Йæ райгуырды 90 азы бонмæ

Пæррæстаты Инал. Зынгæ дохтыр Гечайы фырт. Нæ горæты уый чи нæ зыдта, ахæм адæймаг зынтæй разындаид. Мæнæй-ма! Йæ фыдæй къаддæр популярон нæ уыдис профессионалон хирург-уролог. Чи сæ банымайдзæн, цал æмæ цал пациенты фервæзын кодта уæззау диагнозæй. Æмæ дзы йе ʻмбæстæгтæ кæддæриддæр уыдысты райгонд æмæ сæрыстыр. Йæ хорзы кой йын арæх хъуыстон радиоалæвæрдты, уый тыххæй периодикон мыхуыры цыдысты очерктæ æмæ æндæр ахæм бузныджы ныхæстæ. Мæхæдæг дæр хорз зыдтон Мимийы (фæсномыгæй йæ афтæ хуыдтой) куыд хорз дохтыр, афтæ куыд хорз адæймаг дæр. Уый уыдис цæвиттойнаг патриот. Хуссар Ирыстоны нæ «уæздан» сыхæгтæ куы райдыдтой æппæт æгъдауæй дæр хъыгдарын æмæ æфхæрын, гъеуæд фæбæрæг Иналы патриотизм, æхсарджынæй балæууыд «Адæмон ныхас»-ы сæйраг архайджыты фарсмæ æмæ сын моралон æгъдауæй æххуыс кодта се ʻндыгъд уавæры. Æз мæхæдæг афтæ активон нæ уыдтæн митингтæ æмæ æмбырдты, фæлæ зæрдæйæ æмæ мыхуырон ныхасæй се ʻвварс хæцыдтæн кæддæриддæр. Æниу сын се ʻмбырдты дæр рæстæггай хайад истон æнæ искуы иу стæм хатт едтæмæ, Иналы уыдтон уым сагъæс-гъуыз æнæ фæдисæндыгъдæй. Зæгъ-дзынæн конкретонæй «Адæмон ныхас»-ы иу рабадты тыххæй. Æз нал хъуыды кæнын, фæлæ иу фæссихор ныхасы хайадисджытæ æмбырд кæнын райдыдтой зонадон-иртасæн институты бæстыхайы дыккаг уæладзыджы Зæгъойты Женяйы кабинетмæ. Уый уæд уыдис институты зонадон кусæг, экономист. Сæрæн сылгоймаг, патриот, æнæкомпромисон. Мæхæдæг дæр – се ʻхсæн. Икъаты Валодяимæ ссыдыстæм, фæлæ нæ бадæнтæ нал фæцис æмæ лæугæйæ хъуыстам раныхæстæм. Радгай эмоционалон æгъ-дауæй сæ хъуыдытæ дзырдтой Хуссар Ирыстоны хъысмæты алыварс, гуырдзыйы националистон политикæйы ныхмæ æмæ дзы куыд фервæзæм, æппæт уыцы суинаг хъуыддæгтыл.

Цымыдисгæнджытæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Афтæ, æмæ къӕлидоры дæр нал цыдысты, сæ хъæлæба, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыстис сыхаг кабинетты бадæг зонадон кусджытæм æмæ нæм иуахæмы директор феххæлæгау кодта: «Ацæут æндæр ранмæ, ам нæ хъыгдарут нæ куысты». Уæд мах дæр ратыгуыр стæм æмæ пединституты дыккæгæм уæладзыгмæ схызтыстæм. Нæхицæн бацагуырдтам сæрибар аудитори – №11. Уым æрынцадыстæм æмæ æмбырд дарддæр кодта йæ куыст. Сæйраг ныхас ракодта «Адæмон ныхас»-ы лидер Цоциты Алан æмæ характеристикæ радта гуырдзы æмæ Хуссар Иры уæды рæстæджы æндыгъд ахастытæн историон аспекты. Уый фæстæ радгай ныхас кодтой æхсæнадон змæлды активондæр хайадисджытæ. Уым уыдысты, кæд нæ рæдийын, уæд Цхуырбаты Зелим, Битарты Зоя, Къæбысты Дзерассæ, Зæгъойты Женя, Пæррæстаты Инал, йе ʻфсин Абайты Зарæ æмæ ноджы бирæ чидæртæ. Мæ рахис фарсмæ дæргъæццон партæйыл та бадтис дзæнæтыбадинаг Икъаты Володя. Дзырд æрцыдис «Адæмон ныхас»-æн официалон æгъдауæй сæрдар равзарыны фæдыл æмæ æз мæ ныхас баппæрстон, зæгъын, уыцы хъару, мæнмæ гæсгæ, разындзæн Аланæн йæхимæ, уымæн æмæ биноныг зоны нæ истори, не ʻгъдæуттæ, нæ национ культурæ, у этнограф æмæ ма мах дæр æндæр цы дардыл зилæм. Мæ хъуыды раст кæмæ фæкаст, уыдонæй сæ иу уыд Мими æмæ фидарæй рахæцыд Аланы кандидатурæйы фарс. Раст зæгъгæйæ, æмбырды уæвджытæ се ʻппæт дæр сразы сты уыцы фæндоныл æмæ Цоцийы фырт дæр сразы йæхимæ уæззау бæрнон хæс райсыныл… Уыцы уынаффæ хаст æрцыдис æхсæвы иуæндæс сахатыл, иуæндæсæм аудиторийы…

