22-æм декабры информацион агентад «Shutnik»-ы уагъд æрцыдис пресс-конференци. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ спорт æмæ туризмы комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæ æмæ декабры мæйы Минскы ауагъдæрцæуæг форум «Новые реалии – новые возможности»-йы хайадисджытæ Мария Мелешихина æмæ Плиты Дианæ. Пресс-конференцийы дзырд цыдис фæсивæдон форумтæ, фестивалтæ æмæ семинартæ æрыгон фæлтæрты размæцыдæн куыд æххуыс сты, стæй фæсивæды политикæ спорт æмæ туризмы комитетæн 2021 аз йæ къухты цахæм æнтыстытæ бафтыд, уыдон фæдыл.

– Ахæм форумтæ æрыгон фæлтæртæн сты стыр ахъаз, уымæн æмæ сæ хайадисджытæн рæзы æмæ бæрзонддæр кæны сæ дунеæмбарынад, хуыздæр æмæ хъæздыгдæр кæнынц сæ ахастытæ або-ны царды уавæртæм, æвзæры сæм алыгъуызон хъуыдытæ амалиуæгады хъуыддаджы – райдыдта йæ ныхас Гатыгкоты Валентинæ. Дарддæр уый банысан кодта, зæгъгæ, – азы райдианæй нæ разы æвæрд уыд цалдæр ахсджиаг аразинаг фарсты, фæлæ хъыгагæн, се ‘ппæт æххæст не ‘рцыдысты, коронавирус алы ран дæр кæй стыхджын æмæ бирæ фадæттæ кæй скъуындæг сты, уый аххосæн. Хуссар Ирыстоны æрыгон фæлтæртæ хайад кæм хъуамæ райстаиккой, ахæм цалдæр форум, фестиваль æмæ семинар уагъд нал æрцыдысты æмæ нын уый, æмткæй сисгæйæ, нæ куыстыл бандæвта мæгуырауæрдæм. Раппæлæн цæмæй ис, уыдон та сты иумæйаг ахуырадон уагдон «Альбион»-ы артисттæ хайад кæй райстой Цæгат Ирыстоны уагъдцæуæг æрыгон фæлтæрты фестиваль-конкурс «Таврида»-йы. Уым «Альбион»-ы артисттæ ба-цахстой фыццаг бынат.

Цалдæр азы æнтысгæйæ уагъд фæцæуы «Этнографион лагерь». Хорз ацыд ацы сæрд дæр нæ хæхты хъæбысы. Ахæм мадзæлттæ ахъаз сты æрдз хуыздæр базонын æмæ фылдæр бауарзы-нæн. Уымæй дарддæр ма йæ хайадисджыты ‘хсæн лæмбынæг ныхас цыд зард æмæ кафты сусæгдзинæдтыл, цымыдисимæ ныхас кодтой нæ адæмы культурæ, æгъдæуттæ æмæ æндæр фарстыты фæдыл. Сæ райтынг кæныны тыххæй хастой алыгъуызон цымыдисон фæндæттæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ ахæм форумтæ, фестивалтæ æмæ алыгъуызон семинарты хайадисджытæн дзæвгар кæй фæфылдæр вæййынц куыд сæ зонындзинæдтæ, афтæ ма æндæр адæмты минæвæрттимæ сæ ахастытæ æмæ æнкъарæнтæ дæр.

Уыимæ ма раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, не скъолаты кæд æрыгон фæлтæрæн бирæ æмæ хорз зонындзинæдтæ дæттынц, уæддæр нæ рауагъдон-тæн хуыздæрхъуаг у сæ ныфсхастдзинад. Нæ æрыгон фæлтæртæй иуæй иутæ, цыфæнды уæлæнгай хъуыддаг саразынмæ дæр арæх нæ фæхæссынц сæ ныфс. Ацы фарсты фæдыл æмбæлы, кæстæртæ цы бинонты ‘хсæн хъомыл кæнынц, уыцы бинонтæ хъуамæ хуыздæр  хъуыды кæной æмæ раст цы у, уый зæгъын æмæ бацамоныны бæсты сæ кæстæртæн ма сæттой сæ ныфс æмæ сæ хъару, дæттой æмæ сын аразой исты аразынæн фадæттæ, кæной сæ разæнгард.

– Беларусы уагъдцæуæг форуммæ Хуссар Ирыстонæй æрвыст æрцыдыстæм цыппарæй. Уым ма махæй дарддæр цалдæр бæстæйæ уыд сæдæ æрыгон адæймаджы бæрц, – зæгъы ацы форумы хайадисæг, не ‘мзæххон Мария Мелешихина. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, куыд форумы æндæр хайадисджытæ, афтæ ма нын нæ делегацийы уæнгты хорз райстой, кæимæ æмбæлдысты, уыцы бынæттон цæрджытæ дæр.

Дзырдтой нын алыгъуызон æппæлæн ныхæстæ, хæларадон фæндиæгтæ. Цы делегациты уæнгтимæ базонгæ стæм, уыдонæй уæлдай фылдæр бастдзинæдтæ æмæ хæларадон ахастытæ сфидар кодтам Уæрæсе, Узбекистан, Белорус æмæ æндæр бæстæты делегациты минæвæрттимæ.

– Ноджы дæр ма йæ банысан кæнæм, ахæм форумтæ æрыгон фæлтæртæн сты стыр ахъаз, зæгъы – форумы иннæ хайадисæг Плиты Дианæ. Уымæн æмæ адæймаг ахæм рæстæджы фенкъары стырдæр бæрндзинад. Ацы форумы мæнæн мæхицæн дзæвгар фæфылдæр сты мæ зонындзинæдтæ, фæарæхстджындæр дæн æндæр адæмты минæвæрттимæ ныхас кæныны хъуыддаджы. Цасдæрбæрцæй фылдæр æмæ хуыздæр бамбæрстон, нæ алыварс цы адæмты минæвæрттæ уыдис, уыдон цард æмæ сæ дунеæмбарынады æнкъарæнтæ. Фæстæмæ Ирыстонмæ куы æрыздæхтыстæм, уæд цы федтам, базыдтам æмæ банкъардтам, уыдон радзырдтам не ‘мбæлттæн, кæй цымыдис кæнынц, уыдонæн.

                                                                                            ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.