, кæцæй фесæфтысты, уыцы территоритæм æрыздæхыныл, цæмæй ногæй сæндидза æнæфæцудгæ популяци). Экологион æмуæзадæн фыранчы раздæхт Кавказмæ у ахс-джиаг хъуыддаг. Ис ын ахсджиаг социалон нысаниуæг дæр – Кавказы хæхты рагон символ йæ бынат æрцахсдзæн.

Хъæддаг æрдзы раззагазиаг леопарды популяци æнæхъæн дунейы æмткæй у 1 мины бæрц: тугдзыхтæ цæрынц Ираны, Афганис-таны, Туркменийы æмæ ма цалдæр паддзахады.

Фæнды мæ зæгъын мæ коллегæ – Сочийы национ парчы  кусæг, биологион зонæдты кандидат Л-титы Константины информацийы тыххæй. Константин уыдис командировкæйы Ираны: “Уымы адæмæн леопард у уæздандзинад æмæ æхсардзинады символ. Ирайнаг коллегæтæ тынг цымыдисæй базыдтой, Кавказы кæй ис, фыранк йæ символ кæмæн у, ахæм адæмыхатт». Константин сын ба-лæвар кодта дыууæ Ирыстоны картæтæ гербимæ.

Рæстдзинады сæраппонд мæ фæнды банысан кæнын, Ирыстоны герб йæ нырыккон хуызы фыццаг хатт кæй ссардта æмæ йæ гуырдзиаг географ æмæ историк Вахушти Багратионийы куыстыты кæй раргом кодта историон зонæдты доктор, ХИПУ-йы профессор Тогошвили (Тогойты) Георги – æмбисонды ахуыргонд æмæ Ирыстоны стыр патриот.

Фыранк у æнæхатырдзинады, хъыггагдзинады, агрессивондзинады, æдæрсдзинады символ. Геральдикæйы леопард нысан кæны æхсардзинад, цырддзинад, разæнгарддзинад.

                КОКОЙТЫ Таймураз,

МАНЭБ-ы (Адæймаджы æмæ æрдзы

æдасдзинады экологийы æхсæнадæмон

академийы) академик, Хетæгкаты

Къостайы номыл Паддзахадон премийы

лауреат, Цæгат Ирыстон-Аланийы

Ахуырады сгуыхт кусæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.