Адæймаг куыст æмæ царды зындзинæдтæй куынæ тæрса, уæд йе ‘нтыстытæ вæййынц бирæ фылдæр æмæ хуыздæр. Ацы хорз миниуджытæй хайджын уыдысты Цхинвалы районы Соцъийы хъæуы цæрæг Хуриты Шаликъо æмæ Зонкъары хъæуы цæрæг Пелиты Бабо. Кæд райдианæй æрмæстдæр хъæууонхæдзарадон куыстыты æмбæлдысты, уæд фæстагмæ та се ‘хсæн рæсугъд æмæ сыгъдæг æнкъарæнтæ райдыдтой гуырын æмæ уæд арæхдæр райдыдтой æмбæлын, тырныдтой кæрæдзийы фенынмæ.

О, фæлæ Бабойы ныййарджытæ сфæнд кодтой сæ цæрæн бынат аивынмæ. Бафæндыд сæ Гуры районы Плауисманы хъæуы æрцæрын. Бирæтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, уæд дыууæ уарзæгой удæн æнæфæхицæнгæнгæ нал ис. Хиуæттæ æмæ сын сыхæгтæ дæр дзырдтой, зæгъгæ, цæмæн халут дыууæ уарзæгой уды цард æмæ амонд. Скæнут чындзæхсæв æмæ уый фæстæ – уæ бар уæхи. Дзырдтой ма сын æндæр ныхæстæ дæр, фæлæ-иу алы хатт дæр райстой ахæм дзуапп, зæгъгæ, кæд сæ кæрæдзи æцæг уарзынц, уæд сын, æндæр ранмæ кæй цæуæм, уый стыр ныхдур нæ уыдзæн. Бабойы мад æмæ фыд нал аивтой сæ фæнд – сæ фæллой куы ластой, уæд чызг йæхи дæр нал равдыста, кæмдæр бамбæхст æмæ уым æнкъард æмæ æрхæндæгæй калдта ставд цæссыг. Æнцон нæ уыд Шаликъойæн дæр, фæлæ йæхимæ ссардта тых æмæ ма сын æххуыс  дæр кодта сæ фæллой æвæрын æмæ ласынæн.

Цыдысты бонтæ, къуыритæ, мæйтæ. Шаликъо æмæ Бабо кæд раздæрау арæх нал, уæддæр-иу амбæлдысты рæстæгæй-рæстæгмæ æмæ-иу фæныхас кодтой сæ дарддæры царды тыххæй. Сæ ахастыты тыххæй дыууæ ‘рдыгæй дæр базонын кодтой сæ ныййарджытæн æмæ æвзонг уарзæгой удтæ æнхъæлмæ кастысты, цы сын зæгъой, уымæ. Сæ ныййарджытæ сын радтой бар æмæ скодтой  дзаджджын æмæ хъæлдзæг чындзæхсæв.

 Шаликъо æмæ Бабойы цины хабарыл ныййарджытæ æмæ хиуæттау фæцин код-той зонгæтæ æмæ сыхæгтæ дæр. Цы зæрдиаг æмæ сын адджын арфæтæ фæкодтой, уыдон та сыл æрцыдысты æххæстæй. Фæзынд сын аст кæстæры: фондз чызджы æмæ æртæ лæппуйы. Уал кæстæры хъомыл кæнын хуымæтæджы хъуыд-даг нæ уыд, фæлæ æвзонг æмкъæйттæ ууыл никуы батыхстысты. Уыд сæм уар-зондзинад, кæрæдзиæмбарынад, куыстхъомдзинад æмæ сæ кæстæрты нæдæр хойраг æмæ нæдæр дарæс цух уагътой. Шаликъо кодта зæхх æмæ фосдарды куыст. Цы тыллæг æмæ фæллой иста, уыдонæй ма горæты уæй дæр кодта. Хæдзары Бабойæн дæр кæд бирæ куыстытæ уыдис, аст кæстæрæн хæринаг аразын хъуыд, сыгъдæгдзинад домдтой, уæддæр-иу ссардта фадат æмæ-иу куы бахъуыд, уæд-иу цыфæнды куысты дæр балæууыд йе ‘мкъайы фарсмæ.

