Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон цытджын æгъдауæй банысан кодтой Знауыры астæуккаг скъолайы дæр. Мадзал бацæттæ кодта скъолайы аивадон кружокы организатор Гатыгкоты Дианæ. Скъолайы стыр зал уыд бæрæгбонвæлыст. Уым къулыл конд æрцыдысты 23-æм февралмæ конкурс-равдысты хайадисджыты конд нывтæ. Уыдонæй  10 ахуырдзауы нывтæ нымад æрцыдысты хуыздæртыл æмæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæй. Уырдæм æрбамбырд сты ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæ, сывæллæтты ныййарджытæ. Афтæ ма бæрæгбонмæ фæуазæг сты Знауыры районы администрацийы ахуыры хайы æмæ ацы районы Уæрæсейы арæнгæрон заставæйы минæвæрттæ. Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Знауыры астæуккаг скъолайы директор Хуыгаты Валя. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбоны сæраппонд æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы бæрæгбон баст у нæ паддзахады, нæ адæмы историимæ, лæппутæ куыд удуæлдайæ хъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ, уыимæ. Æнæ уыцы лæппуты хъайтардзинæдтæй, зæгъгæ, махæн абон нæ уыдаид ацы бæрæгбон нысан кæныны фадат.

Уый фæстæ бæрæгбонон мадзалы  ахуыргæ-нинæгтæн сæ ныхасы мидис уыдис уый мидæг, зæгъгæ, мах иууылдæр хæсджын стæм, цæмæй нæ зæрдыл дарæм Ирыстоны сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыдоны сгуыхтдзинæдты тыххæй, афтæ ма кад кæнæм абон нæ фарсмæ чи сты, Фыдыбæстæйы уыцы хъахъхъæнджытæн. Историон æгъдауæй рауад афтæ, æмæ национ уæвынады тыххæй ирон адæмы æнусты дæргъы бахъуыд тох кæнын æддагон тыхæйисджытимæ. Кæцæй райдайы Райгуырæн бæстæ? Алкæмæндæр уый райдайы, кæм райгуырд, уыцы бынатæй. Махæн нæ Фыдыбæстæ у Хуссар Ирыстон. Уый нын у ахæм уарзон бæстæ, кæцыйы сæрвæлтау сæ цард нæ бавгъау кодтой сæдæгай ирон лæппутæ. Хæстытæ фæвæййынц, фæлæ истори та æнусон у. Историмæ бацыд хуссарирыстойнаг хæст дæр. Фæлæ адæймаджы мысынады нырма бирæ рæстæджы дæргъы цæрдзæн, уымæн æмæ ацы истори фыст æрцыд ирон лæппуты туг æмæ ирон мæдты цæстысыгæй. Уый цæрдзæн уыцы сидзæрты мысынады, кæцытæ хæрзчысылтæй баззадысты æнæ фыдтæй… Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Æмдзæвгæтæ, зарджытæ æмæ кæфтытæ кæрæдзи ивтой. Зарæг «Военная фуражка» сæххæст кодта 6-æм къласы ахуырдзау Богдан Кондратьев. Зарæг «Катюша» та сæххæст кодта скъолайы хор. Ацы зарæгмæ сæвæрдтой кафт дæр. Акафыдысты йæ 6-7-æм кълæсты ахуырдзаутæ æфсæддон формæйы. Уыцы формæ  13 комплекты скъолайы «Зарница»-йы хайадисджытæн балæвар кодтой уæрæсейаг арæнгæрон заставæйы службæгæнджытæ æмæ сæ скъоладзаутæ спайда кæнынц ахæм мадзæлтты рæстæджы. Гуымсæгыл хорз ацагъта Гатыгкоты Роберт. 5-æм къласы ахуыргæнинæгтæ акафыдысты вальс Кристина Орбакайтейы зарæг «Ах, эти тучи в голубом»-ы зæлтæм. 2-æм къласы ахуырдзаутæ Гæбæраты Илонæ æмæ Икъаты Настя тынг хорз бакастысты æмдзæвгæтæ.

Арæнгæрон заставæйы минæвар Олег Савчук бузныджы ныхæстæ загъта скъолайы коллективæн æмæ мадзалы организатортæн, ахæм хорз изæр кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. Савчукæн йæ сывæллæттæ дæр цæуынц ацы скъоламæ æмæ райгонд у скъолайы коллективæй. Гатыгкоты Дианæ йын бакодта зæрдылдарæн лæвар.

Æхсызгонæй мæ банысан кæнын фæнды уый дæр æмæ ацы ахуыры азы Знауыры астæуккаг скъолайы ахуырдзауты нымæц кæй фæфылдæр. Ивгъуыд аз кæд ацы скъолайы ахуыр кодта 155 ахуыргæнинаджы, уæд ацы аз та – 175, ома, сæм бафтыд 20 ахуырдзауы.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.