8 марты бæрæгбоны цытæн Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæнæг Пухаты Мераб зæрдиагæй раарфæ кодта ведомствойы сылгоймаг-кусджытæн. Йæ раныхасы ведомствойы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ сылгоймæгтæ зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ абоны бон дæр цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæстæ æмæ службæ хæссынц æнæаиппæй.

«Ӕрвылаз дæр фæнысан кæнæм бирæ бæрæгбонтæ, фæлæ дзы уæддæр иууыл рæсугъддæрыл нымад у сылгоймæгты бæрæгбон – 8 март. Ӕвæццæгæн уымæн, æмæ уæхæдæг дæр рæсугъд кæй стут, царддæттæг кæй стут. Сымах нæлгоймæгтимæ иумæ хæссут службæ, æххæст кæнут вазыгджын хæстæ, уæ профессионалондзинадæй уæ куысты размæ цæут, æмæ ма уыимæ иумæ ноджы уæ хæдзæртты дарут хъармдзинад, хъомыл кæнут кæстæртæ, узæлут уе ‘ввахс адæмыл. Абоны бон уын цы хорзæхтæ лæвæрд æрцæуы ме ‘рдыгæй, уыдон баст æрцыдысты ацы диссаджы бæрæгбонимæ æмæ мын царды мидæг ноджы æнтыстджын ут. Зæрдиагæй мæ фæнды, цæмæй азæй-азмæ ацы бæрæгбоныл æмбæлат зæрдæрухсæй æмæ тыхст-дзинæдтæй, фыдбылызтæй та хызт уат», – банысан кодта йæ арфæйы ныхæсты Пухаты Мераб.

Ӕрæмбырдуæвджытæн ма арфæйы ныхæстæ загъта Мидхъуыддæгты министрады Штабы сæргълæууæг Кокойты Тарзан дæр. Уый дæр банысан кодта, зæгъгæ цæмæй дæ ныфс бахæссай ахæм куыстуатмæ æмæ хъахъхъæнай адæмы сабырад, бæстæйы æдасдзинад, уымæн бирæ хъæ-уы æмæ алкæй бон нæу ахæм уаргъ хæс-сын.

Кæронбæттæны цалдæр кусæджы схор-зæхджын кодтой ведомствæйон хорзæх-тæй.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.