Уастырджимæ кувæн къуырийы райдианы, афтæ ма Хъæбатырдзинад  æмæ адæмы иудзинады боны цытæн уагъд цæуынц спорты  æндæр  æмæ  æндæр хуызтæй ерыстæ Президенты Кубок рамбулыны сæраппонд. Ерыстæ уадзы Фæсивæдон политикæ  æмæ спорты фæдыл комитет. 19-æм ноябры уал турнирт æрайдыдтой волейбол, баскетбол, футбол æмæ боксæй. Баскетболæй хъæзтытæ уагъд цæуынц 6-æм астæуккаг скъолайы спортивон залы. Хайад сæ исынц 7 командæйы. Уыдон дихгонд сты дыууæ къордыл.

Карз спортивон тохтæ цæуынц волейболæй ерысты дæр. Уыдон та уагъд цæуынц паддзахадон университеты спортивон залы. Сæйраг призыл тох к æнынц 9 командæйы.

Футболон скъола «Фыранк»ы хъазæн фæзуаты та архайынц футболисттæ.

Боксмæ бакæсын кæй фæнды, уыдонæн та фадат ис Республикон комплексон спортивон скъоламæ бацæуынæн.

Бæрæгбонты цытæн ма ерыстæ уагъд  æрцæудзысты нæ республикæйæн спорты ног хуыз – Стрит Уаркаутæй.

 

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Хуссарирыстойнаг уæззау атлеттæ Кæсæбиты Майрæм  æмæ Джиоты Александр систы 19-20 азы кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзаутæ. Ерыстæ уагъд цыдысты Майкопы. Майрæм 89 кг у æзы категорийы архайгæйæ, равдыста 306 кг бæрæггæнæн (135+171). Йæ тренер у Кæсæбиты Александр.

Джиоты Александрæн та ахæм стыр æнтыст йæ къухты бафтыд 102 кг уæзы категорийы. Уый та дыууæ ист æн скодта 304 кг (138+166). Александры тренертæ сты Наниты Алан  æмæ Плиты Артур.

ПАУЭРЛИФТИНГ

Курскы уагъд цыд Уæрæсейы чемпионат пауэрлифтинг æй IPC/ IPC-A/WAA. Йæ у æлахиздзау ссис хуссарирыстойнаг спортсмен Икъаты Сæрмæт. Икъайы фырт 125 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста «жим лежа»  æмæ «становая тяга»-йы. «Жим лежа»-йы Сæрмæт систа 220 кг. «Становая тяга»-йы та – 280 кг. Афтæмæй дыууæ истæн равдыста 500 кг бæрæггæнæн.

Спортсмены тренер Плиты Артур бузныг зæгъы паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан æмæ президенты администрацийæн ерыстæм ацæуынæн сын кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.