Президент Бибылты Анатоли ма уыцы бон фембæлд Донецкы Адæмон Республикæйы минæвæрттимæ Президент Денис Пушилины сæргълæудæй.

Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта делегацийы уæнгтæн, нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый фæдыл æмæ банысан кодта, афтæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты æмæ рæздзысты Донецкы æфсымæрон республикæимæ нæ æмахастытæ. Мах, зæгъгæ, лæмбынæг нæ хъус дарæм, цы цаутæ уæм цæуы, уыдонмæ.

«Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ цыфæнды цауты æмæ сæвзæргæ проблемæты рæстæджы дæр Хуссар Ирыстон кæдфæндыдæр уыдзæн нæ фарсмæ. Ныртæккæ Донецк æмæ Луганскы республикæты цæрджытæн сæйраг у сабырдзинад. Æмæ уым тæссаг архайдтытæ куы райдайой, уый уыдзæн тынг æнæраст хъуыддаг.

Донецк æмæ Луганскы бæстæты царды хорзæрдæм цы процесстæ цæуы, уыдон махæн дæр тынг æхсызгон сты. Бæстæты ‘хсæн цы æмархайд ис, цы къахдзæфтæ аразæм, уыдон ахъаз кæндзысты нæ республикæйы алы фадгуыты дарддæры рæзтæн», – дзырдта Президент.

Денис Пушилин дæр æхсызгонæй банысан кодта, ахæм бон Хуссар Ирыстоны кæй сты, уый. Нæ ахастытæ, зæгъгæ, рагæй фæстæмæ ахæм æмвæзадмæ рахызтысты æмæ хъуамæ кæрæдзийы фарсмæ лæууæм.

«Хуссар Ирыстон фыццаг бонæй фæстæмæ ис Донецкы адæмимæ, æнкъарæм уе ‘ххуыс. Мах стыр кадыл нымайæм, парти «Иугонд Ир»-ы съезды хайад кæй исæм. Зонæм æй, куыд сырæзт æмæ цы хæстæ æмæ нысæнттæ лæууы йæ разы, уый», – банысан кодта Пушилин.

Уый дæр рахæцыд Бибылты Анатолийы кандидатурæ президенты бынатмæ раразмæ кæныны фарс.

Ныртæккæ, зæгъгæ, махмæ сабыр нæу, фæлæ æппæтдæр араздзыстæм, цæмæй уавæр хъаугъайы онг ма æрцæуа.

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Хæдбар паддзахадты æмхæларады хъуыддæгтæ, Евразиаг интеграци æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Тайсауты Хъазбеджы ныхæстæм    гæсгæ уый дæр у архайæг президенты кандидат раразмæ кæныны уынаффæйы фарс.

Ирон адæм, зæгъгæ, зондджын сты, царды ацы этап дæр рацæудзысты аккагæй æмæ дарддæр куыст цæудзæн бæстæйы рæзтыл, царды уавæртæ хуыздæр кæныныл. Нæ сывæллæттæн хъуамæ уа аккаг фидæн, нæ зæрæдтæ хъуамæ цæрой аккаг царды æмæ фæллойгæнæг адæймаг та йæ райгуырæн бæстæйы æмбæлон уагыл йæ царды хабæрттæ хъуамæ кæна.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Этикæ, регламент æмæ куыст организаци кæныны фæдыл комитеты уæнг Сергей Прокопенкойы, нæ бæстæты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстад фидар кæныны тыххæй схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй.

 

ФЕМБÆЛД ЛУГАНСКЫ МИНÆВАРИМÆ

Республикон политикон парти «Иугонд Ир»-ы съезды хайад райсынмæ цы бирæнымæц уазджытæ æрцыд, уыдоны ‘хсæн уыдысты Луганскы Адæмон Республикæйæ делегаци – Адæмон Советы Дунеон ахастытæ, бастдзинад, информацион политикæ æмæ дзыллон коммуникациты фæдыл комитеты сæрдар Денис Колесниковы сæргълæудæй. Бæстæйы сæргъ-лæууæг Бибылты Анатоли йæхимæ райста Денис Колесниковы.

ФЕМБÆЛДТЫТÆ, ФЕМБÆЛДТЫТÆ

Уый банысан кодта, Республикæ Хуссар Ирыстонмæ Луганскы Адæмон Республикæйы къухдариуæгад цы егъау хъусдард здахы, уымæн бæрзонд аргъ кæй цæуы. Æмæ партитæ «Иугонд Ир» æмæ «Иууон Уæрæсе»-йы ‘хсæн цы сразыдзинад фыст æрцæудзæн, уый суыдзæн пар-титы ‘хсæн ахсджиаг политикон къахдзæф.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ ацы нысаниуæгджын цау ахъазгæнæг уыдзæн Луганскы Республикæйæн дæр æмæ нын ныртæккæ закъондæттынадон органты, æхсæнпартион ахастытæ æмæ æхсæнадон организациты æмвæзадыл фæлтæрддзинад ноджы хъомысджындæр кæндзæн», – банысан кодта Президент.

Денис Колесников банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæ тырндзысты, сабырад, хæрзæбон æмæ адæмты размæдзыды нысанæн цы хæстæ æмæ нысæнттæ сбæлвырд кодтой, уыдон сæххæст кæнынмæ. Уый бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг æфсымæрон адæмæн, 2014 азы фыццаг чи фæдаргъ кодта йе ‘ххуысы къух æмæ фыццаг чи банымадта бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад.

«Ныллæг нæ сæрæй кувæм уыцы ныййарджыты раз, кæй хъæбултæ фæзындысты махмæ æххуысмæ, æмæ сæхи нывондæн чи æрхаста нæ бæстæйы сæрибардзинады сæрыл», – дзырдта Колесников.

Бузныджы ныхæстæ ма загъдæуыд бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы номыл дæр, зæгъгæ, егъау бæрндзинад хæссы, цы куыст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн, уый фæдыл.

«Мах кæдфæндыдæр стæм уæ фарсмæ, цæттæ стæм æххуысмæ фæзынынмæ, цæттæ стæм уе ‘нтыстытæ рæзын кæнынмæ. Ныфс нæ ис, разæй уæм кæй æнхъæлмæ кæсы ирд фидæн», – банысан кодта уый.

Фембæлды ма хайад райста Хуссар Ирыстоны Парламенты Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды фæдыл комитеты сæрдар Габатты Алан.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.