Зæрдæвæрæны мæйы фынддæсæм бон æппæт Ирыстон, уыйимæ Ирыстоны æдтейæ чи цæрынц æмæ ирондзинад, ирон æфсарм æмæ æгъдæуттæ сæ туджы кæмæн сты, уыдон бæрæг кæнынц нæ мадæлон æвзаджы бæрæгбон.

Адæмы фидæн аразгæ у йе ‘взаг æмæ йе ‘гъдæуттæ, йæ традициты руаджы. Уыдон бахъахъхъæнын та ныры хæццæ дуджы æнцон нæу. Хъуамæ алы адæймаг дæр йæ æрвылбоны царды хъуыды кæна уыцы хæсыл. Ууыл кусынц дзыллон информацийы фæрæзтæ дæр, уæлдайдæр мадæлон æвзагыл фыст газеттæ æмæ журналтæ.

Ацы ахсджиаг хъуыддагмæ йе ‘ргом здахы газет “Хурзæрин” дæр, кæд йæ коллектив стыр нæу, уæддæр.

Фæлæ ам æвзæры æндæр проблемæ – газет бæргæ цæуы, фæлæ йæ кæсджыты нымæц нæу зæрдæйы фæндиаг. Бирæ, тынг бирæ ирон хæдзæрттæм нæ ары фæндаг. Афтæмæй хъæр кæнæм, сæфы нæ ирон æвзаг, зæгъгæ. Æмæ цæмæй ма сæфа, уый тыххæй та дзурын хъæуы иронау, кæсын хъæуы ирон чиныг, ирон журнал, ирон газет. Æмæ уыдæттыл та цайдагъ хъæуы кæстæрты дæр. Рæсугъд, зондамонæн ныхæстæй нæ, фæлæ хи цæвиттонæй. Афтæ нæ куы кæна алчидæр, уæд не ‘взагæн фесафынæй тас никуы уыдзæн.

Ныртæккæ афтæ зæгъæн нал ис æмæ йæ æвæрæзæй газет нæ рафыссы. Æрдæг азæн йæ рафыссыны аргъ иу килограмм цыхты аргъ дæр нæу. Уæдæ йæ бирæтæ кæй нæ рафыссынц, уыдонæн уый æфсонæн нæ бæззы.

Уæдæ, цæмæй нæ фыдызнæгты фæндиаг ма фæуæм, цæмæй нæ кадджын фыдæлты нæртон тухитæ ма фæдзæгъæл уой, уый тыххæй хъуамæ, мах, ирон адæм, æмсæр æмæ æмзондæй бацархайæм нæ мадæлон æвзаджы рæзтыл, уый махæй алкæмæндæр у йæ æвæджиаг хæс. Æмæ афтæмæй та бирæ ницы домдæуы – уæлæхох ыл уæддæр ма кæнæм.

Цалынмæ æвзаг цæры, уæдмæ адæмыхатт дæр æнæмæлгæ у. Ис байсæн зæххытæ, паддзахадон æмæ культурон хæзнатæ, фæлæ адæмæн сæ бон æвзаг бахъахъхъæнын куы уа, уæд сын тас ницæмæй у. Дæ мад дæ цы ‘взагыл хъомыл кодта, дæ алыварс адæмимæ цы ‘взагыл дзурыс – уый æндæр  æвзагæй баивæн нæй. Дæ мадæлон æвзагыл цы таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ базыдтай, цы æгъдæуттыл схъомыл дæ, уыдонæн ферохгæнæн нæй.

ДРИАТЫ Лейлæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.