РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Дард Хурскæсæн Федералон зылды Республикæ Хуссар Ирыстоны Цытджын консул Деметы Ясонимæ.

Уыдон æруынаффæ кодтой консулмæ хауæг архайдыл, афтæ ма æввахс фидæны плæнтты тыххæй. «Нæ сæйраг стратегион партнер – Уæрæсейы Федерациимæ нæ ахастытæ рæзынц бæрзонд æмвæзадыл. Фæлæ махæн ахсджиаг у УФ-йы субъектимæ дæр ахастытæ рæзын кæнын. Уыцы куыст абон уагъд цæуы, дæрддзæгмæ ‘нæкæсгæйæ, Дард Хурскæсæны дæр», – банысан кодта Президент.

Йæ рады, Деметы Ясон фехъусын кодта йæ фæндон уæлдай æнгомдæр æмгуыстады тыххæй. «Мæнæн стыр кад у мæ историон Райгуырæн бæстæйы кæй дæн, уый, стæй нæ республикæйы цытджын консул уæвын дæр. Ме ‘рцыды нысан у Хуссар Ирыстоны æмæ Приморьейы крайы ‘хсæн ахастытæ æрнывыл кæнын. Ацы крайы Ирыстонæй рацæугæтæ ис 800 адæймаджы бæрц. Мах ныридæгæн фæлвæрдтам Цхинвал æмæ Находкайы, Хуссар Ирыстон æмæ Приморьейы крайы ‘хсæн æфсымæрон ахастытæ саразын, де ‘ххуысы руаджы уымæн ис хорз фидæн. Махæн ис ног губернаторы хæстæ æххæстгæнæг æмæ уый дæр цымыдис кæны нæ фæндонмæ», – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Цытджын консулы фæндæттæ  æрхæссиккой пайда. «Æфсымæрон ахастытæ саразын тынг хорз уаид. Ууыл та кусын хъæуы. Уый сæрмагондæй у дæ куыст», – банысан кодта Президент.

Адæмты ‘хсæн хæларадон ахастытæ рæзын æмæ фидардæр кæнынмæ йæ хайбавæрды æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федераци суверенон æмæ хæдбар паддзахадыл куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты цытæн Бибылты Анатоли Деметы Ясоны схорзæхджын кодта «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.