Нæ царды уагмæ фæсарæнтæй телеуынынад æмæ ин-тернеты тыгъдадæй цы æппæрццаг, æнæгъдау митæ æвдисынц, уыдон æвзæрæрдæм æндавынц не ‘взонг сылгоймæгтыл. Хиуыл фæхæцын, хи дарын, сæ дарæсы конд дард лæууынц, нæ ирон адæммæ фыдæлтæй цы рæсугъд æгъдæуттæ  баззад, уыдонæй. Ахæм сылгоймæгтæ кæд стæмтæ сты, уæддæр æвзæрæрдæм æндавынц иннæтыл дæр.

Цард кæд тынг аивта, уæддæр бирæ сты Ирыстоны курдиатджын сылгоймæгтæ, кæцытæ бæрзонд хæссынц сæ раттæг адæмы кад æмæ намыс.

Уыдон нымæцмæ хауы Цхуырбаты Томайы чызг Женя дæр. Женя, хæсты сывæллæттæ кæй хонынц, уыдонæй у. Йæ фыд Томайы Хслебы хъæубæстæ цыфыддæр знаг – Германы фашистты ныхмæ хæстмæ куы фæндараст кодтой, уæд Женяйыл æххæст 6 азы нæма цыд. Йæ мад Тедеты Ленкъайы æвджид баззадысты 3 чызджы æмæ Томайы зæронд фыд Кужи дæр. Уал даринаджы зын хъомылгæнæн уыдысты хæсты рæстæджы, стæй уый фæстæ уæззау азты дæр. Тедион кæд колхозы куыста уæхскуæзæй, уæддæр йæ куысты бонтæм цы фæллой иста, уый нæ фаг кодта бинонты дарынæн æмæ ма Дза-уы Культурæйы хæдзары дæр райдыдта кусын. Æппæт хæдзарон æмæ æддагон куыстытæ йæ уæхсджытыл æрынцадысты, фæлæ уæддæр бафæрæзта. Кæд кæрдзын æмæ уæлæдарæсæй цух æййæфтой, уæддæр сæ схъомыл кодта æнæнизæй, мад дæр сын уыд æмæ фыд дæр. Æхсæв-иу йæ алыварс куы ‘рбадзыгуыр сты, уæд-иу сын бæргæ дзырдта, тагъд уæ фыд дæр фæзындзæн, зæгъгæ, фæлæ йæ хæстон цардæмбалы сау гæххæтт куы райста, уæд уыдон ныфсæвæрæн ныхæстæ разындысты. Тедион лæджы æмсæр сылгоймаг разынд.

 Сывæллæттæй, алкæй йæ цардыл бафтыдта, æрыййæфта сын кæстæртæ æмæ кæстæры кæстæртæ. Фæлæ йæ домбай лæппутæ Лентъо æмæ Амиран цардхъуагæй кæй ахицæн сты кæрæдзи фæдыл а-дунейæ, уый не сфæрæзта æмæ уый дæр уайтагъд ахицæн цардæй. Рухс дзæнæты бадæт…

Женя уыд зæнæджы хистæры кæстæр, куыд рæзт, афтæ хæдзарон куысты-тæй йæ мады къух рог кодта. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ смой кодта сыхаг Гуфтайы хъæуккаг Битеты Асланæй. Дыууæ уарзæгой уды цардысты хъæрмудæй, кæрæдзи æмбаргæйæ. Афæдзмæ сын лæппу райгуырд æмæ йыл Толик сæвæрдтой.

Цард фæлдурæтджын у, хатт вæййы афтæ, æмæ адæймаг царды бæллиццаг фæндтæ куы фæнывæнды, афтæ йыл хъысмæт та сайдæй разилы. Аслан йæ мотоциклетыл бадгæйæ фæндаджы фыдбылызы бахауд æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ. Женя хæрзæвзонгæй фæидæдз. Хуыздæр фадæттæ æмæ цардæнхъæл рацыд Цхинвалмæ, фатер баххуырста æмæ уым цард, йæ фырт Толик æмæ йæ кæстæр хо Оляимæ. Дыууæ хойы кусын райдыдтой хуыйæн фабрикæйы. Цыбыр рæстæгмæ Женяйы къам фæзынд фабрикæйы Кады фæйнæгыл. Йæ хорз куысты тыххæй йын фатер радтой. Бирæ хæттыты райста кады грамотæтæ. Уый активон хайад иста æхсæнадон хъуыддæгты дæр. Уыд рационализатор, хуыйæджы дæсныйадмæ цы ивындзинæдтæ хаста, уыдон хорзæрдæм æндæвтой, куыд куысты гъæдыл, афтæ экономикæйыл дæр. Раныхас-иу кодта, Тбилисы рационализатортæн цы пленумтæ, рабадтытæ уыд, уым. Фæстаг цалдæр азы куыста фабрикæйы лабораторийы. Иууыл иумæ фабрикæйы бакуыста æртын дыууæ азы. Къухдариуæгад ын саккаг кодтой майдан дæр. У куысты ветеран.

