Æрæджы Брюсселы уагъд æрцыдис 5-æм дунеон конкурс «Ирон бæгæны-2018», зæгъгæ, ахæм номимæ. Конкурсы æвзарæн этапы рæстæджы сбæрæг кодтой ирон бæгæны хуыздæр чи бахсыста уыцы дæсныйы. Уый тыххæй информацион агентад «Рес»-æн фехъусын кодта конкурсы организатортæй сæ иу, ассоциаци «Renaissance-Sandidzan»-ы къухдариуæггæнæг Пухаты Радион.

Пухаты Радион куыд банысан кодта, афтæмæй компетентон жюрийы хъуыдымæ гæсгæ фестивалмæ хуыздæр бæгæны бавдыста Арчесаты Залинæ. «Ацы конкурсы уæлахиздзауæн ма уый фадат ис, цæмæй хайад райса финалы дæр, кæцы уагъд цæудзæнис фæззæджы горæт Дзæуджыхъæуы. Бæгæныйы фестиваль ауадзыны хъуыддагæн ис йæхи нысаниуæг. Ацы фестиваль ахъаз кæны, цæмæй хъахъхъæд цæуой нæ адæмы æгъдæуттæ æмæ традицитæ æмæ æргъадтæ», – загъта Пухаты Радион. Уый ма куыд фехъусын кодта агентадæн, афтæмæй ирон бæгæныйы мадзалы уазджытæ уыдысты Ирыстон, Франци, Голланди æмæ Бельгийы минæвæрттæ.

«Конкурсы жюрийы сæргъ лæууыд бæгæныфыцæн хæдзар «Бавария»-йы сæйраг технолог Дидараты Георгий. Мадзалы рæстæджы уый бæстонæй æрдзырдта ирон классикон бæгæны æрцæттæ кæныны процессыл. Æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй алкæцы бинонтæм дæр ис йæхи чысыл сусæгдзинæдтæ бæгæны хуыздæр цæмæй фесгуыха, уый тыххæй», – загъта Пухаты Радион.

Конкурсы организатор ма куыд загъта, уымæ гæсгæ фестивалы фæлгæтты адæмы рæгъмæ хаст æрцыдис ирон къæбиц дæр æмæ уыцы хæринæгтæй дæр истой дегустаци. «Мадзал цæмæй цымыдисондæр рауадаид æмæ адæмæн æцæг бæрæгбоны хуызæнæй ацыдаид сæ бон, уый тыххæй ам зæлыдысты ирон националон музыкæйы зæлтæ æмæ адæм хуыздæр æрбангом сты хъазты», – загъта Пухайы фырт.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ма конкурсы организатортæ кæй уыдысты бæгæныфыцæн компани «Бавария», Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Культурæйы министрад.

Конкурсы программæмæ гæсгæ Брюсселы фæстæ кæронбæттæн æвзарæн этап уагъд æрцæудзæнис Ирыстоны районты æмæ 4-æм октябры та æппæт фæуæлахизуæвджытæ стох кæндзысты Дзæуджыхъæуы иуыл хуыздæр бæгæныфыцæджы номыл. Ам чи фæуæлахиз уа, уымæн хорзæхы нысанæн лæвæрд æрцæудзæнис 80 мин сомы бæрц. Иуыл цымыдисондæр та уый у æмæ уыцы уæлахиздзауы рецептмæ гæсгæ æрцæугæ аз бæгæныфыцæн хæдзар «Бавария» кæй уадздзæнис бæгæны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.