Ахуырдзинады дунеон боны цытæн гом уроктæ уагъд æрцыд Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы. Мадзалы ахуыргæнинæгтæ кастысты æмдзæвгæтæ, дзырдтой фыссынады фæзынды æмæ чиныг мыхуыр кæныны тыххæй.

Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Туаты Тамарæ банысан кодта, зæгъгæ, бæрæгбоны агъоммæ скъолайы ауагътой диктант æМæ æнæрæдыдæй чи ныффыстой, уыдон хорзæхджын æрцыдысты грамотæтæй.

Ахуыргæнджытæ гом уроктыл ахуырдзауты зонгæ кодтой бæрæгбоны историимæ, дзырдтой нырыккон æхсæнады ахуырады ахсджиагдзинады тыххæй.

«Ахуырдзинад у адæймагæн йæ хæдхуыз «цæсгом», æхсæнады кæддæриддæр аргъ кодтой ахуыр адæймæгтæн, – загъта Туаты чызг. – Ахуыр уæвын нысан кæны престижон æмæ æнтыстджын уæвын». Йæ ныхасмæ ма уый бафтыдта, зæгъгæ, кæд Хуссар Ирыстоны ацы бæрæгбон нырма тынг нæ апарахат, уæддæр зæгъæн ис, Цхинвалы хицæн скъолаты кæй фæзындысты ацы бон нысан кæныны традицитæ.

Йæ рады скъолайы директор Бестауты Азæ раарфæ кодта ахуырдзаутæн æмæ сын йæ цæст бауарзта, цæмæй рæдыдтытæ ма уадзой æрмæст сæ ныхæсты нæ, фæлæ сæ царды фæндагыл дæр, цæмæй сæ зонындзинæдтæ æмæ ерудици уæрæхдæр кæной æмæ кæрæдзийыл тынгдæр аудой.

Зæрдыл лæууын кæнæм, ацы бæрæгбон нысан кæныны тыххæй уынаффæ кæй райстой 1965 азы Тегераны, Ахуырады министрты дунеон конференцийы. 1966 азæй йæ нысан кæнын райдыдтой 8 сентябры.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.