Хуссар Ирыстоны, æвæццæгæн, стæм уагдон баззайы, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон цытджын æгъдауæй кæм нæ банысан кæнынц. Ацы нысаниуæгджын бæрæгбон хуссарирыстойнаг адæмæн уæлдай ахсджиагдæр æмæ цæстысыгимæ бæрæгбон у. Уымæн æмæ 20 азы бæрц Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæ цы дæргъвæтин уæззау фæндагыл рацыдысты стыр хъайтардзинæдтæ æвдисгæйæ, ахæм уæззау æмæ дæрзæг фæндагыл рацæуын, æвæццæгæн, никæцы адæмыхаттæн бауыдзæн йæ бон. Уый тыххæй нын ссис ацы бæрæгбон нæ зæрдæтæм уæлдай æввахс-дæр, уый тыххæй нын ссис уæлдай кады аккаг бæрæгбон.

21-æм февралы Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон цытджын æгъдауæй банысан кодтой нæ горæты Сывæллæтты республикон библиотекæйы коллектив се ‘рхонгæ уазджытимæ, уагдоны директор Джиоты Аллæйы сæргълæудæй. Бæрæгбонмæ æрбацыдысты РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, ацы министрады библиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæ, нæ горæты библио-текæты директортæ, методисттæ, библиотекартæ, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды минæвæрттæ – афицертæ, ротæйы командир Цхуырбаты Мельс, хæстон æмæ физикон цæттæдзинады фæдыл инспектор Лалыты Алан. Бæрæгбонон мадзалы сæ арæхстдзинад равдыстой горæт Цхинвалы скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ сæ хъомылгæнæг Коцты Валя, раздзог Гасситы Аленæ æмæ ахуыры хайы сæргълæууæг Бибылты Фатимæйы сæргълæудæй æмæ нæ горæты кадетон скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæ хъомылгæнæг, афицер Джиоты Роланы къухдариуæгадæй.

Цытджын мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Сывæллæтты республикон библиотекæйы директор Джиоты Аллæ. «Абон мах нысан кæнæм стыр бæрæгбон. Ацы бæрæгбон баст у не ‘взонг паддзахады, нæ адæмы историимæ æмæ уæ уымæ гæсгæ курæг стæм, цæмæй абон уæ мысынады рафæлдахат историйы фæрстæ, æмæ афтæмæй радон хатт уæ зæрдыл æрлæууа, куыд удуæлдайæ хъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ хуссарирыстойнаг лæппутæ, уый. Абон мах кæцы лæппуты тыххæй дзурæм, æнæ уыдонæй нын нæ уыдаид ацы бæрæгбон. Нæ хъæбатыр лæппутæ 20 азы бæрц лæууыдысты постыты, акъоппыты, цæмæй сымахæн æрхастаиккой ацы уæлахиз. Абон немæ сты легендарон Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды минæвæрттæ æмæ сын арфæ кæнæм сæ бæрæгбоны цытæн», – загъта уагдоны директор.

Уый фæстæ мадзаламонæг, уагдоны библиотекарь Мæргъиты Маринæ дæр раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбоны цытæн æмæ загъта: «23-æм февралы æрымысæм нæ хæстон лæппутæй йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны нæмттæ, афтæ ма нын ныртæккæ нæ арæнтæ чи хъахъхъæны, уыдоны дæр».  Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цытæн æмдзæвгæтæ бакастысты скъола-интернаты ахуырдзаутæ Джиоты Евæ æмæ Кокойты Дианæ. Галуанты Людмилæйы æмдзæвгæ «Зынгхуыст лæппутæ» бакаст Тыбылты Мария æмæ Джиголаты Дианæ та – «Уæлахизы май». Мæргъиты Маринæ: «Сывæллæттæ, хъуамæ хъуыды  æмæ кад кæнат уæ историйæн.  Ирыстоны историйы сыфтæ фæлдахгæйæ, дисы бахаудзынæ, нæ бирæ хъизæмарджын Ирыстонмæ цас фæлварæнтæ æрхауд, уый тыххæй. Ирон  хæстонтæ стыр хъайтардзинад равдыстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы дæр. Нæ чысыл адæм Райгуырæн бæстæйæн балæвар кодта 35 хъайтары. Абон ма фæбæрæг сты 38 ирон хæстоны нæмттæ, кæцытæ фронты бавдыст æрцыдысты бæрзонд хорзæхмæ, фæлæ алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ нæ райстой «Сыгъзæрин стъалы»-йы майдантæ. Мах нæ сæртæй ныллæг кувæм сæ мысынады раз. Уыдоны нæмттæ кæй нæ ферох сты, ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ 2015 азæй фæстæмæ æрвылаз дæр Уæлахизы боны уагъд кæй æрцæуы акци «Æнæмлæгæ полк». Æмдзæвгæ «Æнæмæлгæ полк» скъола-интернаты ахуырдзаутæ Тыджыты Мария æмæ Тъехты Аннæ куы кастысты, уæд экраныл æвдыст цыд парад акци «Æнæмæлгæ полк»-имæ.

