20-æм ноябры нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны кæрты изæры 6 сахатыл уыд æцæг бæрæгбон. Уыцы бон уагдоны территорийыл цытджын æгъдауæй байгом сывæллæтты планетари. Планетари байгом кæныны цытджын церемонимæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, ацы министрады минæвæрттæ, Галуаны кусджытæ Джиоты Арянæйы сæргълæудæй, афтæ ма галуаны хъомылгæнинæгтæ сæ ныййарджытимæ æмæ нæ горæты цæрджытæ.

Сценæйы сæрмæ ссыгъд стъалыджын арв, хъуыст космикон фонон музыкæ. Æрæмбырдуæвджыты размæ рахызтысты Галуаны хъомылгæнинæгтæ. Уыдон  бакастысты Дун-дунейыл, стъалытыл, космосыл, космонавттыл фыст æмдзæвгæтæ. Мадзаламонджытæ дзырдтой, зæгъгæ, Дун-дунейы алæмæттаг диссаджы тыгъдады ис  диссаджы планетæ Зæхх! Æмæ уыцы диссаджы плане-тæйыл ис рæсугъд æмæ диссаджы бæстæ – Республикæ Хуссар Ирыстон – сæрыстыр æмæ тыхджын адæймæгты бæстæ. Ацы арфæгонд зæххыл арæх æрцæуы алыгъуызон диссæгтæ. Абон та ацы зæххыл æрцыд ноджы иу стыр цау. Абон мах цытджын æгъдауæй нысан кæнæм республикæйы иунæг  Планетарийы баконд. Ацы бæрæгбон Хуссар Ирыстоны сывæллæттæн балæвар кодта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Ахæм нæртон æмæ тынг хъæуæг лæвар нын кæй бакодта, уый тыххæй йын дзурæм стыр бузныг. Уымæн æмæ абонæй фæстæ-мæ сывæллæттæн се ‘ппæтæн дæр сæ бон уыдзæн Дун-дунейы æмæ космикон дунейы сусæгдзæинæдтæ æмæ рæсугъддзинæдтæ базонын не Стъалыджын планетарийы.

 Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали банысан кодта, зæгъгæ, планетари æнæмæнгæйдæр сывæллæтты зæрдæмæ фæцæудзæн. «Нæ сывæллæттæ Дун-дунейы тыххæй хъуамæ алцыдæр зоной. Бирæ фæлтæрты бæллиц уыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны фæзындаид планетари æмæ абон уыцы бæлллиц æххæст æрцыд. Уырны мæ, нæ сывæллæттæ ардæм райзæрдæйæ кæй цæудзысты æмæ кæй базондзысты бирæ ног хабæрттæ Дун-дунейы тыххæй. Планетари саразыны хорз идея реализаци æрцыд Галуаны директор Джиоты Арянæйы фæрцы. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæстæйы Президенты æххуысæй. Стыр бузныг Бибылты Анатолийæн, кæцы рахæцыд ацы идеяйы æвварс. Уырны мæ, планетарийы баконд кæй фæахъаз уыдзæн сывæллæтты компьютерон хъæзтытæй фæиппæрд кæнынæн», – загъта Ахуырад æмæ зонады министр.

Мадзаламонджытæ сценæмæ фæхуыдтой РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы. Уый арфæйы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, планетарийы байгом кæныны фæрцы сывæллæттæ хуыздæр кæй базондзысты стъалыты тыххæй. «Мæн уырны, нæ сывæллæттæ стыр цымыдисимæ кæй цæудзысты планетаримæ. Скъоладзаутæ ахуыр кæндзысты Дун-дунейы сусæгдзинæдтæ. Республикæйы къухдариуæгад, Ахуырады министрад æмæ Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны къухдариуæгад  æппæт дæр аразынц  сывæллæтты хæрзиуæгæн», – банысан кодта Президент. Бибылты Анатоли, сæрмагондæй, арфæйы ныхæстæ загъта Галуаны директор Джиоты Арянæйæн,  рæзгæ  фæлтæры бæллиц кæй сæххæст кодта, уый тых-хæй.

Уый фæстæ Бибылты Анатоли, Пухаты Эрик, Гасситы Натали æмæ Джиоты Арянæ цытджын æгъдауæй алыг кодтой сырх лентæ æмæ бацыдысты планетаримæ. Мадзалы официалон хай дарддæр кодта цымыдисон номыртæй. Галуаны кусджытæ сæ хъомылгæнинæгтимæ сарæзтой æцæг бæрæгбонон мадзал. Æрæмбырдуæвджытæ цасдæр рæстæгмæ аныгъуылдысты Дун-дунейы аргъæутты дунейы. Номыртæй иууыл цымыдисондæр уыдысты Хуры системæйы æппæт планетæты равдыст.

Сывæллæттæ радзырдтой Хуры системæйы планетæты тыххæй, сæ къухты планетæтæ æвдисæг тымбылæгтæ, афтæмæй. «Хуры системæйы ис бирæтæ куыд нымайынц, афтæ 9 нæ, фæлæ 8 планетæйы. Цæмæн афтæ нымайынц уыдон? Уыдон Хуры дæр нымайынц но-джы иу планетæйыл, фæлæ æцæгæй та уый у иунæг стъалы, кæцы ис хуры системæйы. Плутон раздæр нымад цыд планетæйыл, фæлæ ныр та нымад цæуы  карликон планетæйыл. Меркурийы планетæйы афтæ схуыдтой рагон римаг хуыцауы цытæн. Меркурий Хуры алыварс зилы æнæхъæн 88 зæххон суткæты дæргъы. Планетæ Венерæйы та ахæм номæй схуыдтой уарзондзинады хуыцауы цытæн. Венерæ у Зæххы æнгæс. Æртыккаг планетæ та у Зæхх. Уый у иууыл егъаудæр планетæ зæххы къорды планетæты ‘хсæн», – дзырдтой сывæллæттæ. Уыдон ма радзырдтой планетæтæ Марс, Юпитер, Сатурн, Уран æмæ Нептуны тыххæй.

Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны базæйыл планетари арæзт æрцыд рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдаудзинады хъомылады фæдыл паддзахадон программæйы фæлгæтты. Йæ арæзтадæн финансон фæрæзтæ хицæн æрцыдысты Президенты фæсауæрцон фондæй. Планетари саразыны идея раразмæ кодта Сывæллæтты сфæлдыстады галуан. Идеяйы æвварс рахæцыдысты Президент æмæ Ахуырады министрад. Галуан ныридæгæн планетарийы куысты фæдыл кусы фильмтæ равдисыны программæйыл. Алкæцы скъолайы ахуырдзаутæн дæр фадат уыдзæн планетаримæ æрбацæуынæн æмæ Дун-дунейы тыххæй сæ зонындзинæдтæ рауæрæхдæр кæнынæн. Планетарийы ис 20 бынаты. Телескопты фæрцы скъоладзаутæн фадат уыдзæн стъалытæм кæсын æмæ ахуыр кæны-нæн.

Мадзалы кæрон сценæмæ «рахызтысты» планетæтæ иууылдæр æмæ зылдысты Хуры алыварс. «Зынаргъ хæлæрттæ, не Стъалыджын планетари байгом æмæ æнхъæлмæ кæсдзæн йæ фыццаг уазджытæм», – кæронбæттæны загъта мадзаламонæг.

Хуссар Ирыстоны фыццаг планетари байгом кæныны це-ремони фæцис дискотекæ æмæ фейерверкæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.