Адæймаджы уæздандзинад хæрд æмæ нозты рæстæджы куыд рабæрæг вæййынц, афтæ никуы. Хæргæ алы цæрæгой дæр кæны, фæлæ мын, æгъгъæд хæрд у, зæгъгæ, адæймаг йедтæмæ хъуыды кæнын никæй бон у.  Иннæ цæрæгойтæн цалынмæ сæ ахсæнтæ байдзаг вæййынц, баф-сæдынц, уæдмæ фæхæрынц. Адæймаг хъуамæ йæхиуыл фæхæца, хъуамæ æмбара, фырхæрд æмæ фырнозт пайда кæй не сты, адæймаджы æгад кæй кæнынц, уый. Адæймаг афтæ хъомыл куы нæ уа, уæд фосæй уæлдай нæу. Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ дзырдтой: “Лæджы гуыбыны куыдз хуыссы” кæнæ “Гуыбындзæлæн марг йæ цæлы кæхц у, йæ фыдызнаг та  йæ хуылфы  ́æмбæхст у”. Адæймаджы ахсæн æнæбын чъыбылайау у, кæд чысыл зыны, уæддæр дзы бирæ цæуы, уымæн æмæ ахсæн кæны ивæзгæ. Адæймаг нард кæны фырхæрдæй. Уымæн кодтой ирæттæ стыр аргъ, хæрдмæ йæ-хиуыл хæцын чи зыдта, ахæм уæздан адæймагæн.

Уæздан адæймаг нæдæр уа-зæгуаты, нæдæр йæхи хæдзары йæ гуыбын никуы дзаг кæны, ба-хæры йе стонг суадзыны бæрц. Йæ ахсæны бынат ныууадзы уæздандзинады нысанæн. Уæздан адæймаг архайы йæ къæбæр ис-кæимæ бахæрыныл. Искæйы хардзæй кæнæ æввонгæй нæ хæры  уазæгуаты дæр æмæ йæ бинонты  ‘хсæн дæр. Йæхицæн уæлдай хæрд æмæ нозт нæ домы, хæрдыл æмæ нозтыл хæлæф нæ кæ-ны. Уæздан лæг уазæгуаты фынгисæггаг ныууадзы, хистæры кæнæ сылгоймаджы разæй фынгмæ не ‘вналы. Искæй дзыхмæ кæсын, искæй хæрд нымайын, гуыбыны хæрдыл тых ныхас кæнын цæрæнбонты ирæттæм æгад у. Цæхх æмæ кæрдзын, цыфæнды уавæры дæр, искæмæй  бамбæхсын худинаджы нысан у.  Дæ дзæкъулæй хæрд, нозт куы сисай, уæд уал дзы фыццаг дæ фарсмæ уæвæгæн ратт, уый фæстæ дæхæдæг дæр ахæр.

Ирæттæ æмæ суанг сæ рагфыдæлтæ дæр хорз зыдтой нозтæн канд йæ кæныны мадзæлттæ нæ, фæлæ ма йын цы æппæрццаг  ахадындзинад ис, уый дæр.  Арæзтой бирæ алыгъуызон нозтытæ: ронг, сæн, арахъхъ, брæгъ, бæгæны, фæлæ cæм расыг лæг кæддæриддæр уыдис тынг худинаг.  Иу хатт-иу чи фæрасыг, уый-иу адæмы ‘хсæнмæ рацæуын нал уæндыди. Расыггæнаг та уыди æгад æмæ фидиссаг, адæм æй хæдзармæ нæ хуыдтой. Уымæ гæсгæ ирон лæг фынгыл йæхи хъахъхъæдта фыднозтæй. Уæздан адæймаг кæддæриддæр йæхи хызта ахæм худинагæй.

Арæх фехъусæн ис, зæгъгæ, дам, нæ рагфыдæлтæ бирæ нуæзтой, фæлæ расыг нæ кодтой. Уыцы ныхæстæ сты æнæбындур, бирæ чи фæнуазы æмæ расыг чи нæ фæкæны, ахæм адæймæгтæ æрмæстдæр аргъæутты цæрынц. Нæ фыдæлтæ сæхæдæг загътой: “Нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары”. Бирæ чи нуазы, уый расыг дæр кæны, стæй рæдигæ æмæ  худинаг дæр.

Нозт фæлтæрдджын æфсад-хонау у, фыццаг йе ‘фсæдты знагмæ уацары ратты, стæй уыдон уым куы æрфидар вæййынц, уæд се знаджы сæ быны скæнынц, йæ зонд ын айсынц, йæ ныфс ын асæттынц æмæ дзы уацайраг саразынц.

Расыг адæймаг æрра у æмæ дзы нæдæр æгъдау домæн ис, нæдæр – рæстдзинад. Расыг лæгæн уайдзæф кæнын масты хосæй дарддæр ницы дæтты. Расыггæнагыл худын нæ хъæуы, уымæн æмæ уæззау низы ахæсты ис. Ахæмæн нозт чи дары, уый та йæ æдзардæй мæрдтæм æрвиты. Уымæн фæзæгъынц – “Арахъхъ гаджидауæй райдайы æмæ маройæ фæвæййы”.  Нозтæй искæйы зæрдæ балхæныны охыл нуазын дæр нæ хъæуы, искæмæ хатын дæр. Нозтуарзаг адæймагæн бадарын у æнæрхъуыдыдзинад, расыггæнагæн бадарын та – æнæгъдаудзинад. Уæздан лæджы хæдзарæй расыг лæг нæ рацæудзæн, расыггæнаг та йæм нæ бацæудзæн. Расыггæнаджы æрмæстдæр хынджылæггаг хæдзармæ хуындæуы. Адæймаг нуæзтмæ бæллын куы райдайы, уæд æй æгад суæвынмæ бирæ нал фæхъæуы. Мондаг кæнын æм куы байдайы, уæд та йæ фосы уавæрмæ æркæны. Нозты руаджы æхцондзинад агурын у фыдракæнд.

Ирон лæг кæддæриддæр йæхи хъахъхъæдта фыднозтæй, хъуа-мæ уа æрвонг, уый фыдæлты фæтк у. Ирон лæг нуазгæ куы ба-кæна, уæддæр исты стыр бæрæг-боны – куывды, чындзæхсæвы. Стæй иунæгæй нуазын дæр у стыр худинаг.

Уæздан адæймагмæ цыфæнды кадджын арфæйы нуазæн куы æрбахастæуа, уæддæр дзы æфсæрмæй йæхицæн зын не скæндзæн. Кæд йæ бон нæу, уæд дзы йе ‘рбахæссæгæн арфæ ракæндзæн, саходдзæн дзы кæнæ йæ, хатыр ракургæйæ,  баивдзæн лæмæгъдæр нозтæй. Ирон адæммæ никуы уыди æмæ нæй, æнæмæнг нуазын кæй хъæуы, иу ахæм арфæйы нуазæн дæр æмæ иу ахæм гаджидау дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.