Уый фæстæ та мадзаламонæг æрдзырдта 1989 азæй фæстæмæ трагикон цаутыл, уыцы нымæцы 2008 азы августы тæссаг, æнæмсæр хæсты тыххæй дæр. Загъта, зæгъгæ, нæ лæппуты фидардзинад æмæ хъайтардзинады, уырыссаг салдатты рауджы махæн нæ къухты бафтыд сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Фидауынгæнæг хæстоны тыххæй æмдзæвгæтæ бакастысты Джиоты Дима æмæ Уалыты Алан. «Нæ адæмæн уæззау рæстæджыты хъайтардзинад чи равдыста, уыдонæй сæ иутæ уыдысты  Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды лæппутæ. Ацы къорды лæппутæй бирæтæ сæ цард нывондæн æрхастой сæ Ирыстоны сæрвæлтау. Цæй, æмæ сын æрæмысæм сæ рухс нæмттæ». Зарæг «Журавли»-йы музыкæйы зæлты бын экраныл æвдыст æрцыдысты ацы къорды лæппутæй чи фæмард, уыдоны нывтæ. Æвзонг зынгхуыст лæппуты нывтæм кæсгæйæ, æрæмбырдуæвджытæй бирæтæ сæ цæстысыгтæ нæ баурæдтой. Зынгхуыст хъайтарты нывтæм экранмæ лæмбынæг кастысты æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ. Уадз,  зоной сæ абоны сабыр цард сын чи æрхаста, уыдоны. О, æнæмæнгæй сæ хъуамæ зоной. Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Уый фæстæ мадзалы æнкъард хайæ рахызтысты бæрæгбонон хъæлдзæг хаймæ, уымæн æмæ цард дарддæр  кæны,  афтæ  у  цард. Скъоладзаутæ дих æрцыдысты дыууæ къордыл. Дыууæ  командæ дæр хъуамæ сдзуапп кодтаиккой фæйнæ дæс фарстайæн, кæцытæ баст уыдысты æфсæддон цардимæ. Командæтæй-иу чи фæуæлахиз, уыдонæн-иу Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды минæвæрттæ радтой майдантæ. Дыккаг конкурс уыд «Военная азбука». Цымыдисон рауад мимикæ æмæ къухæй амындмæ гæсгæ æфсæддон цардимæ баст ныхæстæ базонын дæр. Уый фæстæ та сывæллæттæ ерыс кодтой зæ-гæлтæ чи тагъддæр ныкъуырдзæн фæйнæджы,  сæхтæджытæ чи тагъддæр бахуыйдзæн, бинтæй сæр чи тагъддæр бабæтдзæн æмæ æндæр хъæзтытæй. Сывæллæты хъæлдзæг хъæлæба, хъæлдзæг худт æмæ хъæлдзæг цæсгæмттæм кæсгæйæ, зæрдæ цины малы аныгъуылд. Æгайтма, нæ хæстæфхæрд Ирыстоны кæстæртæ сабыр арвы бын цæрынц æмæ худынхъом сты. Мадзалы азарыд скъола-интернаты ахуыргæнинаг Гæбæраты Аринæ, кæцы хайад райста дунеон вокалон конкурс «Ты  супер»-ы. Скъола-интернаты скъоладзаутæ сæххæст кодтой ирон кафт, афтæ ма сæ архæстдзинад æвдыстой брейк-дансæй дæр. Цалдæр зарæджы сæххæст кодта Валери Авагимов дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы мадзал уагъд кæй æрцыд 2016 азы РХИ-йы Культурæйы министрад нæ республикæйы библиотекæты ‘хсæн цы конкурс расидт, уый фæлгæтты. Мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ. Уый бузынджы ныхæстæ загъта, ахæм хорз мадзал чи бацæттæ кодта, уыдонæн. Библиотекæйы директор Джиоты Аллæ зæрдылдарæн лæ-вæрттæ бакодта ахуыргæнинæгтæ æмæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды минæвæрттæн.

Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ фæстаг цалдæр азы нæ горæты библиотекæты куыст бæрæг кæй фæхуыздæр, фæактивондæр. Уый бæрæг у, ахæм бæрæгбонон мадзæлттæ арæх уагъд кæй æрцæуынц, уымæй дæр. Иннæ ахæм библиотекæты кусджытæн сæ куыстмызд фæфылдæр æмæ ма сæ ныр кусынæй цы бафсаддзæн. Сывæллæтты библиотекæйы коллективæн æцæг бæрæгбон саразын сæ къухты кæй бафтыд, уый бæрæгæй зынд æрæмбырдуæвджыты зæрдæйы  равгыл.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.