Кæд хæрзæвзонгæй фæидæдз Женя, уæддæр йæ амондыл дыккаг хатт нал ахъуыды кодта.

Йæ иунæг лæппу Толик Цхинвалы 3-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы педагогон институты филологийы факультеты, райста ахуыргæнæджы дæсныйад.

Толик кусын райдыдта Дзауы районы Кировы хъæууон скъолайы, ахуыргæнæгæй. Йæ мад Женяйы зæрдæ рухс кодта йæ хъæбулы хæрзæгъдау æмæ размæцыдæй.

Толик иугæр кусын райдыдта, уæд æй мад барæвдз кодта бинонты хъуыддаг ба-кæнынмæ. Лæппу йæ цард баиу кодта Цоциты Динæимæ. Динæ фарны къах æрбавæрдта Битеты хæдзармæ. Цыбыр рæстæгмæ æртæ сывæллоны мад баис.

Хæдзары кæстæрты фæзындæй Женяйы цинæн кæрон нал уыд. Сывæллæттæ ахуырмæ рæвдз кæй уыдысты, уымæй йæ зæрдæ ради. Сфæнд кодтой Гуфтайы сæ фыды уæзæгыл хæдзар саразын, æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта.

Мады цин бирæ рæстæг нæ ахаста. Толик йæ тæккæ лæджы кармæ куы бахæц-цæ, йæ царды фæндтæ йæ уды фæндиаг куы нывæзта, уæд йе уæнгты ахæм цъаммар низ фæзынд æмæ йын хосгæнæг хос нал скодта. Женяйы хæдзар арвы цæфау фæци. Фыдгулæн йæ иунæг хъæбул амæлæт. Йæ зæрдæ кæд масты цæхæрæй сыгъд, уæддæр йæхи не ‘руагъта. Балæууыд йæ чындз Динæйы фарсмæ æмæ иумæ хъомыл кодтой сæ кæстæрты.

Астæуккаг скъола фæуыны фæстæ Женяйы хъæбулы хъæбултæ сæ ахуыр адарддæр кодтой, чызджытæ – Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндоны. Иринæ математикæ æмæ информатикæйы дæсныйад райста, Аланæ та – экономисты. Се ‘фсымæр Сæрмæт бацыд Цæгат Ирыстоны Хæххон-металлургион институтмæ æмæ райста инженеры дæсныйад. Динæ кусы Гуфтайы хъæуы скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй. Иринæ æмæ Аланæ сæ дæсныйадыл кусынц Цхинвалы университеты. Сæрмæт – хæдзары бындур, кусы, Цхинвалы электрохызæджы инженерæй.

Сæрмæт æмæ Иринæ сæ амæндтæ ссардтой, фæлæ Аланæ нырма амондагур у, æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы, рæхджы цы ссара йæхи аккаг цардæмбал.

Афтæ бон цæуы æмæ фарн хæссы йемæ. Женя ныр кæд кардзыд у, æмæ бирæ зæрдæрыстытæ æмæ хъизæмæрттæ бавзæрста, уæддæр ныр йæ зæрдæмæ хуры рухс бакалд. Йæ азтæ йыл цыма, бумбулийы уæз дæр нæ кæнынц кæстæрты цинæй.

Женяйы аккаг ныхæстæ кæд не сырæхстæн, уæддæр газеткæсæг бафиппайдзæн, Иры кæстæр сылгоймæгтæн бафæзминаг кæй у, уый. Кæд æвзонгæй фæидæдз, йæ иунæг хъæбулы маст баййæфта, уæддæр бафæрæзта хъысмæты цæфтæн. Кæд ын царды æнцондæр фæндагыл ацæуынæн уыд гæнæн, уæддæр равзæрста зындæр фæндаг. Уымæй скад кодта йæ мыггаг Цхуырбатæн, аргъ æмæ лæггад кæны абон дæр, афтæ чысыл рæстæг кæимæ рацард, уыцы цардæмбалы мыггаг – Битетæн.

Женя, æнæнизæй бирæ фæцæр, дæ кæстæрты хорздзинæдтæм кæсгæйæ. Дæ байзæдтаг ныббирæ уæт, фыдæй фырт хуыздæрмæ, мадæй чызг хуыздæрмæ, фæлтæр фæлтæры ивæт.

ЧЕХОЙТЫ Вася, фæллойы ветеран

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.