Иу рæстæджы хæххон хъæуты цæрджытæм бахатыдысты хицауады разамонджытæ, цæмæй æрцæуой, цæрынæн сын хуыздæр æмæ æнцондæр фадæттæ кæм уа, ахæм бынæттæм. Шаликъо æмæ Бабо бирæ фæрахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ аскъуыддзаг кодтой æмæ цæрынмæ æрцыдысты Дменисы хъæумæ. Уæдмæ сæ кæстæртæй чидæртæ фесты цумахъом æмæ бинонтæ аныгъуылдысты царды уылæнты. Куыст æмæ цардмæ сæ ахæм ахасты тыххæй сæ хорз райстой сæ ног сыхæгтæ, стыр аргъ сын кодтой сæхæдæг дæр.

Иу рæстæджы хъæуы уыд зиан, зианджынтæн Шаликъо ныфс бавæрдта, хæрнæджы фынгыл кувæгæй кæй æрбаддзæнис, уымæй. Ацæуынхъус куыд уыдис, афтæ йæ хæдзарыл зынг сивæрзт. Сыхæгтæ æрбамбырд сты æмæ хуыссын кодтой зынгсирвæзт. Шаликъо бинонтæм бадзырдта, деттæ ма мын мæ худ радæттут, зианы адæм мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц, зæгъгæ. Сыхæгтæ Шаликъойы хæдзар судзын нæ бауагътой.

Шаликъо æмæ Бабойы фондз чызгæй дыууæ, Женя æмæ Маня сæ амæндтæ ссардтой Астæуккаг Дменисы. Баисты Къусраты чындзытæ. Цы бинонтæм бацы-дысты, æрмæст уыдон æмæ сæ хæстæджытæ нæ дзырдтой хорз чындзытæ сæ кæй фæцис, уый, фæлæ сæ æппæлыдысты хъæубæсты адæм се ‘ппæт дæр.

Хъæбултæй, уарзаг бинонтæй чи рацæуы, уыдон сæхæдæг дæр кæстæруарзаг вæййынц. Женя æмæ Маня, раст цымæ сæ кæ-рæдзиимæ  быцæу кодтой, уыйау: сæ иуæн кæстæр фæзынд, уæд иннæмæ дæр кæс æн-хъæлмæ… Афтæмæй сæ кæстæртæ баисты Женяйæн æртæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы, Маняйæн та æртæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Сæ цардæмбæлттæ Стъепан æмæ Падоимæ сарæзтой хорз цард. Сæ хъæбултæн скодтой чындæхсæвтæ, федтой хъæбулы хъæбултæ æмæ уыдон хъæбултæ – æдæппæт сын баисты 60, фæлæ…

Бынтон æнæнхъæлæджы Женяйæн фыццаг йæ иу фырт Аппалон, уый фæстæ та йæ 18 аздзыд хъæбулы хъæбул Зæринæ æмæ стæй та Зæринæйæн йæ фыд Мурат фæхъуыдысты. Хъысмæты  æгъатырдзинад нæ ахызт Маняйы иувæрсты дæр. Æнæрæстæджы фæхъуыд, йæ удæй фылдæр кæй уарзта, стыр ныфс кæмæй æвæрдта, уыцы чызг, æртæ кæстæры мад Катя.

Ахæм мæстыты фæстæ бирæтæ зæгъдзысты, зæгъгæ, ма сæ къæхтыл дæр куыд лæууынц, фæлæ дыууæ хойы Женя æмæ Маня хорз æмбæрстой, хъомыл кæнын кæй хъæуы, сæ кæстæртæ сидзæрты нæмттæ кæуыл сывæрттой, фыд мады рæвдыд кæронмæ чи нæ банкъардта, уыцы кæстæрты дæр. Загътой æмæ сæ ныхас æххæст дæр скодтой. Цалдæрæн дзы скодтой чындзæхсæвтæ æмæ абон нал фефсæдынц уыдон кæстæртыл цин кæнынæй.

Женяйæн йæ 94 азы йæхи баисты Маняйæн та – йæ 90 азы. Кæд раздæрау уæнгрог нал сты, уæддæр сæм абон дæр ис бирæ фæндтæ æмæ хъуыдытæ, æмæ сæ сæ кæстæртæ, уыдон æмæ уыдон кæстæртимæ æххæст дæр кæнынц.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.