Сæудæджерад, энергетикæ æмæ траспорты комитетæй нæм куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 25-æм июлы ацы комитеты сæргълæууæг Санахъоты Батрадз ацыд Республикæ Абхазмæ. Йемæ ма ис автомобилон бастдзинады хайады сæргълæууæг Бесаты Тимур дæр.

Сæ балцы нысан у дыууæ республикæйы ‘хсæн автомобилон бастдзинады къабазы æмгуысткæнынады фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын.

Ацы документæн бындур æвæрд æрцыд, æрæджы Хуссар Ирыстоны Президент Абхазы Республикæйы кусæгон балцы куы уыд, уæд. Уæд дыууæ æфсымæрон республикæты сæргълæуджытæ хæларадон уавæр-ты æрдзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæтæн хорз ахастытæй дарддæр кæй хъæуы бизнес аразыны фадæттæ радтын дæр.

Уыцы формæ, æнæмæнг, бизнес-æмæхсæнады минæвæрттæн уыдзæн ныфсдæттæг. Ацы официалон документы фæрцы, ома, автомобилон бастдзинады фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фæстæ, дыууæ æфсымæрон республикæты адæмæн æнцон уыдзæн хъуыддæгтæ аразынæн æмæ ма сын уыдзæн инвестицион проекттæ æххæст кæнынæн комфортон уавæртæ дæр.

Абхазы æрдыгæй æхсæнадон автомобилон бастдзинады сразыдзинады гæххæттыл та йæ къух æрфыста Абхазы Паддзахадон автомобилон управленийы сæргълæууæг Робестан Габлия.

Уый йæ къух æрфыссыны фæстæ загъта: «Тынг æхсызгон мын у маршрут Цхинвал-Дзæуджыхъæу-Сухум кæй скусдзæн æмæ афæдзы алы афон дæр нæ адæмтæн кæрæдзимæ цæуыны фадат кæй уыдзæнис. Абон цы сразыдзинадыл æрфыстам къухтæ, уый тынг фæахъаз уыдзæн дыууæварсон æмахастыты рæзтæн. Æрвылаз дæр хуыздæрæй-хуыздæр кæнынц нæ ахастытæ æмæ уый мæнмæ æвзæрын кæны сæрыстырдзинад. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны мах нымайæм æфсымæрон республикæйыл. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ нын кæрæдзиимæ автомобилон бастдзинад куы уа, уæд уæрæхдæр кæндзысты канд политикон нæ, фæлæ ма социалон æмæ культурон баст-дзинæдтæ дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.