Радзурын мæ фæнды, Иналы скалпель мæнæн мæхимæ дæр кæй фæныхылдта, уый тыххæй. Цæвиттон, кæд нæ рæдийын, уæд уый уыдис 1967 азы сæрды. Æз мæ бинонтимæ уыдтæн мæ каисты хъæу Цъиры æмæ иу бон мæ апендицитæй хъæрзын куы райдаин, змæлын мæ нал уагъта, ахæм рыстытæ мын уыдис. Мæнæн ма цы гæнæн уыд æмæ æвæстиатæй мæхи райстон Цхинвалмæ. Поликлиникæйы мæ куы басгæрстой, уæд мæ уадид рынчын-донмæ арвыстой. Схуыссын мæ кодтой дыккаг уæладзыджы хирургион палатæйы. Мæ хосгæнæг дохтыр та уыдис С.Т. Дыууæ боны дæргъы мын анализтæ фæкодтой æмæ æртыккаг райсом мæ дохтыр мæ уæлхъус æрлæууыд æмæ мын афтæ зæгъы: «У тебя глисты, апендицит в норме. Надо вам обратится в санэпидстанцию и они подлечат тебя». Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, бацин кодтон, зæгъын, æгайтма мын операци кæнын нæ бахъуыд, æмæ ра-цыдтæн нæхимæ. Дыккаг бон ныццыдтæн санэпидстанцимæ æмæ мæ регистрату-рæйы ауагътой. Сарæзтой мын сæхæдæг анализтæ æмæ мæ ахæм дзуаппимæ рарвыстой: «Никаких глистов у тебя нету, иди обратно в больницу».

Æз дæр та мæхи бафæндараст кодтон рынчындонмæ, фæлæ ацы хатт уыцы дохтырмæ нæ, фæлæ мæ хæлар хирург Пæррæстаты Иналмæ. Уый мæ басгæрста æмæ мæ æвæстиатæй схуыссын кодта палатæйы, дæ аппендицит тынг рæсыд у, зæгъгæ. Æмæ мын æртæ боны фæстæ йæ асистент, сывæллæтты дохтыр Джиоты Аланимæ сарæзта операци.

Раст зæгъгæйæ, уæззау рауадис операци, карз рыстытæ мын расайдта, суанг мын мæ ахсæн дæр цыма исчи къуыхтæ кодта, афтæ йæ æнкъардтон. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, карды бын уæууæй нал вæййы. Уымæй дæр мын Иналы ныфсæвæрæн ныхæстæ цыма æвдадзы хос басгуыхтысты, афтæ цадæггай мемуд æрцыдтæн, растдæр зæгъгæйæ, фервæзтæн фыдбылызæй. Инал мын мæ куырмтъанг куы слыг кодта, уæд мæм дзуры: «Æркæс-ма, æркæс, хъыбылы хуызæн ныррæсыд æмæ цъæх кæнын райдыдта. Хорз уыдис æмæ рæстæгыл бацагуырдтай дохтыр, æндæра дæ мæгуырау фæстиуæгмæ æркодтаид». Æниу, мæнæн мæ бон нæ баци уымæ бакæсын, æгæр æнæрцæф зæрдæ мын ис æвзонгæй фæстæмæ. Уый бæсты зæрдиаг арфæ ракодтон уæлгоммæ хуысгæйæ мæ ирвæзынгæнджытæн, стæй мæ урсдарæг чызджытæ палатæмæ аластой.

 Цалдæр боны фæстæ мæ рафыста Инал, мæ бюллетень мын байдзаг кодта æмæ мæ бафæдзæхста: «Уæззау мацæуыл схæц, цалынмæ сæндидзай, уæдмæ».

Æз ын ской кодтон, зæгъын, дæ лæггадæн йæ аргъ цас у?

«Æппындæр ма ʻфсæрмы кæн, мах, дохтыртæ, Гиппократы номæй ард бахæрæм æмæ рынчыны къухмæ нæ кæсæм, уый мæгуырау миниуæг у», – дзуапп мын радта Инал æмæ мын ме уæхск æрхоста, абонæй фæстæмæ дæ макуал бахъæуæд мæ сæр, зæгъгæ…

Хуыцау мын мæ комкоммæ ныхас ныббарæд, фæлæ дохтырæн мæлæт ма хъуамæ уаид. Уæддæр иу хорз у, æмæ йын йæ зын, фæлæ ахсджиаг куыст кæй дарддæр кæны йæ фырт Сæрмæт.

Дзæнæты бад, Инал! Ды уыдтæ, ноджыдæр æй зæгъын, хорз æмбæстаг æмæ хорз дохтыр æмæ дæ мысдзынæн кæддæриддæр.

   ХЪОДАЛАТЫ Герсан, журнал

«Фидиуæг»-ы сæйраг редактор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.