29-æм августы «Спутник»-ы пресс-центрмæ хуынд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны æвзонг адæймæгты иу къорд. Кæцытæ ацы аз хайад истой Æппæтуæрæсейон форумты.

Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæ дзырдта Æппæтуæрæсейон форумты хайад исын фæсивæдæн кæй ахъаз кæны сæ зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæнынæн æмæ сæ æппæтварсон рæзтæн: «Ацы аз нæ республикæйы фæсивæды минæвæрттæ хайад райстой ахæм форумты куыд «Таврида», «Машук» æмæ æппæтадæмон форум «Евразия Clobal». Нæ хæс ис уый мидæг, цæмæй уырдæм æрвыст чи æрцæуынц, уыдон эффективонæй спайда кæной форумты фæзуæттæй. «Уым хайад райсынц æвзæнгтæй активондæртæ, кæцытæ цымыдисдзинад æвдисынц музыкæмæ, поэзимæ, хореографимæ, режиссюрæмæ, клипмейкермæ, нывкæнынмæ, политикæ æмæ экономикæмæ Æппæтуæрæсейон форумты хайад райсæм „Росмолодежь“-ы фæрцы. Форумты фæзуæттыл архайæг фæсивæд лекцитæ æмæ тренингты хайад райсынæй дарддæр бавдисынц сæ проекттæ дæр. Уым цы зындгонд политиктæ, артисттæ, бизнесментæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзадхаон Думæйы депутаттæ вæййы, уыдон фæсивæды базонгæ кæ-нынц проекттæ аразыны сусæгдзинæдтимæ», — дзырдта Гатыгкоты Валентинæ.

Уый ма радзырдта, ахæм форумты руаджы фæсивæды минæвæрттæй бирæтæ куысты бынæттæ дæр кæй ссарынц.

«Машук»-ы форум у, Цæгат Кавказы фæсивæд регионалон-инвестицион политикæйы фарстатæ кæм ахуыр кæнынц, ахæм. Ацы аз уый цыд Пятигорскы æмæ арæзт уыд æртæ тематикон блокæй: «Ног регионалон политикæ», «Рæзты фадæттæ», «Бизнесы эффективондзинад проекттæ реализаци кæнын». Форумы нæ республикæйæ хайад иста ХИПУ-йы студент Сиукъаты Станислав. Уый радзырдта йæ тæлмæнтæ дæр. «Æз хайад истон „Про-технологи“-ты тематикон блокы. Ам лекцитæ цы эксперттæ уагътой, уыдон лæмбынæг радзырд-той нефт æмæ газы фарстатыл нырыккон технологиты тыххæй. Лекцитæ нын кастысты компани „Газпром“ æмæ „Лукойл“-ы минæвæрттæ. Уыдон форуммæ æрцыдысты, сæрмагондæй сæхицæн, сæ куыстуатмæ кусджытæ бацæттæ кæныны тыххæй», — дзырдта Сиукъаты лæппу.

Уый ма загъта форумы семæ кæй фембæлд УФ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Федералон зылды Александр Матовниковимæ. Сиукъаты Станислав цы ко-мандæйы уыд, уыдон уыдысты Цæцæн, Хъæ-рæсе-Балхъар æмæ Дагъыстаны республикæ-ты фæсивæды минæвæрттæ.

Форум «Таврида»-йы та нæ республикæйæ хайад райста ХИПУ-йы студент Гæджиты Арсен.

«Форум æвзонг адæймагæн, фыццаджыдæр, у фæлтæрддзинад райсыны мадзал. Ацы аз „Таврида“ уагъд цыд Хъырымы æрдæг-сакъадахы. Алы сахат дæр махæн, йæ хайадисджытæн, уыд нымад. Ам хайад цы æвзонг фæсивæд истой æндæр æмæ æндæр республикæтæй, уыдонæн мах къорд равдыста мастер-класс ирон национ кæфтытæй. Форумы кæрон та æвдыст æрцыд гала-концерт. Концерты мах сæххæст кодтам хъалмыхъаг, цæцæйнаг æмæ уырыссаг национ кæфтытæ. Æз дæс азæй фылдæр архайын национ кæфтыты, фæлæ нырæй фылдæр кафты ног элементтæ никуы федтон, æндæр адæмты культурæйы сусæгдзинæдтæ сахуыр кæнынæй та райстон æхцондзинад», — дзырдта форумы хайадисæг.

«Таврида»-йы иннæ хайадисæг Бибылты Аслан та загъта: «Форумы рæстæджы æз хайад райстон зынгæ адæймæгты мастер-кълæсты. Нæ тренингты темæ уыд вокал, хореографи æмæ адæмон инструменттыл цæгъдын скъолайы сæ ахуыр кæнын. Ноджыдæр дзы уыд æндæр сменæтæ „Репсмена“ æмæ „Видео-конпмент“. Уым та хайад райстой нæ къордæй Абайты Алинæ, Къуылыхты Аннæ, Елбачиты Дианæ», — загъта Гæджиты Арсен.

«Таврида»-йы иннæ хайадисджытæ, кæцытæ архайдтой нывгæнæг-аниматортæ, интернет-сериалты æмæ цыбырметражон фильмты секциты — уыдон дæр райгондæй баззадысты сæ хайадистæй æмæ ныфс бавæрдтой сæ райсгæ зонындзинæдтæй сæ царды дарддæр кæй пайда кæндзысты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.