Æвæццæгæн, нæ Республикæйы иунæг къуым нæ баззайы Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон кæм нæ банысан кæнынц. Уæззау, дæргъвæтин фæндагыл кæй рацыдысты Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæ, уый тыххæй. Ацы бæрæгбон уæлдай ахсджиагдæр у нæ адæмæн.

Бæрæгбон иумæйаг у нæ адæмæн. Уый нысан кæнынц хистæр кары ветерантæ, абоны хæстонтæ, афтæ ма сомбон æфсæддон рæнхъыты чи хъуамæ слæууа, уыдон дæр. Хæстон хъæбатырдзинад, адæймагдзинад, кад æмæ намысы æвдисæн у ацы бæрæгбон.

23 февралы, Цхинвалы районы, Дменисы хъæуы гом арвы бын цытджын æгъдауæй банысан кодтой ацы бæрæгбон. Мадзал уагъд æрцыд, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ 1991-2008 азты Дменисы хъæуæй чи фæмард, уыдоны цытæн арæзт цыртдзæвæны раз.

Ардæм æрбацыдысты хъæуы цæрджытæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Уыдон иу уысм æдзæмæй алæууынæй ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Бæрæгбонон мадзалмæ æрбацæуджытæн арфæйы ныхæстæ ракодтой Икъаты Ануси æиæ Бибылты Нателæ. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонæн», зæгъгæ, ахæм темæйыл доклад бакаст Джиголаты Моникæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы бæрæгбон баст у нæ республикæйы, нæ ирон адæмы историимæ. Ацы бон мах нæ хæсыл нымайæм æрымысæм, Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй райдайгæйæ, уыцы хъæбатыр лæппуты нæмттæ, кæцытæ нывондæн æрхастой сæ цард райгуырæн бæстæйы сæрыл. Рох кæнын нæ хъæуы, ныртæккæ нæ зæххыл сабырад чи хъахъхъæны, уыдон дæр.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цытæн æмдзæвгæ «Зынгхуыст салдаты монолог», зæгъгæ, бакаст Джиголаты Аланæ, «Поэт æмæ салдат» та – Сидамонты Виктория. Æмдзæвгæтæ ма бакастысты Мдзинарашвили Лика, Джиголаты Алинæ, Дудайты Элинæ æмæ Кобесты Алинæ.

Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты номæй бузныджы ныхæстæ загъта Кобесты Руслан.

Мадзал рауад цымыдисон, бацæттæ йæ кодтой Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси æмæ библиотекæйы кусджытæ Джиголаты Заремæ æмæ Æлборты Мадинæ

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.