Ацы аз нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуан нысан кæны йæ 65 азы юбилей. Уый цытæн уагъд цæуынц алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ куыд горæты, афтæ районты ахуырдзау фæсивæдæн дæр. Иу ахæм цымыдисон бон Сфæлдыстады галуаны кусджытæ балæвар кодтой Синагуры астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæн. Уырдæм бацыдысты галуаны кусджыты коллективы иу къорд æмæ сабиты бахъæлдзæг кодтой сæ равдыстытæй.

Юбилейы цытæн нывæзт программæ «Нæ хæлæрттæ»-йы фæлгæтты сты алыгъуызон цымыдисон номыртæ, кæцытæ сæ сæйраг нысан у бæстæзонын æмæ аивады фадыджы зонындзинæдтæ рауæрæхдæр кæнын хъазтытæ æмæ викторинæты руаджы. Синагуры скъолайы ахуыргæнинæгты ‘хсæн уагъд æрцыдысты викторинæтæ адæмон аргъæуттæй ист фарстытимæ, хъæлдзæг старттæ, конкурстæ æппæты аивдæр ныв скæнынæй, афтæ ма ерыстæ шахмæттæ æмæ шашкæтæй хъазынæй дæр.

«Нæ хъæу кæд горæтмæ тынг дард у, уæддæр нæм Сфæлдыстады галуаны кусджытæ нæ базивæг кодтой æрбацæуынмæ  æмæ нын цымыдисон хиирхæфсæн мадзæлттæ равдисынмæ. Скъоладзаутæм ацы мадзæлттæ сæвзæрын кодтой хъæлдзæгдзинады æнкъарæнтæ, ахуыргæнинæгтæ дзуапп лæвæрттой рæвдз æмæ се ‘ппæт дæр активон хайад райстой мадзæлтты. Афтæ арвыстой, дæргъвæтин рæстæджы сæ зæрдыл чи баззайдзæн, ахæм цымыдисон бон», – загъта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бестауты Мери.

Скъоладзаутæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй тынг фæцыд сæ зæрдæмæ Сфæлдыстады галуаны къорд сын цы мадзæлттæ ауагътой, уыдон. «Мах тынг фæнды, цæмæй арæхдæр æмбæлæм æндæр рæттæй æрбацæуæг фæсивæдыл, кæнæ аивадон къордтыл. Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны къорды æрбацыдæй мах райстам  ирд зæрдылдарæн тæлмæнтæ æмæ сæ баззадыстæм тынг райгондæй. Уый тыххæй сын зæгъæм бузныг», -зæгъы скъолай 11-æм къласы ахуыргæнинаг Барбакъидзе Анна.

Скъолайы директор Бестауты Аркади дæр раарфæ кодта уазджытæн, кæй ссардтой рæстæг æмæ сæм ахæм дард фæндагыл æрбацæуынмæ кæй нæ базивæг кодтой, уый тыххæй.

Мадзалы кæрон галуаны кусджытæ скъоладзауты схорзæхджын кодтой грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæртдтæй æмæ сæ бахынцыдтой алыгъуызон адджинæгтæй.  Уый фæстæ систой иумæйаг зæрдылдарæн къамтæ æмæ фысымты фæхуыдтой Цхинвалмæ, Сывæллæтты сфæлдыстады галуанмæ дæр.

Сывæллæтты сфæлдыстады галуан йæ 65 азы юбилейы цытæн афæдзы дæргъы кæны скъоладзаутæн алыгъуызон мадзæлттæ уадзыны фæнд. «Юбилейон программæйы фæлгæтты афæдзы дæргъы мах уадзинаг стæм  ахæм  мадзæлттæ уадзын, сабиты зæрдæты хорз тæлмæнтæ куыд баззайа. Афтæ ма ацы программæмæ бахастам рæзгæ фæлтæрæн цымыдисон цы у, ахæм номыртæ.  Рохуаты нæ ныууагътам йæ сырæзтæй фæстæмæ Сфæлдыстады галуаны архайды хайад чи райста, уыдоны нæмттæ дæр.

Мадзæлттæ уадзын райдыдтам ацы аз 4-æм сентябры æмæ фæуыдзысты 2019 азы1-æм июны Сабиты хъахъхъæныны бон гуырахстджын бæрæгбонон мадзалæй»,- загъта Сфæлдыстады галуаны сæргълæууæг Джиоты Арианæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.