Уæрæсейы Федераци 2008-æм азы 26-æм августы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы диссаджы æмæ стыр бæрæгбоныл 13 азы сæххæсты цытæн ивгъуыд къуырийы кæрон нæ республикæйы столицæ Цхинвалы Театралон фæзуаты уагъд æрцыдис бæрæгбонон концерт «Во славу Отечества», зæгъгæ, ахæм патриотикон номимæ. Бæрæгбонон концертмæ фæуазæг нæ республикæйы разамынад Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй.

Сæрмагондæй бæрæгбонон концерты хайад райстой куыд хуссарирыстойнаг, афтæ Цæгат Кавказы популярон зарæггæнджытæ дæр. Сценæйыл арфæтимæ æмæ зæрдæмæхъаргæ, æхцонхæссæг зарджытæ сæххæст кодтой хуссарирыстойнаг адæмæн уарзон зарæггæнджытæ Бекъойты Вано, Султан Ураган, Лалыты Альберт, Рустам Нахушев, Артур Халатов æмæ æндæртæ.

Сценæмæкæсджытæн, æмткæй нæ республикæйы цæрджытæн бæрæгбонон арфæ ракодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый, фыццаджыдæр банысан кодта 13 азы кæуыл сæххæст, хуссарирыстойнаг адæм фыдæлтæй фæстæмæ цæмæ бæллыдысты æмæ уæндонæй цы фæндæгтыл цыдысты, уыцы хæдбардзинады бæрæгбоны егъау нысаниуæг æмæ алкæмæн дæр йæ цæст бауарзта сабырад, фæрныгад æмæ стыр хæрзиуджытæ фидар æнæниздзинадимæ. «Абоны бæрæгбон æцæгæйдæр у стыр æмæ диссаджы бæрæгбон. Уый уыд ахсджиаг, ирон адæмæн æнæмæнгхъæуæг чи уыд, ахæм стыр æхсызгон цау. Фæнды мæ банысан кæнын уый, æмæ йæ рæстæджы раст къахдзæфтæ кæй сарæзтой фыццаг æрсидты депутаттæ æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ дæр, кæцытæ тох кодтой нæ паддзахады хæдбардзинады сæраппонд. Махæн нæ фыдæлты равзæрст фæндаг уыдис тынг раст. Уыдон нæ кодтой сæрибардзинады фæндæгтыл æмæ сæ сæйраг фæдзæхст та уыдис, нæ сомбон Уæрæсейы Федерациимæ кæй хъæуы бæттын, уый. Ирон адæмы уæззау хъысмæт Стыр Уæрæсейы фæр-цы кæй æрбиноныг уыдзæн æмæ нæ йе стыр æххуыс кæй хъæуы, ууыл уыд кæддæриддæр сæ дзырды сæр. Мах, ирон адæм ацы бонмæ цыдыстæм карз фæлварæнтæ æмæ зындзинæдты сæрты. Уæззау æмæ трагикон уыдысты хуссарирыстойнаг адæмы фæндæгтæ. Фæлæ райгуырæн бæстæмæ æгæрон уар-зондзинад ирон хъæбатыр фырттæ æмæ чызджытыл сагъта базыртæ æмæ йæ афтæмæй бахъахъхъæдтам знагæй. Мах федтам алцы дæр. Хъыгагæн, федтам не ‘ввахс адæймæгты зиæнттæ, фæлæ æппæтæн дæр бафæрæзтам. Бирæ, тынг бирæ цардбæллон хъæбатыр лæппутæ æрхастой сæ сæртæ нывон-дæн, цæмæй 2008-æм азы 26-æм августы æнæнхъæлæджы цы ‘рцыдис, уый æрцыдаид æмæ хæдбар паддзахад суыдаиккам», – банысан кодта нæ бæстæйы сæргълæууæг.

«Æз кæддæриддæр зæгъын уый, æмæ нæ фарсмæ фидар лæудæй кæй æрлæууыдис Стыр Уæрæсе, нæ адæм ныр сабыр арвы бын кæй цæрынц хæдбар паддзахады, кæй нын æххуыс кæны, цæмæй нæ къахыл слæууæм æмæ дарддæр Ирыстоны, ирон лæджы кад бæр-зонд исæм. Бузныг зæгъын Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, нæ хæдбардзинад банымайыны тыххæй æмæ фидар лæудæй нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты. Уæрæсе нын æппæт дæр аразы нæ республикæйы размæцыды хъуыддаджы тыххæй æмæ дарддæр та нæхи тыхтæй аразгæ у æппæт дæр. Ноджыдæр ма уын арфæ кæнын бæрæгбоны сæраппонд, зынаргъ адæм. Хуыцауæй арфæгонд ут!», – загъта Бибылты Анатоли.

Бæрæгбонон концерты æрæмбырдуæвджытæ артисттыл æмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдæй, зарыдысты семæ æмæ афтæмæй хъæлдзæгæй арвыстой сæ рæстæг. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæ уæлдай æхсызгондæрæй кæй сæмбæлдысты Султан Ураганыл, зарæг «Цхинвал» куы æххæст кодта, уæд. Артистимæ адæм сæ ацы патриотикон æмæ уарзон зарæг æххæст кодтой иумæ. Зарæггæнæг зæрдæбынæй раарфæ кодта æмæ банысан кодта ирон адæмы уазæгуарзондзинад, нæ алæмæттаг æрдз, афтæ ма горæт йæ хуыз кæй ивы æмæ рæсугъдæй рæсугъддæр кæй кæны.

Хуссарирыстойнаг адæмы уарзон бæрæгбон фæцис цæхæркалгæ фейерверкæй, кæцыйыл фæсивæд æмбæлдысты цины хъæртæ æмæ къухæмдзæгъдимæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.